РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик æмбырд ауагъта, 2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы объектты арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ чи кæны, уыцы подрядон организациты къухдариуæггæнджытимæ.

Æмбырты куысты хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг Гаглойты Сергей, автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæрдар Гуыззыдтаты Эдуард, Паддзахадон унитарон куыстуат  «Дорэкспострой»-ы генералон директор Лалыты Мурат.

2017 азы Инвестицион программæйы фæлгæтты плангонд æрцыд горæты уынгтæй 12-ы схæрзарæзт кæнын. Нырттæккæ уал æппæт уыцы уынгтыл активонæй цæуынц арæзтадон куыстытæ.

Пухаты Эрик лæмбынæг бафарста подрядонты, уыцы 12 уынгыл арæзтадон куыстытæ куыд цæуынц, уыймæй. Цæмæй Хицауад контроль кæна сæ бакæнгæ куысты гъæд æмæ æмгъуыдтыл, уый тыххæй сын бахæс кодта, цæмæй æрбавдисой календарон графиктæ.

«Нæ абоны æмбырды нысан у, цæмæй мын сымах информаци радтат, Инвестпрограммæмæ хастæрцæуæг уынгтыл бакæнгæ куыстытæ абоны онг цы уавæры сты, уый тыххæй. Афтæ ма мын радзурат, куысты рæстæджы цы проблемæтимæ фембæлут, уыдоны тыххæй, цæмæй сын анализ скæнæм æмæ сæ гæнæн уæвгæйæ, рæстæгыл аскъуыддзаг кæнæм. Ахæм куыст фадат ратдзæн рационалондæр æмæ фæстиуæгджындæр куыст сифтонг кæнынæн», – банысан кодта уый.

Горæты уынгтыл цы куыстытæ цæуы, уыдоны тыххæй радзырдта «Дорэкс-построй»-ы генералон директор Лалыты Мурат. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æртæ уынгыл – Джиойы фырты, Скъолайон æмæ Фæсивæдон уынгтыл алкæуыл дæр кусынц 5 – 7 адæймаджы, иуæй-иутыл та кусы уæззау техникæ.

Уый ма бамбарын кодта, зæгъгæ, иуæй-иу уынгтыл баконд æрцыдысты зæххы уæлцъары куыстытæ, уыцы ны-мæцы, Сæрибары фæзуатыл дæр.

«Сæрибары фæзуатыл конд фесты зæххы уæлцъары куыстытæ, æвæрд æрцыдысты бордюртæ æмæ арæзт æрцыд къæвдайы доны канализаци. Цæттæ-гæнæн куыстытæ цæуы хуыр калыны тыххæй, æрмæг ис бынаты», – загъта «Дорэкспострой»-ы генералон директор.

Хицауады Сæрдар подрядонтæн бахæс кодта, цæмæй банысангонд æм-гъуыдмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæуа Сабырады фæзуат, уымæн æмæ    8-æм августы мысæн мадзæлттæ уагъд цæудзысты уыцы бынаты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.