ХЪАЗИТЫ МЕЛИТОНЫ РАЙГУЫРДЫ 70 АЗЫ БОНМÆ

Нæ абоны литературон зиууæттæй иу у Хъазиты Мелитон. Ирвæдæны стъалытимæ куы байдыдта ныхас кæнын, йæ зæрдæйы рæсугъд тынтæ куы байдыдта нывæндын, уæд йæ уарзон Иры арвыл фæзындысты тар, кæуындзаст мигътæ, уасын райдыдтой Ирыстоны сæрмæ фыдбоны халæттæ.

Алчи дæр йæхи барæнтæй бары. Фыдæлтæй нын баззад сыхаджы уарзын, сыхагæн лæггад кæнын. Сыхæгтæй нæ амонд кæй нæ фæци, уый нæм абон дæр кæронмæ нæма бахъардта. Нæ хуссайраг сыхæгтæ нын цæрæнбонты «Сыгъдæг быдыр» кæй цæттæ кодтой, уый нын æргомæй фенын кодтой 1990 азты.

Хуыздæр нæ уыди нæ уавæр цæгаты. Нæ ныхмæ сыстадысты хъулгъа дæр. Ныббырстой нæм дыууæрдыгæй, Ирыстон туджы малы æвдылд, цы ахастой, уый та лæппутæ федтой.

Рæстæй Ирыстоны туг ныккалд. Ахæм уавæры бахауд йæ сæрдыгон бонты Мелитон æмæ йæ фæдисы хъæргæнгæйæ зæгъы:

«Ир, мæ Ирбæсты ‘ргъиуы

Садзынц гуырдзы æрцытæ

Судзынц Чъребайы риуыл

Стыр фæдисы æртытæ…».

Фæдисы хъæримæ дзæнгæрджытау зæлынц поэтæн йæ тохмæсидæг дзырдтæ дæр:

«Тохмæ рацæут иууыл!

Иры арвыл æрхуы тæлм…

Судзынц Чъребайы риуыл

Иры фидæны æртытæ».

Йæ сабион бонтæй абонмæ æнæрынцой зæрдæйы хицау у Мелитон. Хæдзары куыстыты æмрæнхъ йæ тыхтæ радта нырма ахуырмæ, стæй та сфæлдыстадон куыстмæ.

Мелитон райгуырд Цхинвалы районы Ног хъæуы, 1948 азы ноябры мæйы колхозон бинонты хæдзары.

Ног хъæу æвзонг лæппуйæн фадæттæ аразæг нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд ахуыр кæнын Ортъеуы, Уæллаг Черейы, стæй та Ксуисы астæуккаг скъолайы.

Уый фæстæ æнтыстджынæй каст фæцис нæ институты ирон æвзаг, литературæ æмæ фæсарæйнаг æвзæгты факультет.

Студентон бонты фæбæрæг сты йе ‘взыгъддзинæдтæ  мадæлон æвзаджы къæбицмæ ныккæсынæн, нывæфтыд литературæйы хæзнадонмæ бахизынæн. Ам базонгæ бæстонæй Къостайæ райдайгæйæ нæ къласикон литературæимæ, уырыссаг, фæсарæйнаг æмæ Кавказы адæмты литературæимæ.

Кæд йæ литературон куыст скъолайæ райдыдта, уæддæр йе студентон азтæ схъæздыг кодтой Мелитонæн йæ фыссæн сисы авналæнтæ. Алыгъуызон литературон изæртæ, студентты зонадон кружокты куыст, зонадон конференцитæ фаг цæттæдзинад радтой суинаг поэт æмæ прозаикæн, драматург æмæ публицистæн. Ардыгæй райдыдта йæ зонадон куыст дæр – ссис филологон зонæдты кандидат.

Институты фæстæ уал Мелитон бавнæлдта егъау æхсæнадон куыстмæ. Æмæ кæмыты нæ куыста: газет «Хурзæрин»-ы литературон кусæг, рауагъдад «Ирыстон»-ы редактор, телекомпани «Ир»-ы редактор. Уыдис парламенты депутат, 1990 азæй у Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар (фæстæдæр – Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар), Фысджыты цæдисы уæнг та  1976 азæй. Уыцы куысты æмрæнхъ Хъазиты Мелитон кусы Уанеты Захары номыл занад-иртасæн институты литературон хайады, стæй уæд Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы кафедрæйы. Зонадон куысты æмрæнхъ кæны ахуыр-хъомыладон куыст дæр.

