Ацы аз майы министрты кабинеты сæргъ слæууыд Пухаты Эрик. Уый раздæр уыд Хицауады Сæрдары хæдивæг. Президент Бибылты Анатолийы сæйраг кадрон уынаффæ æхсæнады ‘хсæн нæ уыд тыхстдзинад æрмæстдæр уый тыххæй, æмæ ацы бынатмæ кандидатæн уыд йæ хъуыддаджы профессионалы, раст æмæ цæсгомджын адæймаджы æнæкъæм ном. Æмæ æцæгæй дæр, Пухаты Эрик кæмфæнды цæра æмæ куса, алыран дæр архайы, цæмæй йæ фæстæ ныууадза хорз фæд.

Цхинвалы 11-æм астæуккаг скъола æнтыстджынæй каст кæй фæцис, Мæскуыйы автофæндагон институтмæ бацæуæн фæлварæнтæ раттын кæй бафæлвæрдта, фæлæ йын иу балл кæй не сфаг æмæ йæ Райгуырæн бæстæмæ кæй æрыздæхт æмæ æнтыстджынæй Хуссар Ирыстоны педагогон институты физикæ-математикæйы факультет кæй фæцис, уыцы факультеты йæ фæскомцæдисы нымæрдарæй кæй равзæрстой, уый фæстæ та æфсады кæй службæ кодта æмæ та уым дæр фæскомцæдисон лидер кæй уыд, уый фæстæ йæ фæллойадон архайд иууыл ныллæгдæр къæпхæнтæй – Цхинвалы консервтæ аразæн заводы алыгъуызон кусæгæй уæлдæр ахуыргæнæндоны ахуыргæнæджы бынатмæ кæй схызт, уый фæстæ та статуправленийы сæргълæууæджы бынаты кæй куыста, дарддæр – Хицауиуæгады уæлдæр эшелоны кæй кусы, уыдæтты фæстиуæгæн дæр Пухаты Эрик нæ фесæфта йæ сæйраг принциптæ – цард æй кæдæмфæнды ма баппара, уæддæр баззайы намысджын адæймагæй æмæ æмбæстагæй.

Хицауады Сæрдары активы цы номхыгъд ис, уыцы кадджын нæмттæ æмæ хорзæхтæй, уыдон нымæцы «Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг», Хæлардзинады орден, Приднестроваг Молдаваг Республикæйæ «Æхсæнадæмон æмгуыстад сфидар кæныны тыххæй» майдан æмæ æндæртæ, уыдонæй иууыл зынаргъдæрыл нымайы «Фæллойы раззагоны» майдан.

Æрдзæй – хæдæфсарм æмæ хиуылхæцгæ, Пухаты Эрик иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдта, зæгъгæ, адæймаджы тыххæй дзурæг сты, йæхæдæг нæ, фæлæ йæ хъуыддæгтæ. Уый бахынцгæйæ, интервьюмæ цæттæгæнгæйæ, мах аскъуыддзаг кодтам, йемæ адзурын йæ архайды фæстиуджытыл нæ, уымæн æмæ уыдон бæрæг уыдзысты афæдзы кæронмæ æввахс, фæлæ йæ куыстмæ, адæммæ, республикæйы ивгъуыд æмæ нырыккон рæстæгмæ йæ ахасты тыххæй, йæ бæллицтæ æмæ фидæны фæндты тыххæй.

– Эрик Георгийы фырт, райдианы уал нын радзур дæхи тыххæй, дæ ныййарджыты тыххæй.

