Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик пресс-конференци ауагъта РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры.

Мадзалы райдиан Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Харебаты Майя куыд банысан кодта, афтæмæй Хицауады Сæрдары бынаты кусгæйæ Пухаты Эрикæн ацы пресс-конференци у фыццаг æмæ бахатыд премьер-министрмæ, цæмæй уал райдианы радзура Хицауады ног сконды тыххæй æмæ абон Хицауады раз цы хæстæ лæууы, уыдоны тыххæй.

Пухаты Эрик дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæн куыд радзырдта, афтæмæй йын ацы пресс-конференци у æцæгæйдæр  фыццаг.

Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй уыцы бынаты кусы дыууæ мæйы бæрц. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хицауады сконд нысан æрцыд. Ауагъдæуыд Хицауады дыууæ рабадты. Уыцы рабадты æркастæуыд актуалондæр фарстатæм. Ома, Хицауад кусы æмæ кусдзæн, йæ разы йын республикæйы адæм цы проблемæтæ æвæрынц, уыдон скъуыддзаг кæныныл.

Уый радзырдта, зæгъгæ, Хицауад йæхи цæттæ кæны Æхсæнхицауадон къамисы рабадтмæ, цыран фидар æрцæудзысты радон Инвестпрограммæйы фæлгæтты банысангонд проекттæ.

«2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ фæуд кæны ацы аз, уый фæстиуæгæн бакæнгæ куыстæн аразын хъæуы хатдзæгтæ æмæ аразын хъæуы ног программæ.

Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй Инвестицион программæйы ног проект у цæттæ, бахаст æм æрцыд чысыл ивындзинæдтæ, фæлæ фидар æрцæудзæн Æхсæнхицауадон къамисы радон рабадты.

Уый ма загъта, зæгъгæ, Хицауадмæ бирæ куырдиæттæ æмæ фæндæттæ æрбацыд иу кæнæ иннæ объекттæ Инвестпрограммæмæ бахæссыны тых-хæй, кæцыты иумиаг аргъ хæццæ кæны 5 миллиард соммæ, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, ома, Донецк, Луганск, Сирийы проблемæты тыххæй санкциты аххосæй абоны бон Уæрæсейы Федерацийы алфæмблай цы уавæр сæвзæрд, уый фæстиуæгæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст æрцæудзысты объекттæ 3,5 миллиард сомы аргъ. Куыд раздæры, афтæ ныры Инвестпрограммæйы проектмæ дæр хаст æрцæудзысты республикæйы райрæзтæн ахъазгæнæг приоритетондæр объекттæ. Проектмæ ма хаст æрцыд бæрæг суммæ электрохызæджы реконструкцийы тыххæй. Уыимæ иумæ 2018-2019 азты Инвестпрограммæйы нысан æрцæудзысты æхцайы фæрæзтæ республикæйы экономикæйы реалон секторы рæзты тыххæй.

«Скъолайы агъоммæйы уагдæтты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уый тыххæй Вокзалгæрон æмæ Суворовы уынгтыл арæзт æрцæудзæн сывæллæтты дыууæ рæвдауæндоны. Дарддæр арæзт цæудзæн цæрæн комплекстæ. Фæнд цæуы дыууæ 36-фатерон бæстыхайы арæзтад, дарддæр хæрзарæзт цæудзысты уынгтæ, арæзт цæудзысты фæндæгтæ.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй нысан цæуы Уанатæй Цхинвалмæ дон рауадзын. «Уый тыххæй Инвестпрограммæйы æвæрд æрцыд бæрæг суммæ. Уæрæсе ацы фарсты фарс рахæцыд. Афтæ ма фæнд цæуы Ленингоры поселок æмæ Къуайсайы цалдæр уынджы схæрзарæзт кæнын дæр», – загъта уый.

Пухаты Эрик сдзуапп кодта республикæйы районты æрдзон газæй сифтонг кæныны фарстæн дæр.

Бæрæг куыд у, афтæмæй æрдзон газ Уæрæсейæ Хуссар Ирыстонмæ цæуы газ-уадзæн Дзуарыхъæу-Цхинвалы фæрцы, кæцы арæзт æрцыд 2007-2009 азты. Абоны бон æрдзон газæй ифтонг цæуынц æрмæстдæр горæт Цхинвал æмæ горæтмæ æввахс иу хъæу.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй Уæрæсейы компани «Газпром» разы у Хуссар Ирыстоны районтæм  æрдзон газ бауадзыныл. Ацы фарст кæронмæ скъуыддзаг æрцæудзæн Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ «Газпром»-ы сæргълæууæг Алексей Миллер куы фембæлой, уый фæстæ. Ацы фембæлд хъуамæ уа ацы бонты.