Æвæллайгæ зиууон у Мелитон нæ поэзийы, æхсæв нæ хуыссы, бон нæ бады, фæлгæсæн рындзæй кæсæгау кæсы Ирыстоны хæхтæ æмæ быдыртæм, æдзæллаг уавæрмæ чи æрхауд, кæддæр цард цæджджинагау кæм æхсыст, уыцы комбæстæм, уыцы хъæутæм.

Йæ зæрдæ дзы цæмæй рухс кæны, уыдоныл мидбылхудгæйæ зары, цæуыл риссы йæ зæрдæ, уыдоны рæгъмæ хæссы æмæ сыл дзуры, цы у сæ аххосаг, цы нæ хъæуы саразын, æппæт уыдæттыл.

Нæ литературæйы алы жанры дæр егъау у йæ хайбавæрд Мелитонæн.

Йæ поэзийы сæйраг фарстытæ сты – адæм æмæ Фыдыбæстæ, не ‘взаг æмæ нæ диссаджы æгъдæуттæ, рагон Ирæй ардæм цахæм уыд нæ царды уаг æмæ уавæр, Ирыстоны ивгъуыд æмæ абон, нæ адæмы хорздзинæдтæ æмæ нæ удыгъæды иуæй-иу аиппытæ.

Ацы ахсджиаг фарстытæн аккаг дзуаппытæ ссарæн ис йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Азæлд»-ы.

Хæццæ дуг йæ бон калы, дæхионæй дæ бон хорз дæр ма зæгъ, зонады дзыппытæ къахынц чидæртæ æмæ афтæмæй сæхи хонын райдыдтой Нартæ æмæ Алантæ.

Аланты фæд агурджыты къорд раст æмбарын кæнынц, Нартæ æмæ Алантæ Иры кæй сты. Поэт Мелитон арæх ныссагъæс кæны ивгъуыд Нартыл – Алантыл, зæрдæмæхъарæг дзырдтæй кæны сæ кой Алантæн.

Йе ‘мдзæвгæ «Алантæ»-йы зæрдæрисгæйæ зæгъы:

«Насау афаст йæ астæуыл, фæдих,

Носæй баззадысты хæхтæ».

Поэт Аланты фæндæгтыл йæ цæст куы рахæссы, уæд æрхæццæ вæййы абоны Ирмæ, Ирыстоны тохы фæндæгтæм, æмæ сыл дзуры йе ‘мдзæвгæ «Чъребайаг лæппуйы зарæг»-ы.

Дзуры цæхæры гуырд ирон, чъребайаг лæппу цы уавæры ис, цæуыл у йæ сагъæс, цы уыны æрвылбон дæр йæ цæстæй. Зæгъы: нал сæрд уынæм, нал – фæззæг, топпыхосы фæздæг бады хъуыры, фæлæ уæддæр знаджы баскъæрдтам йæ хуынкъмæ.

Уæззау уавæры уыд Цхинвал, уыд знаджы æрхъулайы. Поэт нымайы Цхинвалы хъуагдзинæдтæ йе ‘мдзæвгæ «Цхинвайлаг цард»-ы. Нæй дон, кæрдзын, рухс, фæлæ быхсынц адæм.

Ахæм дуджы та Ир сфæлхатт кодтой Къостайы ныхæстæ: «Цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг!». Уыимæ иумæ, Иры фидар хъуыды уыд: рæстдзинадæн сæфæн нæй, арты нæ су-дзы, дон æй нæ ласы, кард æй нæ кæрды. Уый  та  уыд  ирон  адæмы ныфсы мæсыг æмæ-иу алы хатт дæр сæхи афæ-дзæхстой лæгты дзуар Уастырджыйыл.

