Рустау у Хуссар Ирыстоны рагондæр хъæутæй сæ иу. Хауы Зары хъæууон администрацимæ. Хъæуы хистæр кары адæймæгтæ куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ ам æрцардысты цалдæр сæдæ азы размæ. Рустауæгтæ ам рагæй кæй цæрынц, ууыл дзурæг у хъæуы астæу Таранджелозы аргъуан дæр, кæцы арæзт æрцыдис XII-XIII-æм æнусты. Абоны бонмæ нæм дзыхæй-дзыхмæ дзургæйæ æрхæццæ ис ахæм хъуыды, зæгъгæ, йæ къулыл фыст уыдис, Шота Руставели кæй райгуырдис ацы хъæуы. Уыцы фыст чи федта æмæ бакаст, ахæм æвдисæнтæ нæй, фæлæ бæлвырд у Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фæстæ иу англисаг ахуыргонд кæй фыста, зæгъгæ, Шота Руставели цы Рустауы райгуырдис, уымæ хæстæг сты дыууæ хъæуы – Еред æмæ Тъбет. Гуырдзыстоны ма ис дыууæ Рустауы, фæлæ уыдонмæ хæстæг ахæм хъæутæ нæй. Историйæ та куыд бæрæг у, афтæмæй уый уыд чиныг «Стайы цармдарæджы» автор æмæ уыдис ирон.

Рагон хъæу кæй у Рустау, ууыл ма дзурæг у уый дæр, æмæ ам кæй разындис егъау быркуытæ. Сæ иу уыдис хъæуы астæу зынгæ ирон инæлар Харебаты Алексейы хæдзары кæрты. Цыдаид дзы 60 путы бæрц сæн. Уый уыдис Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ. Ахæм быркуытæ ма уыдис Соломанты цæрæнуаты сæрмæ кувæндоны дæр.

Хъæубæсты ацæргæ адæм ма куыд дзырдтой, афтæмæй раздæр ацы хъæуы бынаты уыдис тар хъæд. Уыдис дзы тæрс, тулдз æмæ æндæр алыгъуызон бæлæстæ. Иугæр дзы адæм куы æрцардысты, уæд фæрсæрдыгæй иу хъæды лыггаг дæр никуыцæй  аластой, йæхимидæг хъæд цагътой æмæ дзы арæзтой цæрæн хæдзæрттæ.

Хъæуæн йæ æрдзон уавæртæ иттæг хорз сты цæрынæн, зæххы куыст кæнынæн. Ам цæрынæн равзæрстой Харебатæ, Коцтæ, Тыджытæ, Тыбылтæ, Къæбыстæ, Кокойтæ, Гасситæ, Дзабитæ, Багатæ, Плитæ, Гæззатæ, Цхуырбатæ, Джиджджойтæ, Одтатæ, Козатæ, Джиотæ, Хъæцмæзтæ, Чилæхсатæ, Чугутæ, Туатæ, Гобозтæ, Касатæ æмæ æндæр мыггæгтæ.

Цæрджытæ куыд фылдæр кодтой, афтæ хъæу дæр фæйнæрдæм ивæзта йæ къабæзтæ æмæ фæдих ис æртæ сыхыл: Уæллаг, Астæуккаг æмæ Дæллаг Рустауыл. 1929 азмæ, цалынмæ дзы колхоз нæ сырæзт, уæдмæ ма уыдон æддейæ ам уыдис дыууæ сыхы – Гæззаты къуылдым æмæ Джиджджойтæ. Гæззаты къуылдым уыдис Рустауы бæрзонддæр ран, хъæуæн йæ цæгат-ныгуылæн фарс, Джермугъты кувæндоны бынмæ. Цардысты дзы æр-мæстдæр Гæззатæ. Джиджджойтæ та цардысты уæллаг Рустауæй иу дыууæ километры уæлдæр хъæды астæу. Уым цардысты æртæ мыггаджы: Плитæ, Касатæ æмæ Джиджджойтæ. Гæззатæ уырдæм æрбалыгъдысты Дзауы районы Ципранæй, Джиджджойтæ – Урсдзуарæй, Плитæ æмæ Касатæ та – Дзомагъæй. Ацы Гæззатæй рацæуæг уыдис зынгæ ирон дохтыр, фыссæг æмæ æхсæнадон кусæг Гæззаты Лади дæр.

