Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик фембæлд иу азы размæ Цхинвал – Ленингоры трассæйыл аварийы рæстæджы фæмардуæвæг Уæрæсейы Хъайтар Тулпар Мусалаевы хæстæджытимæ. Фембæлды хайад райста республикæйы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Зассеты Жаннæ дæр. Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны никуы ферох уыдзысты уæрæсейаг æфсæддонтæ, кæцытæ уæззау азты уыдысты Хуссар Ирыстоны адæмы фарсмæ.

«Адæймаг удæгас у, цалынмæ йæ хъуыды кæной, уæдмæ. Куыддæр  æй ферох кæнынц, афтæ амæлы. Мах кæддæриддæр хъуыды кæндзыстæм, уæззау рæстæджы Хуссар Ирыстонæн чи баххуыс кодта, уыцы хъайтарты. Республикæмæ уе ‘рцыд  кæдæриддæр уыдзæн æхсызгон, уымæн æмæ сымах нæ зæрдæйæн зынаргъ адæймæгтæ стут», – загъта Пухаты Эрик.

Премьер фæмардуæвæг хъайтары хæстæджытæн республикæйы Президенты номæй радта зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Тулпар Мусалаев райгуырд Республикæ Дагъыстаны Альбурикенты поселочы. Цард Хасавюрты. Æвзонгæй архайдта спортæй, армхæстæй йын уыдис спорты мастеры ном, уæгъдибар хъæбысхæстæй та – спорты мастертæм кандидаты ном. Ахуыр кодта Казаны уæлдæр æфсæддон командон ахуыргæнæндоны. Каст æй куы фæцис, уæд дыууæ азы службæ кодта Цæцæны Республикæйы, 2008 азæй  Дзæуджыхъæуы 20634-ӕм ӕфсӕддон хайы (19-æм хицæн мотоæхсæг бригадæйы). Хайад иста Хуссар Ирыстоны 2008 азы августы хæсты. 2009 азы йын лæвæрд æрцыд капитаны чин. 2015 азы майоры чины раконд æрцыд 58-æм уæрæсейаг æфсады штабмæ. 2015 азы декабры йын лæвæрд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хъайтары ном. 2016 азы майы æрвыст æрцыд Хуссар Ирыстонмæ уæлдæр ранджы офицертæ æмæ 58-æм армийы батальонты бригадæты командирты быдырон сбортæм.

2016 азы 19 майы уæрæсейаг æфсæддон базæйы бæлцæттæ-ласæн автобус ахауд Цхинвал – Ленингоры фæндагæй. Уыцы аварийы фæмард æхсæз адæймаджы, уыцы нымæцы Тулпар Мусалаев дæр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.