Традицимæ гæсгæ РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бабæрæг кодта Цхинвалы гуырæн хæдзар æмæ раарфæ кодта æвзонг мæдтæн сæ сабиты райгуырды æмæ Ног 2018 азы цытæн.

Гуырæн хайады дохтыр Плиты Мэльсы ныхæстæм гæсгæ 3 январæй 4 январмæ æхсæвы райгуырд æртæ сабийы – дыууæ лæппу æмæ иу чызг.

Пухаты Эрик раарфæ кодта гуырæн хæдзары пациенттæн æмæ коллективæн Ног азы бæрæгбоны цытæн, цæмæй уой æнæниз, хъæлдзæг æмæ амондджын. зæрдæбын арфæтæ загътой Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон райрæзты министры хæдивæг Плиты Агуындæ æмæ Паддзахады Аппараты къухдариуæггæнæджы хæдивæг Дзудцаты Мурат дæр.

«Сабийы райгуырд у æгæрон циндзинад, æмæ иууыл зæрдылдаринагдæр рæстæг сылгоймаджы царды. Уый лæвар кæны бирæ циндзинад æмæ уарзондзинад. Арфæ уын кæнын, цæмæй уæ сабитæ уой æнæниз æмæ схъомыл уой аккаг æмбæстæгтæй сæ райгуырæн бæстæйы хæрзиуæгæн. Хуыцау зæгъæд, цæмæй сабиты гуырынад азæй-азмæ фылдæр кæнæд. Æмæ республикæйы къухдариуæгад та алыварсонæй æххуыс кæндзæн æвзонг бинонтæн», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Уый ма банысан кодта, ацы азæй фæстæмæ сывæллоны райгуырды тыххæй иумæйаг æххуыс кæй суыдзæн дæс мины онг, æрвылмæйон æххуыс дыккаг сывæллонмæ кæсыны тыххæй иу аз æмæ æрдæджы онг та – 1500 сомы.

Пухаты Эрик балæвар кодта ноггуырд сабиты мæдтæн дидинджытæ æмæ æхцайы конверттæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.