29-æм октябры милицийы æнæведомствойон хъахъхъæныны  управленийыл сæххæст 67 азы йæ сырæзты бонæй.  Управленийы кусджытæн райсомæй уыд цытджын рæнхъонралæуд æмæ сæм ардæм раарфæ кæнынмæ фæуазæг ис Мидхъуыддæгты министр Гæззаты Валери. Ведомствойы сæргълæууæг йæ арфæйы ныхæсты банысан кодта, æнæведомствойон хъахъхъæнынады управлени кæй у вазыгджын цæг æгас барадхъахъхъæнæг органты системæйы, йæ архайд нысанмæздæхт кæй у паддзахады фæллой хъахъхъæнынмæ æмæ æхсæнадон фæтк æвæрынмæ.

«Мидхъуыддæгты министрады хæстæ фыццаграды сты профилактикæ æмæ фыдракæнд са-разын ма бауадзын. Хуыздæр у, цæмæй фыдракæнд кæнæ фæткхалæн цау ма æрцæуа арæзт æмæ йæ стæй ма хъæуа æргом кæнын. Профилактикæйы хъуыддагмæ егъау хайбавæрд ис уæ управленийæн. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй мын уат æнтыстджын куысты дæр æмæ бинонтимæ царды дæр», – загъта Мидхъуыддæгты министр.

Гæззаты Валерийæн йæ фыды æфсымæр дæр советон дуджы куыста милицийы æнæведомствойон хъахъхъæнынады 1960-æм азтæй фæстæмæ. Уый фæстæ йын йæ хъуыддаг милицийы хаххыл адарддæр кодтой Гæззаты Валери æмæ йæ дыууæ æфсымæры. Уыдон абоны бон дæр цæсгомджынæй æххæст кæнынц сæ службæйон хæстæ.

Управленийы кусджытæн ма раарфæ кодтой министрады æндæр бæрнон кусджытæ дæр. Сæ службæйон хæстæ иттæг хорз кæй æххæст кæнынц æмæ ма управленийыл дæр 67 азы кæй сæххæст ис, уый фæдыл цалдæр кусæджы хорзæхджын æрцыдысты ведомствойон хорзæхтæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.