«Лӕгӕй фӕцӕрын иунӕг бон дӕр ӕнӕхъӕн тыхӕвзарӕн у»

                                                                                                                                  Нафи

Ӕмбарынад «геноцид» 1944 азы ӕрымысыд польшӕйаг ахуыргонд, дзуттаг Рафаэль Ленкен. Бирӕ фӕрахъуыды-бахъуыдыйы фӕстӕ бердзенаг «генос», нысан кӕны адӕмы хатт, ӕмӕ латинаг «цидум» (марын) кӕрӕдзимӕ  баиу кодта, иу вазыгджын дзырд сӕ саразгӕйӕ. Ацы ног терминӕй йӕ фӕндыд бæлвырддæр æмæ дырысдӕрӕй равдисын немыцаг фашистты фыдмитӕ ӕмӕ ӕгъатырдзинад. Официалонӕй дзы пайда кӕнын райдыдтой иу азы фӕстӕ, 1945 азы. Фӕлӕ уыцы рӕстӕджы Ленкен никуы ахъуыды кодтаид, кӕддӕр, дӕсгай азты фӕстӕ ацы дзырд афтӕ фидарӕй кӕй ныббиноныг уыдзӕн ӕнустӕм ӕппӕт дунейы дзырдуатон сконды ӕмӕ кӕй ауадздзӕн арф уидӕгтӕ фӕйнӕрдӕм, ууыл.

Бирӕ тӕригъӕдтӕн скодта иумӕйаг ном ацы фыдбоны дзырд, адӕймаджы зӕрдӕ ныккӕрзы йӕ койӕ дӕр. Хъыгагӕн, ирон адӕмы фӕрсты дӕр нӕ ахызт. Тугуарӕн бонтӕ ӕркодта Хуссар Ирыстоныл ивгъуыд ӕнусы 1920 азы. Ӕмӕ йӕ абон иуӕй-иутӕ куыдфӕнды ма хоной, «меньшевикты ӕр-бабырст», «меньшевикты хӕлӕт» ӕви «тугӕйдзаг террор», уӕддӕр ын ис иу райхӕлд  геноцид! Æрæджы йæ фыссæг Гæбæраты Юри раст загъта: «Уый ирон адæмæн у æнусон геноцид». Уый та уымӕн, ӕмӕ нӕ гуырдзы хъавыдысты бынтондӕр скуынӕг кӕнынмӕ, сӕ бӕллиц уыд, цӕмӕй иунӕг ирон лӕг дӕр удыгасӕй мауал аирвӕзтаид, цӕмӕй Ирыстонимӕ, ирондзинадимӕ цыдӕриддӕр  баст у, уымӕн иу ӕвдисӕн дӕр мауал баззадаид ӕмӕ бынсӕфт фӕуыдаиккам.

Гуырдзыстоны  «хъайтарты»  ӕгъатырдзинӕдты уӕззау дӕнцӕгтӕй иу у 13 коммунары фехст. Ӕмӕ кӕд уыцы бонты гуырдзиӕгтӕ туджы зӕйтӕ рауагътой Чъребайы уынгтыл, хӕдзари-хӕдзар зылдысты ӕмӕ мардтой ирӕтты, уӕддӕр сын уый фаг нӕ уыд ӕмӕ сӕ цӕмӕй ноджы тынгдӕр фӕтӕрсын кодтаиккой, уый тыххӕй уацары акодтой ӕртындӕс нӕлгоймаджы, се ‘хсӕн 16-аздзыд лӕппу, афтӕмӕй. Бакодтой сӕ, Зӕронд хиды уӕлхъус цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдонӕй иуы ныккӕнды.  Ӕхсӕвы  сӕ ӕртӕ сахатыл схизын кодтой ӕмӕ сӕ акодтой Згъудеры къуылдымы ‘рдӕм…

Цӕмӕн? Цӕй тыххӕй? Кӕдӕм?

