Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин хорзыл банымадта Хуссар Ирыстонимæ сразыдзинад республикæйы  Гарзджын тыхты иуæй-иу дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ бакæныны тыххæй, афтæ ма бахæс кодта документыл къухтæ æрфыссын. Уый тыххæй фехъусын кодта барадон информацийы официалон интернет-портал.

«Райст æрцæуæд Уæрæсейы Федерацийы Хицауады фæндон Республикæ Хуссар Ирыстоны  Гарзджын тыхты иуæй-иу дæлхæйтты Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты скондмæ бакæныны сæраппонд Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыны тыххæй. Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрадæн бахæсгонд æрцæуæд, цæмæй Уæрæсейы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады хайадистæй бадзырдтæ ауадза хуссарирыстойнаг фарсимæ æмæ бадзырды фæстæ Уæрæсейы Федерацийы номæй къух æрфыстæуæд банысангонд сразыдзинадыл, Уæрæсейы Федерацийы хицауад растыл цы  ивындзинæдтæ банымадта æмæ принципиалон характер кæмæн нæй, уыдон ын йæ проектмæ бахæсгæйæ», – дзырдæуы документы.

Республикæ Хуссар Ирыстоны официалон портал

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.