РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта рауæрæхгонд æмбырд Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ йæ хæдивджыты, паддзахадон унитарон куыстуæттæ «Капиталон арæзтады управленийы» æмæ «Дор-экспострой»-ы къухдариуæггæнджыты, подрядон организациты æмæ æндæр профилон ведомствоты минæвæртты хайадистæй.

Уынаффæ цыд 2015-2017-æм азтæн Инвестпрограммæйы мадзæлттæ куыд æххæст цæуынц, ууыл. Ныхасы райдианы агъоммæ уал Пухаты Эрик банысан кодта, зæгъгæ, нæу райгонд, объектты куыст куыд цæуы, уымæй.

«Мониторингы фæстиуджытæм гæсгæ арæзтцæуæг объектты куыст куыд цæуы, уый фæдыл, зæгъæн ис, æмæ мæм подрядон организацитæй алкæмæ дæр претензитæ кæй ис. Сæйраг проблемæтæ сты иуцалдæр. Номхуындæй та, ивгъуыд аз æмæ ацы аз Инвестпрограммæ сæххæст кæныны тыххæй финансон æххуысы фæрæзтæ куыд хардз цæуынц, уыдон проценттæм ракæнгæйæ, сты тынг ныллæгæй.

Подрядон организацитæн сæ сæйраг цæлхдур у, хыгъдон документаци аразыны хъуыддаджы къуылымпытæ кæй ис, уый. Уыцы хъуыддаг та æппæрццагæй æндавы æмткæй арæзтадон куыстытыл», – загъта уый.

Уыимæ иумæ æмбырды рæстæджы банысан æрцыд, æххæст чи æрцыдысты, уыцы куыстытæн сæ процент у бирæ фылдæр, фæлæ уыдон хынцыд не сты документацийы.

Хицауады Сæрдар карзæй æрдомдта республикæйы Арæзтады министрадæй, куыд куыстыты закъазгæнæг, афтæ æмæ Капиталон арæзтады управленийæ, цæмæй фæтыхджындæр кæной сæ хъусдард 2015-2017 азты Инвестпрограммæйы мадзæлттæ рæстæгыл æххæст кæнынмæ, сæрмагондæй, цæмæй уыдон афоныл фæуой æмæ  хъахъхъæд цæуа куыстыты   график.

Уымæй дарддæр ма уый бацамыдта бæрнджын органты оперативон æмархайд сифтонг кæнын бакæнгæ куыст райсыны, хыгъдон документаци аразын æмæ райсгæ куыстытæ финанс кæныны фарстыты фæдыл.

«Дзырдтон ма йæ æмæ йæ ноджыдæр зæгъын – æрбахонут специалистты, кæд бакæнгæ мадзæлтты тыххæй уæхи бон нæ цæуы документтæ æппæт домæнтæм гæсгæ саразын, уæд», – загъта Пухаты Эрик аразджытæм ныхас аздахгæйæ.

Дарддæр æмбырды хайадисджытæ байхъуыстой Зæгъойты Эдуарды информацимæ, Инвестпрограммæ куыд æххæст цæуы, уый фæдыл. Пухаты Эрик лæмбынæг æрлæууыд алкæцы арæзтцæуæг объектыл дæр æмæ æрдомдта хыгъд, куыст сæ куыд цæуы, уый фæдыл.

«Махæн уый бар нæй æмæ нæ адæм æмæ нæ Президенты фыдæнхъæл фæкæнæм. Ма-хæн не ‘ппæтыл дæр ис бæрндзинад, республикæйы социалон-экономикон программæ куыд сæххæст кæндзыстæм, уый тыххæй, æмæ уый хъуамæ æх-хæст æрцæуа æнтысгæйæ», – загъта кæронбæттæны Хицауады Сæрдар.

РХИ-йы Хицауады

пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.