1930 азмæ ацы дыууæ сыхы сывæл-лæттæ ахуырмæ цыдысты Рустауы скъо-ламæ. Колхозы сырæзты рæстæджы ацы сыхты цæрджытæ, Касаты йедтæмæ, æрлыгъдысты Рустаумæ. Касатæ алыгъдысты æндæр рæттæм цæрынмæ. Джиджджойты цæрæнуатæй ныгуылæны ‘рдыгæй иу дыууæ километры дарддæр Дæллаг Еграйы цардысты Къоратæ. Æнудæсæм æнусы кæрон уыдон алыгъдысты Къахетмæ. Йæ фарсмæ ис егъау дзуары пырхæнтæ, стыр ныккæндимæ. Ныр фæцис хъæды бын, фæлæ стыр арæзтад кæй уыдис, уый абон дæр бæрæгæй зыны. Иннæ мыггæгтæ дæр Рустаумæ æрлыгъдысты бындуронæй Дзауы районæй. Харебатæ – Кърозæй, Гасситæ – Бузалайæ, Кокойтæ – Чъимасæй, Къæбыстæ æмæ Коцтæ – Чеселтæй æмæ афтæ дарддæр. Бирæ мыггæгтæ уыдысты, фæлæ æмудæй цардысты æмæ абон дæр цæрынц рустауæгтæ. Сæ цины æмæ хъыджы дæр кæддæриддæр кæрæдзийæн уыдысты æмæ сты стыр ныфс æмæ æххуысгæнæг.

Ивгъуыд æнусы райдианы, бæлвырддæрæй та – 30-æм азты, колхозон арæзтады рæстæджы, Рустауы хъæуы уыдис 220 цæрæг хæдзарæй фылдæр. Сæ зæххытæ, цалынмæ сæм трактор нæ фæзынд, уæдмæ хуым кодтой 30 бæрц галгутонæй. Уый фæстæ гутæттæ фæкъаддæр сты, фæлæ сæ уæддæр пайда кодтой, трактор кæдæм нæ арæхстис, уыцы зæххыты хуым кæнынæн. Алы гутоныл дæр ифтыгъд уыдис цыппар цæды галтæ. Афтæмæй зæххытæй иунæг гæппæл дæр нæ задис æнæ хуымæй. Истой хæрзгъæд тыллæг. Колхозæн уыдис дыргъдæттæ. Кодтой халсар куыст дæр. Цынæ дзы задис! Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ, йæ рæстæджы æмæ уый фæстæ дæр се ‘ркæнгæ харбызтæ æмæ неситæ колхозонтæ уæрдæттыл ластой æмæ уæй кодтой Цхинвалы базары. Куыд дыргътæ, афтæ цæхæрадоны халсар дæр дих кодтой колхозонтæн куыстбонтыл.

Рустауæгтæ кодтой мыддарды куыст дæр. Уыдис сæм 300 чыргъæды бæрц. Зилгæ та сæм кодтой Ирыстоны кадджындæр сылгоймæгтæй сæ иу – Багаты Олгъæ. Уыцы чыргъæдтæй истой бирæ мыд, уымæн æмæ хорз зыдта мыддарды куыст. Куыстбонтæм адихы фæстæ-иу колхозмæ цы мыд баззад, уый та кодтой уæй.

