Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй æмæ мæхи номæй уын арфæ кæнын, Республикæ Хуссар Ирыстоны сабырдзинад бахъахъхъæныны тыххæй Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты куы æрбакодтой, ууыл 25 азы кæй сæххæст, уый цытæн.

Хуссар Ирыстоны адæмæн сæ нысаниуæгджындæр бонтæй иу у 1992 азы 14 июль – нæ зæххыл сабырдзинад бахъахъхъæныны тыххæй нæ республикæмæ æртæфарсон Æмхæццæ тыхтæ æрбакæныны бон.

Ныр 25 азы дæргъы мах æрвылаз дæр кад кæнæм, бæрзонд профессионализм чи равдыста, нæ республикæйы сабырдзинад æмæ æнцойад бахъахъхъæныны сæраппонд йæхимæ зын мисси чи райста, цардæн тæссаг зындзинæдтæ кæй нæ урæдтой, уыдонæн.

Уæрæсейаг фидауынгæнæг тыхтæн стыр роль уыд 2008 азы августы цауты рæстæджы, фыццаг цæф сæхимæ райсгæйæ.

Сабырдзинад хъахъхъæныны хæслæвæрд æххæст кæнгæйæ, фидауынгæнджытæ фидардзинад, хъæбатырдзинад æмæ удуæлдайдзинад кæй равдыстой, уый тыххæй райстой бæрзонд нысан дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй æмæ республикæйы цæрджытæй та – цыты ахаст.

Цытджын фидауынгæнджытæ! Бар мын радтут ноджы дæр уын раарфæ кæнон, ацы нысаниуæгджын боны цытæн æмæ уын уе ‘ввахс адæмæн æмæ уæхицæн зæгъон амонд æмæ æнæниздзинады фæндиæгтæ, афтæ ма уын мæ зæрдæ зæгъы æнтыстыты фæндиæгтæ сабырад хъахъхъæныны хъуыддаджы.

 

________

Зынаргъ фидауынгæнджытæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын уæ профессионалон боны – Фидауынгæнæджы боны цытæн!

Нæ республикæйы æдасдзинады сæйраг гарант суæвгæйæ, фидауынгæнæг тыхтæн стыр кад кæнынц не ‘мбæстæгтæ. 25 азы размæ республикæйы сабырдзинад æмæ барвæтк бахъахъхъæныны тыххæй Æмхæццæ тыхтæ кæй æрбакондæуыдысты, уый фæстиуæгæн урæд æрцыдысты хæстон архайдтытæ æмæ тугкалд. Салдаттæ-фидауынгæнджытæ, хъæбатырдзинад, удуæлдайдзинад, профессионализм æмæ æфсæддон ардбахæрдыл иузæдиондзинад равдисгæйæ, цытимæ æххæст кодтой сæ мисси нæ бирæ хъизæмæрттæ бавзарæг зæххыл сабырдзинад бахъахъхъæныны, цæрджыты æдасдзинад сифтонг кæныны тыххæй. Уыдон нын нæ зæхмæ æрхастой сабырдзинад æмæ удæнцойад, уыдоны фæрцы нын фадат ис сабырадон куыст кæнын æмæ хæдбар паддзахад аразынæн. Æнæнхъæлæджы нæу, уыдонæй бирæтæ республикæйы бæрнон бынæтты кæй кусынц, уый. Рæстæг фенын кодта Ирыстоны зæххыл фидауынгæнæг тыхты уникалон фæлтæрддзинады эффективондзинад. Æмæ 16 азы дæргъы нæ зæххыл стабилондзинад æмæ тугкалд кæй нæ уыд, уый уыд фидауынгæнæг тыхты миссийы сæйраг фæстиуæг.

2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны хæстон агреси уæззау фæлварæн уыд æрмæст не ‘мбæстæгтæн нæ, фæлæ ма фидауынгæнæг тыхты хæстон-тæн дæр, уымæн æмæ уыдон кæронмæ лæууыдысты гуырдзиаг тыхæйисджыты ныхмæ. Уыдонæй бирæтæ рауæлдай кодтой сæ цард, нæ зæххыл сабырдзинады тыххæй.

Фæмардуæвæг фидауынгæнджыты хъæбатырдзинад æнустæм баззайдзæн нæ адæмы мысынады.

Зынаргъ хæлæрттæ! Ноджыдæр уын арфæ кæнын уæ бæрæгбоны цытæн! Мæ зæрдæ уын зæгъы сабыр арвы бын цæрын, амонд, æнæниздзинад æмæ фæрныгад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.