– Райгуырдтæн Схлиты хъæуы 1957 азы 5 майы. Фыццаг æртæ къласы ахуыр кодтон хъæуы ирон æвзагыл скъолайы. Мæнæй дарддæр ма мæ ныййарджытæн уыд ноджы дыууæ сывæллоны, мæ хистæр æфсымæр æмæ мæ кæстæр хо. Мæ ныййарджытæ, хæдæфсæрм службæгæнджытæ, дыууæ дæр уыдысты педагогтæ. Мæ фыд цæргæцæрæнбонты фæкуыста хъæууон ахуыргæнæгæй. Чысылæй фæстæмæ нæ цайдагъ кодтой ирон æгъдауыл, хистæртæн кад кæныныл, куыстыл. Бинонтæн кæд уарзондæр хъæбул уыдтæн, (бахудт), уæддæр мæ нæ буц кодтой. Уый нæ, фæлæ мады аудындзинад æмæ цинтæ æмæ фыды хæлар амындтытæй мæ уагахасты тыххæй бæрндзинад  ноджы тынгдæр æнкъардтон. Хæдзары æлдариуæг кодта сабырад æмæ кæрæдзиæмбарынад, уый та бинонты æппæт уæнгтæн дæр у тынг ахсджиаг.

– Дæ удыхъæд сфидар кæныныл  дын тынгдæр чи бандæвта?

– Сывæллоны удварны рæзты хъуыддаджы бинонтæн, ныййарджытæн стыр нысаниуæг ис. Мæ фыд-иу дзырдта, «хъуамæ уай раст, цæсгомджын адæймаг, дæхи хъуамæ дарай, куыд æцæг ирон, афтæ, ма хъуамæ фæхудинаг кæнай дæ бинонты, мыггаджы, хъуамæ хъахъхъæнай ирон æгъдау. Цæвиттон мын уыд мæ фыд. Уый уыд карз, фæлæ раст адæймаг.

– Дæуæн историйы ис цæвиттойнаг Ирыстон?

– Алы рæстæгæн дæр йæхи  нысаниуæгджын цаутæ æмæ хъомыс ис. Фæлæ афтæ хъуыды кæнын, æмæ æз иунæг нæ уыдзынæн, афтæ куы зæгъон,  зæгъгæ, советон дуг Хуссар Ирыстоны дидинæфтыды дуг уыд. Зын мын у, нæ фæсивæд уыцы рæстæджы тыххæй цъус кæй зонынц, уый. Адæм уыдысты хъæрмуддæр, алкæмæн дæр уыд æдыхсты, æнцойдзинады  æнкъарынад. Алчи дæр фидарæй зыдта, кæй сахуыр кæндзæн, кусдзæн, мызд исдзæн. Прибалтикæйæ Сыбырмæ уыд æдасæй цæуæн… Цхинвал, мæ сабидуджы горæт, уыд рæсугъд, бирæнационалон, иу бинонты хуызæн дзы цардысты ирæттæ, уырыссæгтæ, дзуттæгтæ, сомихæгтæ. Уый уыд нæ хæзна.

– Дæ ивгъуыды, æвзонгбонты, сабибонты цаутæй арæхдæр цы æрымысыс?

– Уыдон баст сты фыдæвзарæнтимæ. Мæн дисы æппары нæ адæмы фæразондзинад æмæ фидардзинад. Мæ зæрдыл æрлæууы 2008 азы судзгæ Цхинвал, сыхæгтæ хæдзæртты ныккæндты куы æмбæхстысты, æз та чысыл къахдзæфтæй мæ зæронд мады куы кодтон. Мæ зæрдыл лæууы, куыд сыгъд нæ университет, мæ цæссыгтæ æнæнхъæлæджы куыд æрызгъæлдысты… Арæх мæ цæстытыл ауайынц ивгъуыд æнусы 80-æм азы блокадон горæты нывтæ, зæххæнкъуыст, Леуахийы донивылд, адæм æнæ рухсæй, æнæ донæй, уазал хæдзæртты куы цардысты, сау, хъуына дзул куы хордтой, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр цардысты хæларæй, æууæндыдысты, рæстдзинад нæ немæ кæй ис æмæ кæй фæуалахиз уыдзыстæм, ууыл.

– Кæм дæ æрæййæфта Гуырдзыстоны хæстон тыхæрбахаст? Радзур-ма иу-дыууæ цауы тыххæй.