Мелитон йæ адæмы патриот у, зæрдæрыстæй сæмбæлд Юнескойы хъусинагыл. Ирон æвзаг æмæ æгъдæуттæн сæфæн, мæлæн кæй нæй, уый фидарæй загъта йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд чиныг «Æнусон рис»-ы, уæлдайдæр та æмдзæвгæтæ «Нæртон удæвдз», «Æнустæм ис», «Ме ‘взаг», «Булæмæргъы зарæг», «Дзыназы хъарæгау нæ зарæг», «Æвзаджы тых», «Ирон дзырд», «Нæй амæлæн», «Ирон æвзаг», «Ирон зарæг», «Ацæмæзы уадындз» æмæ бирæ æндæртæ.

Поэт уæндон æмæ фидарæй зæгъы: ирон æвзагæн амæлæн нæй уæдмæ, цалынмæ кæсæм Къостайы, Секъайы, Уасойы.

Кæм ис фадат Мелитоны поэтикон бынтыл æрдзурынæн. Йе ‘мдзæвгæты æмбырдгæндтæ: «Алдымбыд», «Хуры фырттæ», «Рисс», «Æнусон сагъæс», «Цатыр» æмæ æндæртæ бирæ ахсджиаг фарстытыл дзурынц, дуг-рæстæджы цæсгом реалонæй æвдисынц.

Мелитон стыр тыхтæ хардз кæны ирон сывæллæтты литературæ схъæздыг кæныныл. Йæ поэтикон æмбырдгæндтæ дзæвгар сты, фæлæ уыдоны ‘хсæнæй бæрæгæй æрттивынц 6 чиныджы, сывæллæтты царды уаг, сæ зæрдæты æнкъарæнтæ æвдыст кæм цæуынц.

Æрвнæрæгау дунетыл айхъуыст 2004 азы сентябры райдианы Беслæны тугуарæн бонты кой, æнахуыр æмæ æбуалгъы трагедийы кой, æнæаххос сывæллæтты, ныййарджыты, хоты æмæ æфсымæрты, зæрæдты бабыны, байсæфты кой.

Фæрыст дунейы адæмты, иууыл тынгдæр та нæ Ирыстоны зæрдæ. Нæ литературæ, нæ историйы егъау бынат æрцахста ацы хабар, стыр бынат æрцахста Мелитоны сфæлдыстады дæр. Йæ чиныг «Рисс» æнæхъæнæй дзурæг у Беслæны егъау трагедийыл.

Кæуынæй цард нæй, Ирыстоны сабитæ рæвдауинаг кæй сты, ууыл арф ныхъуыды кодта Мелитон æмæ йæ хъуыдытæ зæгъгæ дæр кодта æмдзæвгæтæ: «Рембо», «Дзывылдар», «Мыртгæ», «Саг», «Зыдыкка», «Уызыны катай», «Тыхуа-сæг», «Мит», «Арвырон», «Байрæзинаг». Æппæт æмдзæвгæты нысаниуæг, стæй поэтæн йæхи фæндиæгтæ, бæллицтæ æргомæй разындысты йе ‘мдзæвгæ «Дадайы хуртæ»-йы.

Дадайы æвзагæй царды рæсугъд дидинджытæ  сабитæн зæгъы:

«Хурты хурау худут.

Уæнт мæ лæггæдтæ уын тайæн

Байрайæд уæ хур-уд

Зарæг амонут «Дæ-да-дæй»,

Ма фæтыхсут мур дæр

Байрæзут æмæ дадайæн

Бахæрут йæ уд дæр».

Хъазиты Мелитон прозæйы фадыджы дæр бирæ хæрзты бацыд сабитæн. Дзæвгар у сæ нымæц, сывæллæттæн кæй ныффыста, уыцы радзырдтæн.

Йæ чингуытæ «Рувийы балц» æмæ «Дзыхы къæбæл» бирæ алыгъуызон хæстæ æвæрынц сабиты раз. Йæ радзырд-ты тематикæ у алыгъуызон, фæлæ сæ сæйрагдæртæ сты: сывæллон хъуамæ уа уæндон, ныфсджын, цæсгомджын, æгъдауджын, архайа зындзинæдтыл фæтох уæвынмæ, кæса коммæ, хъуса зондамонæгмæ, уарза чиныг, æрдз æмæ мæргъты.