Дарддæр Пухаты Эрик куыд бафиппайдта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны иу кубометр газы аргъу 4,27 сомы, Цæгат Ирыстоны та – 5,47 сомы æмæ банысан кодта, зæгъгæ, «Газпром»-имæ сразыдзинадыл къухтæ фыст куы æрцыд, уый фæстæ æрæрвыстой уæлæмхас домæнтæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны газы тарифтæ схизой Цæгат Ирыстоны тарифты æмвæзадмæ, ома 5,47 соммæ. «Алы организаци дæр кусы æфтиæгтыл», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Дарддæр премьер радзырдта газ æмæ электроэнергийы хæрдзты аргъ æмбырд кæныны æмвæзад, уыимæ иумæ ма хъалонтæ æмбырд кæныны æмвæзад дæр тынг ныллæг кæй у, уый тыххæй дæр.

«Республикæйы хъалонтæ æмбырд кæныны æмвæзад у ныллæг. Газ æмæ электроэнергийы Уæрæсейæ æлхæнæм æмæ сын сæ аргъ нæ паддзахад фиды. Ацы фарстмæ нæ адæм бæрндзинады ахаст хъуамæ дариккой. Йæ рæстæджы хъæуты цæрджытæн фæасламдæр чындæуыд электроэнергийы аргъ, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ, цы хардз кæнынц, уый аргъ дæр рæстмæ нæ фидынц», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хицауады рабадты пенсион фонды тыххæй цы хыгъдон доклад арæзт æрцыд, уымæ гæсгæ æвзæры ахæм уавæр, æмæ иу афæдзы фæстæ адæ-мæн пенситæ цæмæй бафыстæуа, уый нал уыдзæн.

«Пенсион ахыгъдтæ цæуынц сæйраджыдæр бюджетон организацитæй, амалиуæггæнджытæй та пенсион фондмæ æппындæр ницы цæуы. Уый фæстиуæгæн амалиуæггæнæджытæн пенси исыны рæстæг куы æрцæуа, уæд бахаудзыстæм тынг зын уавæры, уымæн æмæ сын пенси цæмæй бафидæм, уый нын нæ уыдзæн», – загъта уый æмæ æрсидт адæммæ, цæмæй фидой хъалонтæ, аф-тæ ма бахатыд журналисттæм дæр, цæмæй уыдон дæр æмбарынгæнæн куыст бакæной амалиуæггæнджытимæ ацы фарсты фæдыл.

«Республикæйы бюджет æгæрон нæу, цæмæй дзы æдзух æхца домай, уый тыххæй йæм хъæуы бæрæг фæрæзтæ бахæсын дæр. Уый фæахъаз уыдзæн цард нормалон уавæрмæ æркæнынæн, адæмы цардуаг фæбæрзонддæр кæнынæн», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Журналистты цымыдис кодта брæтты утилизацийы фарст дæр. Хицауады Сæрдар куыд загъта, афтæмæй брæтты утилизацийы проблемæ скъуыддзаг æрцæудзæн.

Пухаты Эрик куыд фехъусын кодта, афтæмæй ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй 2018-2019 азты Инвестицион программæмæ бахастæуыд фæрæзтæ. Дыууæ къуырийы размæ Хуссар Ирыстоны уыдысты специалисттæ Волгограды областæй æмæ ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны тыххæй уыдон банысан кодтой цалдæр варианты. Фыццаг вариант уыд пресс сæ кæнын æмæ сæ æмбæлон бынæтты æвæрын, кæнæ та сæ æвзарын, ома сæ адихтæ кæнын, пластикæй мигæнæнтæ  хицæнæй, æфсæйнаг  хицæнæй, æмæ афтæ дарддæр. Специалистты хъуыдымæ гæсгæ, дыккаг вариант та у чысыл хъæрмуатон станц саразын, уымæн æмæ иуæй-иу брæтты бахъæудзæн басудзын. Цæмæй хъарм æнæхъуаджы ма кæна æмæ ма сæфа, уый тыххæй йын йæ фарсмæ хъæрмуат  саразын.

«Волгоградаг специалисттæн лæвæрд æрцыд техникон хæслæвæрдтæ, цæмæй сбæрæг кæной, брæтты утилизацийæн фæрæзтæ цас бахъæудзæн, уый. Ацы аз уыцы проблемæйы фарст скъуыддзаг æрцæудзæн», – баныфсæвæрдта премьер-министр.

Дзыллон информацион фæрæзты минæвæртты цымыдис кодта республикæйы территорийыл мини электростанцты арæзтады фарст дæр.

