Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ногæй базонгæ Цхинвалы арæзтцæуæг уынгты куыстытæ куыд цæуынц, уыимæ. Йемæ ма уыдысты  Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, профилон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Министрты кабинеты сæргълæууæг арæзтадон объекттæм  лæмбынæг хъусдард кæй аздæхта, уый баст у, хъарм бонтæ фæуынхъус кæй сты, уыимæ, æмæ батагъд кæнын хъæуы арæзтадон куыстытыл.

Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй объекттæ эксплуатацимæ раттыны тыххæй дзуапп дæттынц се ‘ппæт дæр, подрядон оганизацитæй райдайгæйæ, Хицауады онг.

«Фæнды мæ бæрнон адæймæгты хъусдард аздахын, техникон æмæ барадон документаци рæвдздæр аразын кæй хъæуы, хыгъд дæттыны тыххæй, æмæ уыдон дуапп кæй хъуамæ дæттой нырыккон домæнтæн. Арæзтады хъуамæ къуылымпытæ ма уа», – банысан кодта уый.

Хицауады Сæрдар бабæрæг кодта Гуыбаты æфсымæрты, Герцены, Калинины, Сомихы уынгтæ æмæ Аргъуаны фæзуат куыд арæзт цæуынц, уый.

Аргъуаны фæзуаты хæрзарæзтадон куыстытæ иуцасдæр фæстейæ баззадысты графикæй, фæлæ ныр сæ гаччы сбадтысты. Ныртæккæ куыст цæуы рухсытæ аразыныл, æвæрд дзы уыдзæн 15 телцæджындзы. Æвæрдæуы дзы тротуарон плиткæ дæр. Подрядон организацийы минæвар куыд загъта, афтæмæй объект арæзт фæуыдзæн 31-æм августмæ.

Цы рæстæг фесæфтой, уый раййафыныл архайынц Гуыбаты æфсымæрты уынджы кусджытæ дæр. Уым аразынц магистралон газуадзæн, хицæн фадгуыты та ивазынц бирæвольтон электрокабелтæ. Аразджытæ кæнынц æмархайд, цæмæй тагъддæр цæуа сæ куыст.

РХИ-йы Хицауады

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.