Мелитон алыварсон курдиаты хицау у, фæлæ зæгъæн ис, прозæйы фадыджы йæ тыллæджы райст бирæ хуыздæр у.   Ууыл та дзурæг сты йæ уацмысты æмбырдгæндтæ: «Зæлы зарæг», «Уарзты монц – зæрдæйы кадæг», «Алмас», «Чызджы зæрдæ», «Окрос саламури», «Æнæ фæхудгæ, æнæ фæкæугæ» æмæ йæ роман «Фæлдзæуæн рæстæг».

Куыд поэзийы, афтæ прозæйы фадыджы дæр ахсджиаг фарстытæ хæссы рæгъмæ. Цард тындзы йæ размæ æмæ йæм гæппыввонгæй лæууы Мелитон дæр. Дуджы сагъæстæ, дзыллæйы цин æмæ рис, æгъдау æмæ намыс, хистæр æмæ кæстæр, фарн æмæ амонд, лæгдзинад æмæ дæлæсиндзинад, Ир æмæ Ирыстон, Алантæ æмæ абоны Ир.

Нæ прозаик сыл дзуры æмæ сæ хæссы рæгъмæ ахæм  хъуыдыимæ: ирон хъуамæ баззайа иронæй, æндæр фæндаг нæй махæн. Дзырд ИРОН цы бынат æрцахста Мелитоны зæрдæйы, уымæн та бамбарæн ис, уæлдæр ракойгонд уацмыстæ куы бакæсай, уæд.

Хъазийы фырт фæсивæды хъомылгæнæг у. Уыдоны царды уаг, зæрдæйы ахаст æвдисынмæ Мелитон бавнæлдта йæ роман «Фæлдзæуæн рæстæг»-ы. Уый у нæ литературæйы фыццаг ахæм роман, студентты цардыл дзырд кæм æрцыд.

Мелитонæн йæхи хайбавæрд ис ирон драматургийы фадыджы. Йæ пъесæтæ кæд дзæвгар не ‘сты, уæддæр дзы нæ къухы цы ис, уыдон – «Хъæбулы амонд» æмæ «Гæдыла паддзах» æнтыстджынæй цæуынц нæ театры сценæйыл. Райгондæй сыл сæмбæлдысты нæ театрдзаутæ.

Зонады къабазы Мелитон арф балæгæрста, уæхскуæзæй бавнæлдта ирон литературæйы истори аразынмæ. Ацы фадыджы йын бантыст 5 чиныджы рауадзын. Уыцы чингуытæм дзæвгар æрцыд хаст нæ фысджытæй. Ацы фадыгыл кусы дарддæр æмæ нæ ныфс ис, нæ фысджытæй ма бирæты кой кæй ракæндзæн.

Ныффыста сæрмагонд чингуытæ Къостайыл, Гафезыл, Нафийыл, Камалыл, кусы Шамилыл.

Ахсджиаг сты махæн абоны бон йæ публицистон куыстытæ. Ирон адæмы 10 съезды, стæй нæ хæдбардзинады 10 азы боны стыр ныхас фæцыд Тырсыгом, Хъуды ком, Къобы атагъатыл. Мелитон ацы фарстыты тыххæй йæ хъуыдытæ загъта йæ къаннæг чиныг «Цы фæцис Ирыстон, нæ Хурскæсæн» -ы, кæцы мыхуыры рацыд 2013 азы.

Хуссар Иры уавæр æмæ йæ сомбоны сагъæс ирдæй разындысты Мелитонæн мæнæ ацы чингуыты: «Удæй зынаргъдæр – СÆРИБАР» (2012) æмæ «Сабыр дзуринæгтæ» -йы, (2012).

Нæ сыгъзæрин журнал «Фидиуæг» цæры, кусы 1927 азæй. 2007 азы банысан кодтой нæ журналы 80 азы бон. Ацы ахсджиаг бæрæгбоныл Мелитон сæмбæлд йæ зынгæ зонадон куыст «Æнусы къæсæрыл», зæгъгæ, ахæм номимæ. Уал азы дæргъы «Фидиуæг»-ы лæггæдтæ цахæмтæ уыдысты, уыдæттыл лæмбынæг ныхас æрцыд ацы куысты.