– Æз республикæйæ æддæмæ никуы ацыдтæн, æгæрыстæмæй, иууыл уæззау азты дæр, æниу мæ Цæгат Ирыстонмæ хуыдтой. Раздæр цардтæн Сомихæгты уынгыл, 90-æм азтæй фæстæмæ та – Цхинвалы хуссар кæрон. Мæ зæрдыл лæууынц постыты куы лæууыддыстæм… 23 ноябрь, нæ сæйраг горæтмæ нын Гамсахурдиайы фыдгæнджыты баиугæндтæ æрбабырсынвæнд куы кодтой, уыцы бон нæ лæппутæ зæронд хиды цур куы æрæмбырд сты. Мах æнæхъæн æхсæв уыдыстæм уым. Хæцæнгарзæй нæм уыд æрмæстдæр лæдзгуытæ, дуртæ, кæрдтæ. Мæнæн ме тары уыд чысыл фæрæт. Иу æхсæвмæ лæппутæ  стыр парчы æфсæн æмбонды хъилтæ  рацъæл кодтой æмæ хæцæнгарзæн уыдон уыдысты сæ къухты. Æппæт дæр мæм каст фыныфенæгау, рæстæгмæ зондцухдзинады хуызæн, мæ хъуыдыйы дæр никуы уыд, Цæдис кæй ныппырх уыдзæн, зæгъгæ. Уый уыд трагеди…

– Ирон адæмы историйы дын иууыл нысаниуæгджындæр гоймаг чи у?

– Мæнæн зын у сæ нæмттæ сын зæгъон, иууыл дæр сæ нæ банымайдзынæ. Зæгъдзынæн афтæ. Ирыстоны иууыл нысаниуæгджындæр гоймæгтæ уыдысты, сæ къухты æнтыстытæ кæмæн бафтыд æмæ Фыдыбæстæ чи раразмæ кодта, алы фадгуыты: хæстон, спортивон, ахуырадон, культурон, зонадон… æхсæнад кæмæн аргъ кæны, уыдон. Æз иууыл тынгдæр бузныг дæн Ирыстоны уыцы фырттæй, æд хæцæнгарз йæ республикæйы чи бахъахъхъæдта. Алчи дæр йæ Фыдыбæстæйæн чысыл пайда хъуамæ æрхæсса, цыфæнды бынаты куса, уæддæр.

– Цахæм у нырыккон Ирыстон æмæ кæдæм цæуы?

– Стыр Уæрæсейы руаджы мах стæм æдас, æмæ уый у сæйраг. Абон Хуссар Ирыстон – размæцæуæг паддзахад, вазыгджын политикон цауты фæстæ алы хатт дæр раздæхы стабилон цардмæ. Мах хъуамæ цæуæм дарддæр, аразæм, хуыздæр кæнæм нæ адæмы цард. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æвиппады аразгæ нæу, уый у фæдфæдылон процесс.

– Ирыстонæн цæмæ бæллыс?

– Æз бæллын, цæмæй æххæст æрцæуа историон рæстдзинад æмæ Хуссар Ирыстон баиу уа Цæгат Ирыстонимæ Уæрæсейы сконды.

– Республикæ дарддæр куыд рæза, уый тыххæй фæндæттæ æмæ проекттæ кæмæ ис, махмæ  ахæм адæймæгтæ фаг ис. Фæлæ бирæ азты дæргъы уыдон ничи уыны. Цы саразын хъæуы, цæмæй уыдонæн сæ ныфс ма асæтта, уый тыххæй, цæмæй сæ сразæнгард чындæуа æвæрццаг хъуыдымæ?