Цӕуыл хъуыды кодтаиккой уыцы фыдбоны цыбыр, фӕлӕ уыцыиу рӕстӕджы уӕззау ӕмӕ даргъ фӕндагыл,  уый махӕй алчи дӕр йӕхирдыгонау бамбардзӕн, фӕлӕ ӕдыхст, фидар ӕмӕ ныфсджынӕй кӕй кодтой сӕ фӕстаджы къахдзӕфтӕ, ууыл нӕ гуырысхо ничи кӕны.  13 коммунары хорз ӕмбӕрстой, сӕ дарддӕры хъысмӕтӕн йӕ фӕстиуӕг цы уыдзӕн, уый, фӕлӕ-иу сӕ уӕддӕр афарстой, кӕдӕм нӕ кӕнут, зӕгъгӕ. «Рӕстдзинадыл хӕст тӕрхонгӕнджытӕ» сын дзуапп кодтой: – Гуры ахӕстонмӕ.

Уӕззаугай схӕццӕ сты Згъудеры схизӕнмӕ. Ам сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Вацлав Херш (дохтыр) ӕмӕ сауджын Хъванчъахадзе Алекси. Ӕвӕстиатӕй сын рахастӕуыд карз тӕрхон: 13 коммунары хъуамӕ ӕрцӕуой ӕхст. Надвӕллад ӕмӕ фӕлмӕцыд ирон лӕппутӕн тыхмийӕ  къахын кодтой сӕхи къухӕй ингӕн, надтой сӕ ӕмӕ сӕ цавтой хӕцӕнгӕрзтӕй, фӕлӕ уыдон не сразы сты. Хорзау нал фесты гуырдзиӕгтӕ. Уӕд арвыстой ӕххуысмӕ Цхинвалмӕ. Цалынмӕ уыдон хӕццӕ кодтой, уӕдмӕ ӕрбабон. Ингӕн скъахтой. Гъа, ныр сӕ фехсой, афтӕ тбилисаг кусӕг адӕмӕй арӕзт гуырдзиаг гвардийы минӕвӕрттӕ сӕ къӕхтӕ ныццавтой, коммунарты фехсыныл ницы хуызы  разы кодтой. Ам дӕр та ӕдзынӕгӕй аззадысты, фӕлӕ рӕстӕг сафӕн нал уыд ӕмӕ тӕрхон сӕххӕст кӕнынмӕ сӕхи рарӕвдз кодтой Къасрадзе Гогия, Лохты Артем ӕмӕ ма цалдӕр гуырдзиаджы. Сауджын тагъд-тагъд ӕнӕбары саргъуыдта коммунартыл, «суагъта сын сӕ тӕригъӕдтӕ» ӕмӕ сӕ райдыдтой ӕхсын.  Ӕхсты агъоммӕ Джиоты Андри ныхъхъӕр кодта цъӕхснаг хъӕлӕсӕй: «Ӕмбӕлттӕ! Чысыл фӕстӕдӕр мах нал уыдзыстӕм. Абон нӕ иумӕйаг знӕгтӕ мах цӕгъдынц. Фӕлӕ мах амарынӕй кусӕг къласы скуынӕг кӕнын сӕ бон нӕ бауыдзӕн. Мах  фӕстӕ сӕ ныхмӕ растдзысты минтӕ ӕмӕ уӕд додой сӕ къона! Мах разы стӕм мӕлӕтыл, ӕрмӕст уӕлахиз уӕнт кусӕг адӕм!» Фыццаг уал фехстой уый. Сӕумӕйы рог уддзӕфимӕ Чъребайы сӕрмӕ Присы хъӕумӕ ӕввахс анӕрыдысты гӕрӕхтӕ. Коммунартӕй сӕ ӕрыгондӕр, ӕвзонг лӕппу фӕгӕпп кодта ӕмӕ уӕртӕ фӕлидзы. Бӕхджынтӕ йӕ баййӕфтой, бæхы къæдзилмæ йæ бабастой, зæххыл æй фæхостой, афтæмæй йæ амардтой æмæ йæ ныппæрстой йумæйаг ингæны. Уый фӕстӕ коммунартӕй алкӕмӕн дӕр хицӕнӕй фехстой сӕ сӕртӕ, цыма сын уыцы æмӕхст фаг нӕ уыд, уыйау, фӕлӕ сын сӕ мӕрдон буӕрттӕй дӕр тӕрсгӕ кодтой тӕппуд гуырдзиӕгтӕ!