Ирон æмдзæвгæты сконд, ирон æмдзæвгæты ритм æмæ рифмæты тыххæй бакуыста Мелитон. Йæ куыст схуыдта «Къæбæлдзыг ныхас». Нæ литературæимæ хъуыддаг кæй ис, уыдонæн ахсджиаг у ацы чиныг.

Не ‘взаджы мæгуыр цы ирæттæ хонынц, уыдон æй нæ зонынц, махæн фыдхъæзныг æвзаг кæй ис. Уæдæ бакæсут Мелитоны чингуытæ «Ирон æлгъыстытæ» æмæ «Ирон хæзна», кæддæра нæ зæгъиккат, махæй амондджындæр нæй, ахæм æвзаг кæмæн ис. Уымæн зæгъы Уасо: «Ирон æвзаг ахæм хъæзныг у, æмæ йыл алцы зæгъæн дæр ис».

Уæлдæр æй загътон, алыварсон курдиаты хицау у Мелитон. Кæны тæлмацы куыст дæр ирон æвзагмæ.

Йæ тæлмацтæ: «Продай мне мужа» – М.Задорнов, «Золушка» – Б.Баранов, «Фуэнте Овехуна» – Лопе де Вега, «Он, она, окно, покойник» – Рэя Куни, «Дон Жуан или каменный гость» – Мольер, «На краю неба» – Виталий Асовский и Линас Мариус, Чехов æмæ æндæртæ хорз хуын сты нæ литературæйы хæзнадонæн. Нæ театры сценæйы дзы бирæтæ рарттывтой.

Мелитоны фыдæбæттæ, Мелитоны лæггæдтæ рох не’сты нæ адæмæй, йе ‘мзиууон фысджытæй.

Дзæнæты бадинаг Нафи афтæ загъта: «Хъазиты Мелитон ныртæккæ ис йæ аивадон зиуы бæстастæу. Бирæ ахсджиаг уацмыстæ сфæлдисын бантыст уымæн йе ‘нувыд куыст æмæ хъомысджын курдиаты руаджы».

Мелитон сабиты зæрдæтæм цы фæндаг ссардта, уый тыххæй йæ рæстæджы Дзугаты Георги афтæ загъта: «Кæстæр кары саби-тæн Хъазиты Мелитоны фыст æмдзæвгæтæ сты зæрдæмæдзæугæ  æлвæст, хуымæтæг, сабийы зæрдæмæ чи фæцæуа, ахæм уагыл фыст».

Стыр райгондæй сæмбæлд Ходы Камал Мелитоны чиныг «Цатыр»-ыл. Афтæ дзы зæгъы: «Мелитоны чиныджы мæм сæйраг рап-пæлинаг цы кæсы: йе’мдзæвгæты бæрæг дары Ирыстоны хъысмæт».

РХИ-йы фыццаг президент профессор Цыбырты Людвиг æнæ уынгæ, æнæ хатгæ нæ уыд, Мелитон æнæрынцой зæрдæйы хицау кæй у æмæ йæ зæгъгæ дæр кодта: «Æмæ мæм фæстаг рæстæджы афтæ кæсы, цыма мæнæ вулкан куыд стоны, афтæ ацы лæгæн (Мелитонæн – П.Г.) дæр йæ курдиат срæмыгъта… Стæй у алыварсон: уый дын – драматурги, уый дын – поэзи, уый дын – прозæ, уый дын – зонады… Алцæмæ дæр йæ ныфс хæссы».

Дзæнæты бадæт нæ зынгæ прозаик Булкъаты Михал. Уый та афтæ загъта: «Хъазиты Мелитон аив дзырд сифтындзынмæ кæй арæхсы æмæ йын йæ мидисæн спецификон миниуæг кæй радты, уый фæрцы йæ къухы арæх бафты фæд-фæдыл цаутæн сæ хуызтæ равдисын».

