18 февралы Уæрæсейаг хæдбар телекомпани НТВ-йы каналыл райдайдзæн сывæллæтты вокалон конкурс «Ты – Супер!». Ацы проект фадат дæтты Уæрæсейы Федерацийы республикæты скъола-интернаттæ æмæ æвæгæсæг сабиты хæдзæртты хъомылгæнинæгтæн сæ музыкалон курдиат раргом кæнынæн, уæрæх аудиторийы раз сæхи банкъарынæн.

Проекты амонæг æмæ йæ сæйраг организатортæй сæ иу, телеканал НТВ-йы æрвылкъуырион алæвæрд «Центральное телевидение»-йы амонæг Вадим Такменев куыд загъта, афтæмæй ацы проекты саразыны тыххæй сæрмагондæй ничи архайдта, уыцы хъуыды сæвзæрд  радон журналистон конференцийы рæстæджы. Йæ сæйраг нысан уыд, сидзæр æмæ цавæрдæр аххосæгтæм гæсгæ  сæ ныййарджыты хъусдарды бын чи нæ ис, ахæм сабиты цыбыр цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæнын.

Проект «Ты – Супер!»-ы организатортæ сты хæдбар телеканал НТВ  радио-информацион портал Sputnik-имæ æмгуыстадгæнгæйæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Ахуырад æмæ зонады министрады æххуысæй.  Æппæт финансон хæрдзтæ дæр  йæхимæ райста  телеканал НТВ.

Ивгъуыд азы кæрон проекты къухдариуæгад ауагъта кастинг республикæтæ Армени, Азербайджан, Беларус, Казахстан, Кыргъыстан, Латви, Литвæ, Молдави, Таджикистан, Узбекистан, Эстони, Гуырдзыстон, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны скъола-интернаттæ æмæ сабиты хæдзæртты 7 азæй 18 азы кары онг хъомылгæнинæгты ‘хсæн. Æдæппæт кастингы хайад райстой 800-æй фылдæр интернаттæ æмæ сабиты хæдзæрттæ.  Кастинг уадзыны тыххæй информацион портал Sputnik-Хуссар Ирыстон сси проекты хуссарирыстойнаг партнер æмæ фадат радта нæ республикæйы сабитæн телехиды руаджы комкоммæ эфиры кастингы хайад райсынæн. Кастингы хайад райстой Ленингоры  районы сабиты хæдзар,   Дзау æмæ Цхинвалы скъола-интернатты хъомылгæнинæгтæ. Къамисы уæнгтæ тынг хорзыл банымадтой Цхинвалы скъола-интернаты 10-æм къласы ахуыргæнинаг   Гæбæраты Аринæйы музыкалон цæттæдзинад. Январы мæйы райдайæны Аринæ хуынд æрцыд Мæскуымæ проект «Ты – Супер!»-ы хайад райсыны тыххæй æмбæлон цæт-тæдзинад райсынмæ. Уырдæм ма хуынд æрцыдысты, кастингы рæстæджы къамисы уæнгтæ кæй равзæрстой, уыцы сабитæ æндæр республикæтæй, æдæппæт сты 92 хайадисæджы.  Ам уыдонимæ ныртæккæ кусынц фæлтæрд вокалисттæ æмæ æмбæлон цæттæдзинад райсыны фæстæ уыдонæн уыдзæн генералон байхъуыстытæ. Байхъуыстыты къамисы уæнгтæ хъуамæ равзарой 45 сывæллоны. Уыдон хайад райсдзысты проект сабиты музыкалон шоу  «Ты – Супер!»-ы фыццаг туры.

Аринæ нырма æххæсткардзыд кæй нæу, уый тыххæй Мæскуымæ йемæ ацыд Цхинвалы скъола-интернаты хъомылгæнæг Харебаты Маринæ. Интернеты бастдзинады руаджы мах ныхас кодтам Маринæимæ æмæ уый куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ Аринæимæ Мæскуыйы фембæлд зындгонд ирон оперон зарæггæнæг Амага Готти. Уый йын бакодта йæ зондамындтытæ æмæ ма дарддæр дæр кусдзæн йемæ. Афтæ ма нæ чысыл æмзæххонæн сæ зæрдиаг фæндиæгтæ загътой Мæскуыйы уæвæг бирæ ирон зарæггæнджытæ.

«21 январы конкурсантты ‘хсæн уагъд æрцыд мадзал «Вечер талантов. Мадзалы Аринæ сæххæст кодта ирон кафт «Хонгæ» æмæ мадзалмæ кæсджыты хъуыдымæ гæсгæ нымад æрцыд æппæты рæсугъддæр хайадисæгыл.  Афтæ Аринæйы кафты номыр дæр тынг фæцыд сæ зæрдæмæ æмæ йæ дыккаг хатт рахуыдтой сценæмæ», – загъта Маринæ.

Музыкалон шоу «Ты – Супер!»-ы амонæг Вадим Такменев куыд зæгъы, афтæмæй «кæд конкурсы хайадисджытæ се ‘ппæт не суыдзысты уæлахиздзаутæ, уæддæр уыдонæй бирæтæн ацы проект суыдзæн хъысмæтхæссæг, фидæнмæ сын фæндагамонæг. Проекты хайадисджытæй бирæтæ Мæскуыйы горæт федтой фыццаг хатт, æмæ ма уыдонæй бирæтæ та, æгæрыстæмæй, сæ райгуырæн горæтты арæнтæй рахызтысты фыццаг хатт. Уый стыр ахъаз фæуыдзæн сидзæр æмæ æвæгæсæг сабитæн сæ фидæнмæ сæ царды фæндæгтæ аразынæн».

Проект «Ты – Супер!»-ы конкурсы жюрийы скондмæ æвзæрст æрцыдысты зындгонд  эстрадон зарæггæнæг Игорь Крутой, Республикæ Украинæ æмæ Уæрæсейы рок-поп зарæггæнæг Ёлка,  Уæрæсейаг оперон æмæ эстрадон зарæггæнæг Маргарита Суханкина, жюрийы цыппæрæм уæнг та сбæлвырд уыдзæн конкурсы райдайæны.

Бæлвырд куыд у, афтæмæй æрвылбон дæр изæры 19 сахат æмæ 22 сахатыл НТВ-йы  телеканалыл æвдыст цæудзæн конкурсы хайадисджыты тыххæй цыбыр историтæ. Алы алæвæрд дæр конд уыдзæн æндæр æмæ æндæр хайадисæджы тыххæй сæрмагонд  цыбыр афæлгæстæй.

«7-æм февралы уыдзæн Аринæйы генералон байхъуыст дæр æмæ уый фæстæ мах бæлвырдæй базондзыстæм, дарддæр хайад райсдзыстæм проект «Ты – Супер!»-ы  фыццаг туры, æви нæ», – загъта Харебаты Маринæ.

Нæ чысыл æмзæххонæн мах зæрдæ дæр зæгъы аккаг æнтыст æмæ нæ фæнды, цæмæй Аринæ фæстæмæ йæ Ирыстонмæ æрыздæха зæрдæрайæ æмæ уæлахизимæ.

Хуыгаты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.