Хицауады Сæрдар куыд банысан кодта, афтæмæй чысыл гидроэлектростанцæйы арæзтад, сæрмагондæй – Зонкъары донæмбырдгæнæныл, нæ аскъуыддзаг кæндзæн электроэнергийæ республикæ ифтонг кæныны проблемæ, уымæн æмæ уыдон республикæйы фаг электоэнерги нæ араздзысты, уыимæ иумæ ма сæ хъæуы бирæ финансон фæрæзтæ дæр æмæ ныртæккæ нæ республикæйæн нæй уыцы фæрæзтæ. Уыд Инвесторты æрдыгæй дæр фæндæттæ, фæлæ уыдон баззадысты гæххæттыл фыстæй. Уый фæстиуæгæн приоритетон у электроэнергийы резервон хахх саразын.

Арæзтадон  организациты  кусджытæн  куыстмызд кæй нæ бафыстæуыд, уый тыххæй Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ,  Хуссар Ирыстоны Хицауад арæзтадон организацитæн бахæс кодта, цæмæй кусджытæн бафидой, цы хæс сæ дарынц, уый. Пухаты Эрик куыд бамбарын кодта, афтæмæй дзырд цæуы 2017 азы райдианæй фæстæмæ куыстмыздыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сын сæ мызд фиддзысты, кæмæ куыстой, уыцы подрядонты хыгъдæй.

Уыимæ иумæ ма уый банысан кодта, зæгъгæ, 2008 азы хæсты хæдфæстæ пырх обектты арæзтадыл чи куыста, уыцы аразджытæн сæ мызд бафидын зын хъуыддаг у.

«Уыцы рæстæджы куыстытæ æххæст цыдысты æнæ генералон планæй, æнæ техникон хъусдардæй, нæ сын уыд сметæйон документаци дæр. Аразджытæ цы объекттæ сарæзтой, уым дæр бирæ цухдзинæдтæ ис, кæцытæ нырма дæр иуварс не ‘рцыдысты», – загъта Пухаты Эрик æмæ йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, æрдæгарæзтæй сæ объектты цы арæзтадон организацитæ ныууагътой, уыдонмæ дæр æнхъæлмæ кæсы «карз ныхас», суанг сын сæ техникæ сконфискаци кæныны онг. Уыимæ иумæ ма уыдон ныхас бахъæудзæн Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатæимæ дæр.

«Мах тынг фæхъыг кодтой фирмæтæ «Эверест» æмæ «Союз-Строй». «Эверест» арæзта драмтеатры бæстыхай, «Союз-Строй» та  Хъайтарты æмæ Октябры уынгтæ кæм иу кæнынц, уым цы цæрæн хæдзæртты комплекс ис, уый. Уыдон сæ объектты кæронмæ арæзт нæ фесты, афтæмæй сæ ныууагътой. Июлы дыккаг æмбисы æнхъæлмæ кæсæм Татарстаны Арæзтады министрады минæвæрттæм æмæ Уæрæсейы Федерацийы арæзтады министры хæдивæджы æрцыдмæ. Уыдонимæ бауынаффæ кæндзыстæм ацы объетты фарстыл», – загъта Хицауады Сæрдар æмæ ма уыимæ банысан кодта, зæгъгæ, августы республикæмæ æрцæудзæн Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатæйы къамис æмæ уыцы проблемæйы æнæхъусдард нæ ныууадздзæн.

Дарддæр премьер-министр куыд загъта, афтæмæй афон у Хуссар Ирыстоны йæхи арæзтадон компани саразынæн. Уый зæрдыл æрлæууыны тыххæй куыд банысан кодта, афтæмæй проблемæтæ нæ уыд Къостайы хъæуы скъолайы арæзтады, Знауыры районы Хъорнисы  сывæллæтты  рæвдауæндоны, Къуайсайы медсанхайады арæзтадты, уымæн æмæ уыцы объектты арæзтой бынæттон кусджытæ æмæ сæ куыст дæр уыд гъæдджын.

«Хъæуы саразын бынæттон арæзтадон компани, цæмæй кусджыты мауал хонæм фæр-сæрдыгæй, фæлæ аразæм нæхæдæг», – бахахх кодта Пухайы фырт.

Дарддæр Хицауады Сæрдар куыд фехъусын кодта, афтæмæй Ленингоры районы сывæллæтты цæхæрадоны бæстыхайы арæзтадон куыстытæ бахæццæ сты кæронмæ æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн ацы мæйы кæрон. Йæ ныхæстæм гæсгæ, æввахс рæстæджы эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн Цхинвалы Дзулфыцæн комбинаты ног бæстыхай дæр.

Пухаты Эрик æмбæлон дзуаппытæ радта журналистты бирæ æндæр фарстытæн дæр.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.