Журнал «Ногдзау»-ы раздæры редактор Дзассохты Музафер (абон та – хæдивæг) Мелитоны змæлд, архайд, йæ бынтæм куы акаст, уæд йæ ныхас уæндонæй загъта: «Уарзы кусын, фæллой кæнын Мелитон». Мелитонæн фæдзæхсæгау та зæгъы: «Курдиат Хуыцауæй лæвæрд у. Æмæ дзы иугæр фæхайджын дæ, уæд æй амондыл нымайын хъæуы».

Мелитоны курдиаты æвæрæнтимæ хорз зонгæ у профессор Къусраты Анатоли. Анатоли филолог нæу, у физик, математик. Мелитонæн афтæ зæгъы: «Ирыстоны адæм цæмæ бæллыдысты, уый æрыййæфтой æмæ нырæй фæстæмæ де ‘сфæлдыстады фылдæр хъæлдзæг мотивтæ цы уа, æмæ дæ дзырд æвдадзы хос уæд адæмæн».

Нæ дуджы ирон литературæйы сæрæн гуырдтæй иу уыд,  дзæнæты бадæт, Æлборты Хадзы-Умар. Уыд филологон зонæдты кандидат. Мелитоны æфтауцыл йæ цæст куы рахаста, уæд æргом æмæ уæндонæй загъта: «Нæ прозаик йæ хъайтарты хъысмæтмæ   куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсы, йæ зæрдæмæ сæ хæстæг кæй исы, уый руаджы йæ уацмыстæм æмхиц у зæрдæбын лиризм».

Нæ гимны автор, зынгæ ирон поэт æмæ тæлмацгæнæг, Къостайы премийы лауреат, Кокайты Тотрадзы хъуыды та ахæм у: «Дæ алы уацмыс дæр (Мелитонæн – П.Г.) у хæдбындур, хуызджын æмæ мидисджын æвзагæй фыст».

Мелитоны сфæлдыстадон фæндæгтимæ хорз зонгæ чи у, уыдонæй иу у Гæбæраты Юри. Мелитоны тыххæй йæ хъуыды ахæм у: «Мелитонæй рох никуы уыд æмæ у йæ сæйраг хæс – нацийы риссаг фарстытæй хи иуварс айсыны бæсты сæ цæхæры судзын кæй хъæуы».

Мелитон у Къостайы номыл премийы лауреат, Республикæйы зонæдты сгуыхт архайæг, хорзæхджын æрцыд ордентæ æмæ майдантæй.

Мелитоныл бирæ дзурæн, бирæ зæгъæн ис, фæлæ кæм ис се ‘ппæтыл дзурыны фадат.

Зæгъын уал хъæуы уый, Мелитон абон ракасти 70 азы мæсыгы сæрæй. Нæ цæст ын уарзы дарддæр дæр дзæвгар азтæ батонын, йе сфæлдыстадон къæбиц фæхъæзныгдæр кæнын, цæмæй та фæстæдæр, йæ 100 азы бон  бæрзонддæр мæсыгы сæрæй ракæса.

Мелитон фæллойбонтæй хъæзныг у, хъæзныг у хæдзары фæллæйттæй. Æмкъай, æмзæронд баут Ленæимæ, уæ зæнæджы хурæй æфсæст ут, ноджы дæр бирæ кæнæт уæ кæстæртæ, стæй уæд уыдоны кæстæртæ дæр.

Дæ тых, ныфс, де ‘нæниздзинад макуы фæцудæнт. Дæ зæрдыл кæддæриддæр дар куырыхон Секъайы ныхæстæ. Уый та нæ фæдзæхста:

«Дæ ныфс куы асæтта,

Уæд сæфт дæ. Уый зон!

Дæхи зæрондæй дæр

Лæппу-лæгтæй хон!»

Фæцæр нын бирæ!

ПЛИТЫ Гацыр

 

_______________

 

ХЪАЗИТЫ Мелитон

УЫЙ ЙÆ СÆРЫЛХАСТ

ФÆУÆД

Рагæй Иры нæл куыдзы хæрд

Кодтой цал æрдызт рæуæд?!

