Мыхуырæй рацыд журнал «Мах дуг»-ы ацы азы фыццæгæм номыр.
Журналы фыццаг цъар рафæлдахгæйæ, журналкæсæг бакæсдзæн зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы ныхæстæ: «Зæххæн ницы тас у, зæхх зæххæй баззайдзæн, фæлæ нæ адæм се ‘взаг куы ферох кæной, уæд ирон адæм нал уыдзысты. Сырдтæн, цæрæгойтæн аразынц, «Сырх чиныг» кæй хонынц, уый, уæд цардæгас адæмæн цæуылнæ ис ахæм чиныг? Æппæты фыццаг нын нæхицæй тас у! Нæ хæдзæртты цæуылнæ дзурæм иронау? Сывæллонæн ницы зын у дыууæ æвзаджы базонын. Хæдзары куы нæ дзурой, уæд ма кæм хъуамæ дзурой?
Абон ацы ран ард бахæрæм, не ‘взагыл кæй дзурдзыстæм, кæй йæ хъахъхъæндзыстæм, уый тыххæй».
Журнал байгом рубрикæйæ «Æмдугонты хъуыдытæ», зæгъгæ. Йæ бынмæ мыхуыр цæуы РЦИ-Аланийы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Фидараты Юрийы ныхас. – «Нæ мадæлон æвзаджы фидæн аразгæ у нæхицæй. Уымæн æмæ йыл мах йедтæмæ ничи батыхсдзæн… Нæ республикæйы газетты æмæ журналты кусынц фæл-тæрдджын æмæ зондджын редактортæ, журналисттæ. Фæлæ уæддæр, нæ размæ цы тыхстаг фарстатæ æвзæры, уыдонæн сæ сæйрагдæр у, се ‘хсæн, иронау чи фысса, ахæм кæстæртæ бирæ кæй нæй. Газеттæ «Рæстдзинад», «Дигорæ», журналтæ «Мах дуг», «Ирæф» куы ничиуал кæса, уæд нæ фидæн уыдзæн æбæрæг…», – зæгъы уый йæ ныхасы.
150 азы сæххæст, ирон аив прозæйы бындурæвæрджытæй сæ иу, Коцойты Арсены райгуырдыл. Журналкæсæг æхсызгонæй бакæс-дзæн фыссæджы радзырд «Цы ‘рцыди Фæзыхъæуы æмбисæхсæв».
Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон поэт Дзасохты Музаферыл сæххæст 85 азы. Уый тыххæй журнал мыхуыр кæны Фысджыты цæдисы сæрдар Агънаты Гæстæн æмæ «Мах дуг»-ы кусджыты арфæтæ «Фæрнæйдзаг хистæр» æмæ «Дуджы хæрзгæнæг». Мыхуыр ма цæуынц къамтæ «Æм-хъæуккæгты арфæтæ» æмæ Музафер йæ хиуæттимæ. Журналы ма мыхуыр цæуынц Музаферы уацмыстæ «Тырысатæ», «Æнахуыр зарæг», «Æфцæджы сæрты», «Фæсмон», «Бæхы цæссыгтæ», «Арс æмæ йæ фæд». «Музаферы тыххæй зæ-гъынц…» – ахæм сæры бын мыхуыр цæуынц Цыбырты Людвиг – «Поэты сагъæс – мадæлон æвзаг», Хуыгаты Сергей – «Хæлар æмæ парахатзæрдæ адæймаг», Гусалты Барис – «Æфсармы уацайраг» æмæ æндæрты арфæтæ (æрæмбырд сæ кодта Тъехты Тамерлан). Мыхуыр ма æрцыд Куыдзойты Анжелæйы иртасæн куыст «Дзасохты Музаферы идиостилы миниуджыты тыххæй», зæгъгæ.
Сергей Малаховы уац «Чырыстон дины фæкъахыры аххосæгтæ» мыхуыр цæуы рубрикæ «Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бонмæ».
«Аивад, культурæ»-йы бынмæ мыхуыр æрцыд РЦИ-А сгуыхт нывгæнæг, дизайнер Пухаты Вадимы тыххæй уац «Дуджы барæг».
«Мах дуг»-ы равдыст» нæ зонгæ кæны Пухаты Вадимы куыстытимæ. Журнал мыхуыр кæны йæ конд нывтæ: «Сæрмæттæ», «Урс барæг», «Сæрмæтты бæхæфсад» æмæ æндæртæ.
Рубрикæ «Æрыгæтты æрмдзæф»-ы бын журналкæсæг бакæсдзæн Дзæуджыхъæуы медицинон колледжы ахуырдзау Кæркуысты Динæйы аргъау «Халон æмæ хъал чызг».
«Ног уацмыстæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бынмæ мыхуыр æрцыд Джимиты Анжелæ æмæ Калинина-Джимион Лянæйæн сæ фыды мысинæгтæ «Æфсады рæнхъыты».
Рубрикæ «Публицистикæ»-йы бынмæ бакæсдзыстут Гусалты Барисы «Уыгæрдтæ», «Гогызты аргъ», «Хæсты размæйы хорз адæм», «Сахъат цот», «Зынтæ фенæг», «Кæйдæр маст».
Цгъойты Хазбийы уац «Уыцы уæззау бонтæ…», зæгъгæ, мыхуыр цæуы рубрикæ «Фыссæг æмæ хъысмæт»-ы бынмæ. Журнал ма мыхуыр кæны «Мæйы цаутыл афæлгæст» дæр.

Дзебысаты Г.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.