2016 азы 21-æм август бацыд Хуссар Ирыстоны спортивон историмæ. Рио-де-Жанейройы Олимпион чемпион ссис цхинвайлаг хъæбысæйхæцæг Рæмонты Сослан. Фырцинæй Цхинвалы цæрджытæй бирæтæ рахызтысты горæты уынгтæм æмæ ирон тырысатимæ рацу-бацу кодтой кæрæдзийæн арфæтæ кæнгæйæ. Рæмонты Сослан Олимпиадæмæ ацыд куыд сыгъзæрин майданмæ сæйраг претенденттæй сæ иу, афтæ. Йæ сæйраг ныхмæлæуджытыл нымад цыдысты италиаг Франк Чамезо æмæ азербайджайнаг Тогрул Асгаров. Уыдонмæ абаргæйæ Сослан акодта иу тох фылдæр. Уый бахъуыд квалификацион раунд дæр рацæуын. Уым  7:1 хыгъдæй рамбылдта кубæйаг спортсмены, кæцы хъахъхъæны Канадæйы спортивон кад. Уый фæстæ та фæуæлахиз Кубайы командæйы уæнг Алесандро Вальдесыл – 11:3. Финалы 1/4 хайы цхинвалйаг спортсмен 6:0 хыгъдæй тыхджындæр уыд монгойлаг богал Мандахнаран Ганзоригæй æмæ ахызт æрдæгфиналмæ. Ацы тохы райдианы Сослан æнæнхъæлæджы 4:0 хыгъдæй æмбылды кодта узбекаг Ихтийор Наврузовæн. Ирон спортуарзджытæ, æвæццæгæн, тæрсгæ дæр фæкодтой, куы фæхæрд уа, уымæй. Уымæн æмæ Сослан Наврузовæн фæхæрд 2015-æм азы дунейы чемпионаты. Фæлæ Рæмоны фырт Бразилимæ æрцыд æрмæстдæр рамбулыны тыххæй. Йæ архайд бæрæг фæактивондæр кодта æмæ йæ рамбылдта æмгъуыдæй раздæр. Цхинвайлаг лæппу йæ ныхмæлæуæджы ныддæрæн кодта 18:7 хыгъдæй æмæ ахызт финалмæ. Уыцы рæстæджы сыхаг гауызыл финалмæ ахизыныл тох кодтой  Сосланы сæйраг ныхмæлæуджытæ Чамизо æмæ Асгаров. Ацы тох рауад тынг æндыгъд. Йæхи арæхстджындæрæй равдыста Асгаров æмæ ахызт финалмæ. Æвæццæгæн, Рæмонты Сосланæн йæ бæллиц дæр уый уыд, цæмæй финалы фембæлдаид азербайджанаг спортсменимæ. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ Асгаров 4 азы размæ Олимпион хъæзтыты финалы рамбылдта Сосланы уарзондæр хъæбысæйхæцæг дзæнæттаг Къудухты Бесикы æмæ йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæндыд Бесикы маст райсын. Æмæ, æцæгæйдæр, тохмæ рахызт уæлдай хъаруджындæрæй æмæ фыццаг период дæр нæма фæци, афтæмæй йæ ныхмæлæууæджы рамбылдта 11:0 хыгъдæй æмæ ссис Олимпион хъæзтыты чемпион.

Тохы фæстæ Рæмонты Сослан куыд загъта, афтæмæй йæ уырны, æмæ йæм Бесик кæй каст уæларвæй æмæ, зæгъ, ацы майдан рамбылдта йæ номыл.

Сослан ссис 3-аг адæймаг, кæцы нæ республикæйæ ацæугæйæ, ссис Олимпион чемпион. Ацы хъуыддагмæ республикæйы цæрджытæ рагæй æн-хъæлмæ кастысты. Фæстаг хатт ма хуссарирыстойнаг спортсмен Олимпион чемпион ссис 16 азы размæ. 2000 азы æртыккаг сыгъзæрин майдан рамбылдта цхинвайлаг штангист Къаха Кахиашвили. Хъæбысæйхæцджытæй та фæстаг хатт ахæм æнтыст йæ къухты бафтыд Богъиты Вадимæн, кæцы 1996 азы фæуæлахиз Атлантайы Олимпион хъæзтыты. 2004 азы сыгъзæрин майдан рамбулынмæ æввахс уыд Лалыты Геннади дæр, фæлæ финалон тохы фæхæрд æмæ ссис Афинты Олимпион хъæзтыты æвзист майданы хицау.

21-æм августы ирон спортуарзджытæ æнхъæлмæ кастысты дыккаг сыгъзæрин майданмæ дæр, фæлæ та, хъыгагæн, Азербайджаны спортивон кад хъахъхъæнæг Гозымты Хетæгæн нæ бантыст Олимпион чемпион суæвын. Цалдæр тыхджын богалы рамбулгæйæ, уый бæргæ ахызт финалмæ, фæлæ уым фæхæрд америкæйаг Снейдерæн. Æмæ афтæмæй йæ дыууæ бронзæ майданмæ æрбафтыд æвзист майдан.

Бон раздæр ма Ирыстоны спортуарзджыты стыр ныфс уыдис иннæ цхинвайлаг богал Зассеты Аленæй дæр. Уый архайдта 120 кг уæзы категорийы. Уый фыццаг тохы рамбылдта ерысты фавориттæй сæ иу уæрæсейаг Билял Маховы. Фæлæ фæстæдæр æнæнхъæлæджы фæхæрд.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.