Ирæй чи ˊппары комдзаг- къæртт,

Уый йын тагъд нывонд фæуæд!

 

Иры гæркъайæ чи ˊлгъивы

Сой йын дзы æртæдзид кæд;

Иры бандæттыл чи ивы,

Уый йын нывонд уæрыкк уæд!

 

Иры-фарн тæсчъыты чи ˊнтъухы

ˊРвыст нæм у, гъе, у æлхæд;

Ирæй бур фиутæ чи тухы,

Уый йæ сæрылхаст фæуæд!

 

Ир кæдæмдæрты чи ˊвазы,

Не знæгтырдæм,  цъахтæн циу?

Ир кæй хъуыры фæирвæзы,

Уый куыд бафæнда йæ сиу?!.

 

Иры холыйæн чи дæтты,

Адæймаг у, гъе, у «зæд»

Арт ысирвæзæд йе ˊтæртты,

Иры номсæфтæй цæуæд!

 

Хуысары цæф – йæ артæнты,

Зæххыл фесæфæд йæ фæд –

Иры баиу кæй нæ фæнды,

Уый йæ сæрылхаст фæуæд!

26.09.13 аз

 

ФЫДДУГ

Куыдфæнды йæ нымай: нæ дуг – фыддуг.

Фыдсыхæгты цæфтæй кæлы нæ туг.

Зæронд уа, саби – раскъæрынц ныл фыд,

Хæрынц зыдæй аллон-биллоны фыд.

 

Дæлдæр ныххауæд сабихор æвзæр –

Нæ иу ныдздзæхстæй атæхы йæ сæр!

Ироны фенд сын – удхæссæг сау рын.

Нæ бæллиц та – цъæх арвы бын цæрын.

 

Хæрæм нæ иугонд Иры зæххæй ард.

Нæ сау фыдызнаг тагъд æрцæудзæн тард.

Цæхæр ыскалдзæн рагон иурыстон –

Нæ Республикæ Иууон Ирыстон!

 

 

ИРОН ÆВЗАГ

Зæды буц маргъ  булæмаргъ

Нарты удæвдз басгуыхт:

Й’ алы зард дæр  царды аргъ,

Цавæр цины бахсыст?

 

Цавæр дон, цы уæлдæфæй

Райхæлы, къуыбырау?

Цавæр уарзты хъарм тæфæй

Баризы, фæндырау?

 

Тайы, руайы йе ‘взагыл…

Уагæры куыд раид,

Иунæг бон ирон æвзаг

Уый æвзаг куы уаид!

1984 аз

 

БАРЕЛГÆСАГ

Нæ феввæрсæм, цъæхыг, зæгъай, хъæдуртыл

Æмæ кæнæм æрвыл къахдзæфæн фыд –

Мæнахст барел йæхи ныххойы дуртыл:

«Цы зæрдæйæ ныппирдзынæ мæ фыд?!.»

01.05.16 аз

 

СÆРДЫГОН КЪÆВДА

Дуне иу уысммæ ныффæлмæн.

Уæлдæф ма зæгъай – ныппырх æвдадзхос.

Кодта алцы дæр зæлфæзмæн.

Кафынц фугæ, саджы къах… бынтон хорз.

 

Арв… æмбæхста нæ цы ‘нгуылдзтæ! –

Бонмæ зæххыл пианино цагъта!

Клавиштæ йын  – тæрс, сывылдзтæ…

Иу уысм мæ æрцъынд кæнын нæ уагъта –

 

Скъæрдта мысинæгтæ минтæ.

Алы ‘ртах – рæмон уысмты æндзарæн.

Чи нымайы ахæм цинтæ?!.

Дунефарнæн ис æрмæст æнкъарæн!

15.06.16 аз

 

ДÆ БАХУДТÆЙ

Диссаг, дæ бахудтæй мæ уд йæ хъузгæй фелвæст-

Хаудуд, лæууын мæхи мæрдон нывæрзæн.

Чырысти, цы дзуарыл æй ныххуыдтой, уымæй фервæзт…

Нæй, мæ хуры хай, мæнæн дæуæй ирвæзæн.

23.10.97 аз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.