Азтæ куыд цыдысты, афтæ колхоз дæр хуыздæр ифтонг цыдис техникæйæ. Уыдис ын трактор, тауæн æмæ æхсæдæн машинæтæ, æндæр æмæ æндæр техникæ. Æмбисондæн баззадис йæ хорз æмæ цæсгомджын куыстæй тракторист Тедеты Серож. Колхоз куы сырæзт, уæд йæ фыццаг сæрдар ссис революцийы активон архайæг  Дзабиты Сачино. Уый фæстæ дзы сæрдæрттæй цæсгомджынæй фæкуыстой Харебаты Дауит, Герас æмæ Самсон, Тасойты Артъем, Плиты Патонкъа, Дзукъаты Тембол, Одтаты Никъала, Дзабиты Тути æмæ Уасикъо, Тасойты Ефим æмæ æндæртæ. Куыд ма загътам, афтæмæй кæрæдзимæ се ‘ххуысы къух фæдарынмæ зивæг нæ зыдтой. Цæвиттон, 1985 азы дзæнæттаг Харебаты Димитры хъæдын хæдзар куы басыгъд, уæд хъæубæстæ йæ фарсмæ балæууыдысты æмæ йын сарæзтой хуыздæр хæдзар.

Рустауæгтæй бирæтæ активон хайад истой революцион цауты, ног царды сæрыл карз тохты. Ахæмтæ уыдысты: Дзабиты Сачино, Коцты Сандро, Тасойты Дриш, Харебаты Сардо, Герас, Уасил, Ясон, Шакро, инæлар Алекси, Багаты Герсан, Цхуырбаты Оскъе, Тыбылты Ар-чил, Кокойты Разден æмæ бирæ æндæртæ.

Рустауы цæрджытæ стырдæр хъæздыгдзинадыл нымадтой се скъола. Ам райдиан скъола конд æрцыдис Советон хицауады фæуæлахизы фæстæ, 1922 азы. Фыццаг баконд æрцыдис Харебаты Ла-дийы хæдзары, уый фæстæ та – Багаты Раздены хæдзары. Уæдмæ дурæй бæс-тыхай сарæзтой хъæуы цæрджытæ сæ-хæдæг. Фæстæдæр, 1940-æм азы, арæзт æрцыд дыккаг уæладзыг хъæдæй. Йæ инициатор уыдис ацы хъæуккаг, педагогон зонæдты кандидат Харебаты Димитр. Фæстæдæр дыккаг уæладзыг дæр раивтой æмæ йæ самадтой дурæй.

Райдиан скъола конд куы æрцыдис Рустауы, уæд йæ фыццаг ахуыргæнджытæ уыдысты Цоциты Григол, Харебаты Никъала, Цхуырбаты Любæ æмæ Коцты Сардо.

1931 азы хъæууон фæсивæды æнæххæст астæуккаг скъола куы ссис, уæд йæ фыццаг директор уыдис Дзабиты Естъа, уый фæстæ – зынгæ ирон фыссæг æмæ æхсæнадон архайæг Бекъойты Елиоз, фæстæдæр – Харебаты Баграт, Дзадтиаты Сарди, Битеты Вася æмæ 1941-1952 азты та – Харебаты Димитр. Уый фæстæ дзы директорæй куыстой Харебаты Михаил, Цхуырбаты Гаврил, Тасойты Ефим æмæ Козаты Мария. Фæстаг æртын азы, суанг 1997 азмæ, ам директорæй фæкуыста, хъæубæсты стыр ныфс Тасойты Иван. Йæ рæстæджы Рустауы астæуккаг скъола кадджын бынат ахста нæ уæды областы.

