Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик хайад райста Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ цæрджыты фæрныгад хъахъхъæныны сферæйы фæдыл комитеты хыгъдон æмбырды.

Æмбырды доклад сарæзта ведомствойы сæргълæууæг Коцты Маринæ.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 2016 азы фæлхасгæнджыты бартæ хъа-хъхъæнынмæ здæхт цы мадзæлттæ  хаст уыд планмæ, уыдон иууылдæр арæзт æрцыдысты æххæст гуырахстæй.

Уыимæ иумæ, йæ ныхæстæм гæсгæ, амалиуæггæнджыты, рæнхъон æмбæс-тæгты куырдиæтты фæстиуæгæн, афтæ ма рейдон басгæрстыты хыгъдæй азæй азмæ фылдæр кæнынц, планмæ хаст чи не ‘рцыдысты, уыцы бæрæггæнæн мадзæлттæ. Ивгъуыд аз хæлцады гигиенæйы фæдыл 278 басгæрсты бæсты ауагъдæуыд 370 контролон мадзалы, продукцийы гъæды æмæ фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны фæдыл плангонд уыд 275 мадзалы, уадзгæ та акодтой 429 контролон-хъусдарæн мадзалы.

«Алы аз дæр фылдæр кæнынц, хъусдарды бын цы объекттæ сты, уыдоны нымæц, – банысан кодта Коцты Маринæ. – Кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр кæны  лабораторон иртасынæдты гуырахст дæр, лабораторийы кусджыты куыст фылдæр кæнгæйæ. 2016 азы ауагъдæ-уыд 14554 санитарон-бактериологон иртасынадтæ, 2015 азы та – 11659».

Комитеты сæрдар бахахх кодта, зæгъгæ, фылдæр куыстмæ нæ кæсгæйæ, коллектив æххæссы, йæ разы цы хæстæ ис æвæрд, уыдоныл. Уыимæ иумæ ма уый радзырдта, зæгъгæ, 2015 азы басгæрстыты бæрæггæнæнтимæ абаргæйæ, республикон соматикон рынчындоны мидрынчындонон сферæйы æппæт объектты  дыууæ хатты фæкъаддæр сты патогенон микрофлорæ сбæрæг кæныны цаутæ, уый та дзурæг у дезинфекцион мадзæлтты гъæды фæхуыздæрыл. Республикæйы иннæ хосгæнæн-профилактикон уагдæтты басгæрсты рæстæджы не сбæрæг патогенон микросферæ.

Фæкъаддæр сты микроспорийæ фæрынчыны цаутæ дæр (2015 азы 24 цауæй 2016 азы 9 цауы онг), рæуджыты низæй (2015 азы 13 цауæй 2016 азы 5 онг).

Ведомствойы къухдариуæггæнæг æнтыстытимæ радзырдта проблемæты тых-хæй дæр, уыцы нымæцы нуазыны доны гъæды, цæрджытæн прививкæтæ аразыны æмæ æндæрты тыххæй.

Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, райгонд у банысангонд фæстиуджытæй, фæлæ нырма ис, дарддæр цæуыл хъæуы кусын, уый дæр: «Ис проблемон фарстытæ, кæцытыл уынаффæ цæудзæн æмæ сæ скъуыддзаг кæндзыстæм Хицауады æмвæзадыл», – загъта  Пухаты Эрик.

Уый ма бахахх кодта, зæгъгæ, лабораторийы полимеронцæгон реакцийы иртасынадтæй фæлхасадон хъусдарды службæйы материалон-техникон базæ сфидар кæнын зынгæбæрцæй фæхуыздæр кæндзæн йæ куысты гъæд. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, уыцы лаборатори баконд æрцæудзæн 2-3 къуыримæ.

«Хуссар Ирыстоны санитарон-эпидемиологон уавæры стабилондзинады, адæймаджы æнæниздзинадыл нæ алыварсон æрдзы факторты æндæвдады æмвæзад æмæ инфекцион низты фæкъаддæр кæныны нысанæн Комитет фæтыхджындæр кæндзæн контроль, хисæр-магонд исадмæ нæ кæсгæйæ, физикон æмæ юридикон адæймæгтæ закъондæттынад куыд æххæст кæнынц, ууыл», – кæронбæттæны загъта Коцты Маринæ.

РХИ-йы Хицауады

официалон сайт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.