Ивгъуыд къуыри Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн къухтæ æрфыстæуыд пенсион ифтонгады тыххæй ахсджиаг сразыдзинадыл, кæцыйы фæстиуæгæн пенситæ фæфылдæр уыдзысты Уæрæсейы æмбæстæгтæн, кæцытæн нæй Уæрæсейы Федерацийы регистраци æмæ æдзухæй цæрынц Хуссар Ирыстоны территорийыл. Бæрæг куыд у, афтæмæй  Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæ, кæцытæ æдзухæй цæрынц Хуссар Ирыстоны æмæ регистрацигонд сты Уæрæсейы территорийыл, комкоммæ хауынц уæрæсейаг закъондæттынадмæ.

РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Пухаты Эрик, кæцы хуссарирыстойнаг фар-сы ‘рдыгæй йæ къух æрфыста сразыдзинадыл, комментари сарæзта уыцы мадзалы сæраппонд, радзырдта йын йæ разисторийы тыххæй.

«Æдзух Хуссар Ирыстоны территорийыл чи цæры æмæ уæрæсейаг паспорттæ кæмæ ис, уыцы 600 æмбæстагæн пенсион ифтонгад фæфылдæр кæныны тыххæй Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн уæлæмхас сразыдзинадыл къухтæ бафыстæуыд «Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Уæрæсейы Федераци æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны бадзырд»-ы 8-æм уацмæ гæсгæ, кæцыйыл 2015 азы марты Мæскуыйы сæ къухтæ æрфыстой Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны президенттæ Владимир Путин æмæ Тыбылты Леонид, – загъта Пухаты Эрик. – Фæлæ цалын-мæ сразыдзинадыл къухтæ æрфыстæуыд, уæдмæ уал бирæ бакуыстæуыд, кæцыйы фæстиуæгæн нæ уæрæсейаг коллегæтимæ ахсджиаг фарстаты фæдыл нæ къухы бафтыд кæрæдзиæмбарынад æмæ ныры этапыл пенсион ифтонгад фæфылдæр кæныны оптималон æмвæзадмæ рахизын.

Зæгъæм, кæд раздæр пенсийы астæуккаг бæрц уæлдæр банысангонд æмбæстæгты категорийæн уыд 6836 сомы, уæд ныр та уыдзæн 10410 сомы. Уæлдæр банысангонд категорийы пенсион ифтонгады иумиаг бæрц (сумма) куынæ схиза Уæрæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы федералон зылды пенсион ифтонгады астæуккаг æмвæзадмæ, уæд дыууæ азы дæргъы пенсион ифтонгады сæйраг суммамæ æрвылмæй дæр æфтыд цæудзæн.

Æз ма зæгъдзынæн уый, æмæ уæрæсейаг фарс нæ уавæры бацыд ахæм фарсты тыххæй, куыд  инвалиддзинад райсыны нысанæн медицинон басгæрст æмæ фæдзæхст  гоймæгты ногæй басгæрст,  фактон æгъдауæй кæм цæрынц, уым рацæуын, ома, Республикæ Хуссар Ирыстоны.

Уæрæсейы Федерацийы  Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министрадæй нæм куы æрæрвыстой сразыдзинады проект, уый та уыд 2015 азы апрелы, уæд Президент Тыбылты Леониды бахæсмæ гæсгæ, кæцыйы хъусдарды бын уыд ацы фарсты процесс, арæзт æрцыд кусæ-гон къорд авд адæймаджы скондæй. Уырдæм бацыдысты Хицауады, Президенты Адми-нистрацийы, Парламенты æмæ Пенсион фонды минæвæрттæ. Кусæгон къорды алы рабадты дæр лæмбынæг уынаффæ цыд сразыдзинады проекты алы уацыл дæр, цæ-мæй максималонæй æрæввахс уыдаиккой хъæуæг фæстиуæгмæ, уый ирдæй зыны суагъæты. Уыцыиу рæстæджы электронон посты уылты фыс-тæджыты хуызы проект æр-выст цыд  Уæрæсейы Федерацийы Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министрадмæ, министры хæдивæг  Андрей Пудовы адресыл æмæ афтæмæй проектимæ активонæй зонгæ кодта министрад.

Кусæгон къорды минæвæрттæ бирæ хæттыты фембæлдысты Уæрæсейы Федерацийы Фæллойы æмæ социалон хъахъхъæнынады министрады æмæ Пенсион ифтонгады департаменты минæ-вæрттимæ.

Сæрмагондæй, 2015 азы августы æз æмæ Президенты Паддзахадон уынаффæгæнæг Сиукъаты Радионæн кусæгон фембæлдтытæ уыд Андрей Пудовимæ, Уæрæсейы Федерацийы Пенсион ифтонгады департаменты директор  Игнат Ингатьевимæ, фæсарæнты цæрæг гоймæгты пенсион ифтонгады фарстаты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы департаменты хистæры хæдивæг Олег Полоховимæ æмæ æндæр официалон адæймæгтимæ.

Президент Тыбылты Леониды  бахæсмæ гæсгæ мах сразыдзинады проекты иуæй-иу уацты тыххæй бадзырдтæ ауагътам. Ба-дзырдты фæстиуæгæн ивындзинæдтæ бахастæуыд уацтæм, цыран уæрæсейаг фарсы фæндыд 2016 азы 1-æм январæй пенситы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын 18 проценты, 2017 азы 1 апрелæй та – 7 проценты.

Æрныхас ма кодтам æндæр процентон æмахастытыл дæр: 2016 азы 1-æм январы – 18 процентыл, 2017 азы 1-æм апрелы та –  18,8 процентыл, уый тыххæй, цæмæй æдзух Республикæ Хуссар Ирыстоны цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты пенсион ифтонгады иумиаг бæрц схиза Цæгат Кавказы федералон зылды пенсион ифтонгады астæуккаг æмвæзады онг. Фæнды мæ банысан кæнын уый, æмæ республикæйæн алы æмбæстаг дæр ахсджиаг у, уый тыххæй бахынцын хъæуы цæрджыты алы фæлтæры хъуагдзинæдтæ…

Ивындзинæдтæ ма бахастæуыд  сразыдзинады проекты 8-æм уацмæ дæр, кæцы хауы инвалиддзинады аххосаг æмæ инвалиддзинады къорд снысан кæныны тыххæй медицинон скъуыддзаггæнæнмæ.

Уыимæ иумæ, уæрæсейаг фарсимæ иумиаг консультативон фембæлдтыты дзырд цыд дыууæ фарсы ‘рдыгæй дæр  фæллойадон стаж банымайыны фæндæтты тыххæй, фæлæ уый халы Уæрæсейы Федерацийы  ныры закъондæттынад æмæ æнæ фæивгæ-йæ, уымæн сæххæстгæнæн нæй.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзынæн уый, æмæ Уæрæсе Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады къорд бæстæтимæ, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ цы сразыдзинæдтæ сарæзта фæллойадон стаж бахынцыны тыххæй, уый йæ тыхы цæуы æрмæстæр 2002 азы 1-æм январы онг».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.