Ацы фыдохы цауыл бирӕ ныффыстӕуыд, нырма дӕр бирӕ ныффысдзысты 1920 азы хабӕрттыл. 13 коммунары ӕхсты хъуыддагмӕ фыццаг ӕркастӕуыд 1921 азы 1 декабры. Бакодтой йӕ гуырдзиаг уӕлвӕткон уавӕрты комитеты слестгӕнӕг Александр Гинкуловы бæрны. Аххосджынтӕй дыууын лӕджы æрцыдысты ахст, цалдӕрӕй уыдысты лыгъд ӕмӕ дзы фондзы бӕрц та уӕдмӕ удыгас нал уыдысты. Дыккаг хатт та тӕрхоны хъуыддаг сног кодтой 1923 азы марты мӕйы. Ацы хатт слестгӕнӕг Захарий Машкевич карз тӕрхон рахаста Къасрадзе Гогия, Сандро Гогинов ӕмӕ Майсурадзе Илайӕн. Уыдон ардыдтой кӕрӕдзи, аххосджын кодтой «иннӕты». Афтӕмӕй раргом сты, сӕхи хуызӕн лӕгхортимӕ сын цы «лӕгдзинӕдтӕ» бантыст саразын ирон адӕмы ныхмӕ, ӕппӕт уыдӕттӕ. Иу дӕр сӕ не ‘рфӕсмон кодта йӕ фыдмитыл. Къасрадзе Гогия 13 коммунары ӕхсты хайад кӕй райста, фарасты дзы йӕхи сӕрмагонд мигӕнӕнӕй кӕй амардта, уымӕй уыд тынг сӕрыстыр. Майсурадзе Ила та, дам-иу, ӕппӕлыд ӕмӕ хъӕрӕй дзырдта, ирӕтты бынтондӕр скуынӕг кӕныны фӕстӕ та сомихӕгтӕм кӕй ӕрӕвналдзысты. Сауджын та дам ӕхсты рӕстӕджы фыртӕсӕй ӕррайау хъӕр кодта: «Ныццӕгъдут коммунистты ӕмӕ ирӕтты! Амарут сӕ!» Лохты Артем та, дам, йӕхи фӕсмонӕй мардта, фылдӕр ирӕтты, дам, цӕмӕннӕ амардтон, ууыл. Ацы фыдгӕнджытӕн, ӕвӕццӕггӕн, сӕ цотӕй цалдӕр фӕлтӕр дӕр фиддзысты уыцы тӕригъӕдтӕ, ахӕм митӕн Хуыцау нӕ хатыр кӕны, зӕдтӕ ӕмӕ сӕ дзуӕрттӕ нӕ барынц ӕнустӕм дӕр. Гуырдзиаг гуырдзиаг у кӕдфӕндыдӕр, фӕлӕ Лохты Артемы хуызӕттӕ та цы ныфсӕй баиу сты семӕ?! Радтӕг адӕмыл гадзрахатӕй рацӕуын Иры дзыллӕмӕ нымад у ӕппӕты ӕвзӕрдӕр хъуыддагыл. Тудджынтӕ дӕр ма-иу бафидыдтой, фӕлӕ ахӕмтӕн ӕнӕнымад ӕмӕ ӕлгъыстаг уыдысты сӕ хъӕбулты хъӕбултӕ дӕр. Лохты Артемы та ныппирӕнгӕттӕ кодтой коммунарты хиуӕттӕ.

Тулы сындӕггай рӕстӕджы уӕззау цалх. Хӕдбар Ирыстоны фӕлтӕртӕ ивынц фӕлтӕрты, фӕлӕ 13 коммунары нӕмттӕ цӕрынц нӕ зӕрдӕты, нӕй сын ферохгӕнӕн. Никуыдӕр ферох уыдзысты.

Ӕртындӕсӕй иумӕ:

Уалыты Данел Никъалайы фырт, Уалыты Никъала Арчилы фырт, Цхуырбаты Кышыл Зурабы фырт, Котолиты Никъала Дауыты фырт, Джиоты Андрей Габийы фырт, Ходты Пашка Дауыты фырт, Гобозты Соскъо Леуаны фырт, Тедеты Иван Раждены фырт, Цхуырбаты Тотыр Дурийы фырт, Дзеранты Бутъу Гаврилы фырт, Джиголаты Резо Дауыты фырт, Джиголаты Саша Никъалайы фырт ӕмӕ Куымӕридтаты Гио Алыксандры фырт.

Ӕнусон цардӕй ӕнусон кад хуыздӕр у…

ЦГЪОЙТЫ А.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.