    – Фыццаг рады сын сæ зæрдæ барухс хъæуы паддзахадон арæзтады фæстиуджытæй. Æз дзурын ног кусæн бынæттæ бакæнын, экономикæйы реалон фадыгæн уавæртæ саразын, фæсивæдæн социалон лифттæ саразыны тыххæй æмæ афтæ дарддæр. Къухдариуæгад фæстиуæг куы равдиса, уæд фæзындзæн фæндон дæр. Стыр цымыдисимæ байхъусдзынæн, саразæн кæмæн ис, нæ уавæртæ æмæ нæ фадæттæм гæсгæ чи скуса, нæ цард нын чи фæхуыздæр кæна, ахæм проектты хиуæттæй алкæмæ дæр. Æндæр хъуыддаг у, куырдиат кæнæ фæндонæн сæххæстгæнæн куынæ уа, уыимæ ма йæ фæстæ критикæ кæнын куы райдайынц, уæд уый. Æниу, æз дæн критикæйы фарс, фæлæ æрмæстдæр рæстагон, уавæрæй рахизыны тыххæй фадæттæй фидаргонд фæндæттимæ критикæйы фарс.

– Чысыл фæивæм нæ хъуыдыйы здæхт… Эрик Георгийы фырт, ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, бæрнджын куысты бынат æнæнхъæ-лæджы фæивы адæймæгты, уымæй дæр хорзæрдæм нæ. Искæмæй фæхатыдтæ ахæм цæх-гæр ивындзинад?

– Ныфс мæ ис, уыцы ныхасæппарæн мæнмæ нæ хауы…(бахудт). Хицауиуæгадмæ бахаугæйæ, адæймæгтæ сæхи алыгъуызон фæдарынц, бирæтæ фæивынц. Фæлæ куыд дзырдтон, афтæмæй алы бынаты дæр адæймаг фыццаджыдæр адæймагæй хъуамæ баззайа. Куысты бынат рæстæгмæ у, æмæ уыцы бынатæй ацæуыны фæстæ ма хъуа-мæ худинаг кæнай адæмы цæстытæм кæсгæйæ.

– Дæ куысты амæлтты тыххæй цыбыртæй нæ радзурдзынæ? Дæумæ гæсгæ, адæм фылдæр цæмæн аргъ кæнынц, тыхæн æви фæлмæндзинадæн?

– Къаддæр – дзурын, фылдæр –  кусын. Мæнг ныфсытæ нæ хъæуы æвæрын, ныфс куы бавæрай, уæд æй сæххæст кæн. Ма сай адæмы, ма сын саф се ‘ууæнк, рæстæг ма саф, фæлæ кус фæстиуджытыл. Мæ коллегæтæй дæр æмæ мæ дæлбаруæвджытæй дæр æз иууыл тынгдæр аргъ кæнын, йæ хæстæ чи æххæст кæны, уымæн. Аргъ кæнын цæсгомджын, рæстаг, адæмимæ дзурын чи зоны, ахæм адæймæгтæн. Куыд къухдариуæггæнæг, афтæ мæ принциптæ гуымир тыхæй дард лæууынц. Хъæртæ æмæ гуымирдзинад лæмæгъдзинады миниуджытæ сты.  Фылдæр хатт æрсидын адæймагон намысмæ, адæймаджы хуыздæр миниуджытæм. Мæ бон у бауайдзæф кæнын иу, дыууæ, æртæ хатты, дарддæр та – закъонмæ гæсгæ.

– Дæ бинонтæн дæ куыстмæ цы ахаст ис?

–  Куыд æмбæлы, ахæм æмбаргæ ахаст. Æрцахуыр сты, куысты арæх кæй бафæстиат вæййын, улæфт бонты хæдзары кæй нæ вæййын, ууыл… (худы). Ацы бынаты мæ кæй снысан кодтой, уый сын æнæнхъæлæджы уыд.

– Дæ сæрибар рæстæг куыд æрвитыс, хуыздæр улæфтыл цы нымайыс?

– Магусадзинад мæ туджы нæй. Уарзын исты аразын, хæдзары алцы дæр мæхæдæг аразын, уарзын зæххимæ архайын… Æрлæмæгъ уæвын æмæ баулæфынæн мын æххуыс кæны хъæд, æрдзы хъæбысы уæвын. Арæх тезгъо кæнын мæ сывæллæттимæ æмæ мæ сывæллæтты сывæллæттимæ бæлæсты ‘хсæн сабырдзинады уавæрты, фæхъусын мæргъты зардмæ æмæ та мæ тыхтæ æрæмбырд вæййынц…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.