Рустауы скъолайы ахуыр чи фæцис, уыдоны фылдæр хай уæлдæр ахуырдзинад райстой нæхи педагогон институты, стæй Советон Цæдисы, Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр горæтты уæлдæр ахуыргæнæндæтты. Ацы скъолайы, раздæры ахуыргæнинаг Харебаты Юри кæй ссис медицинон зонæдты кандидат æмæ куыста Цæгат Ирыстоны медицинон академийы кафедрæйы гæсæй. Мæскуыйы стырдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы та куыста ацы скъолайы раздæры ахуыргæнинаг Тасойты Джульеттæ – математикæйы зонæдты кандидат. Цхуырбаты Михаил та куыста горæт Ждановы институтæй сæ иуы – математикæйы ахуыргæнæгæй. Рустауы скъолайы ахуыр кодтой, Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй чи нал æрыздæхтысты, уыцы фысджытæ – Тасойты Никъала æмæ Харебаты Иван, булкъонтæ – Гæззаты Митя, Тасойты Яшæ æмæ Ясон, Тыджыты Виктор.

Бирæ хорз адæймæгтæ рацыдис Рустауæй æмæ сæ абон дæр нæ рох кæнынц хъæуы цæрджытæ. Цæвиттон, уыдон абон дæр сæ зæрдыл дарынц, хъæубæсты ‘хсæн кадджын æмæ æгъдауджынæй чи фæцардис, æдзухдæр зонд фæрсынмæ кæмæ цыдысты æмæ сын ныййарæджы лæггад чи фæкодта, уыцы разагътайы лæг Багаты Раздены. Уый уыдис йæ хъæубæсты ныфс. Йæ бон цас уыд, уымæй æххуыс кодта мæгуыр цæрджытæн. Колхозтæ куы арæзтой 1929-æм азы, уæд Раздены бахастой кулæкты номхыгъдмæ, хъуамæ йæ фесæфтаиккой Сыбырмæ. Фæлæ рустауæгтæ растадысты æмæ йæ æфхæрын нæ бауагътой. Йæ фырт Багаты  Герсан уыдис революцийы активон архайæг. Фæстаг хатт куыста Дзауы райæххæсткомы сæрдарæй. Фæлæ басыгъдис 1937 азы культы азарæй. Ацы хъæуы кад æмæ радæй фæцардис педагогон зонæдты кандидат Харебаты Димитр. Уый йæ цард æгасæй дæр снывонд кодта фæсивæды хъомылады хъуыддагæн. Сарæзта æмæ мыхуыры рауагъта бирæ ахуыргæнæн чингуытæ.

Бирæ азты дæргъы хъæусоветы сæрдæрттæй фæкуыстой Харебаты Герас, Никъала æмæ Дзабиты Уасил. Уыдон сæ фæстæ ныууагътой рæсугъд фæд. Ацы хъæуы райгуырд зынгæ журналист Харебаты Михаил дæр. Уый бирæ азты дæргъы цæсгомджынæй фæкуыста газет «Хурзæрин»-ы.

Ацы хъæуы райгуырд, Зары æфцæгыл «царды фæндаг» чи алыг кодта, уыцы инженер Харебаты Леонид.

Нæргæ хъæу уыд Рустау, фæлæ 1990 азæй суанг 2008 азмæ Ирыстон цы хъи-зæмæрттæ бавзæрста, уыдонæй иуварс нæ баззад йæ цæрджытæ дæр. Цард ыл йæ уæззау арм æруагъта æмæ сфæлхас ис ацы хъæу дæр йæ цæрджытæй. Æмæ  ныр дæр Ирыстоны æндæр хъæутау фидауы йæ хуымзæххытæ, уыгæрдæнтæ, сæрвæттæ, хъæдтæ, дыргъдæттæй. Фæлæ уæддæр сæйраджы сæйраг фидауы, уыцы хуымзæххытæ чи фæлдахы, уыгæрдæнты чи кæрды, сæрвæтты фос чи хизы, дыргъдæттæ чи аразы, уыцы цæрджытæй. Æмæ, уадз, фылдæрæй-фылдæр кæнæд уыдон, фылдæр кæнæд сæ бæркад, сæ цард та амондджындæр æмæ рæсугъддæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.