Рæстæг размæ тæхы æмæ нæ дардæй дарддæр кæны гуырдзиаг-ирон ныхмæлæуды удхайраджы рæстæгæй. Райсом, 18-æм марты Ереды трагедийыл æххæст кæны 29 азы. 

1991 азы уыцы æнамонд боны гуырдзиаг тугмондаг сырдтæ фыдмардæй амардтой æнæаххос дыууадæс лæппуйы. Уыдонæн сæ аххосаг уыд æрмæстдæр ирæттæ кæй уыдысты, уый æмæ дыууадæсæй иумæ сæ мæлæт ссардтой гуырдзиаг лæгхорты къухæй. Уыцы бон уыдон рацыдысты сæ фæстаг тугæрхæм фæндагыл. О, стыр Хуыцау, цæмæннæ сæ бакъуылымпы кодтай истæй æфсонæн, цæмæн сæ рауагътай сæ мæлæты фæндагыл рацæуын…

Ереды трагедийы тыххæй зоны Хуссар Ирыстоны алы цæрæг дæр, фæлæ нын трагедийы иуæй-иу цауты тыххæй бæстондæрæй радзырдта республикон æхсæнадон хæрзаудæн фонд, фæмардуæвджыты æмæ æбæрæгæй сæфт адæймæгты комитет «Память»-ы сæрдар æмæ ацы трагедийы фæмардуæвæг Дыгъуызты Важайы идæдз Тедеты Зæринæ. «1990-91 азты гуырдзиаг бандитон къордтæ алырдыгæй тугдзых бирæгътау лæбурдтой Хуссар Ирыстонмæ, уыцы нымæцы Цхинвалы районы хъæутæм дæр. Фæндæгтыл æдасæй ацæуæн нал уыд. Уæд ирон прапорщик Советон Цæдисы мидæггагон æфсæдты автомашинæ «Урал»-ыл уырыссаг  салдаттимæ ацыд йæ райгуырæн хъæу Къоркуламæ. Хъæумæ цæугæйæ дæр универмаджы цур машинæйыл сбадтысты бирæ адæм, кæд, зæгъ, уыдоны руаджы баирвæзиккам нæ хæдзæрттæм.

Фæстæмæ цæугæйæ дæр «Урал» машинæйы адæмæй къухбакæнæн нал уыд. Дменисы совхозы сæрдар Бибылты лæппу сæ нæ уагъта цæуын, загъта сын, зæгъгæ, дам, дысон Вироиты (Мераб Миндиашвили) амардтой æмæ, зæгъ, гуырдзиæгтæ сырдты хуызæн уыдзысты. Фæлæ йæм нæ байхъуыстой æмæ рараст сты сæ фæстаг фæндагыл 12 æйттмардзæ нæлгоймаджы. Раст разынд Бибылты лæппу, Ереды хъæуы сæ размæ фесты гуырдзиæгтæ, «Урал»-ы фæндаг æрæхгæдтой тракторæй,  æрхъула сыл кодтой 300 адæймаджы бæрц. Машинæмæ сгæппытæ кодтой æмæ кардæй машинæйы тент нылыгтæ кодтой. Лæппутæй сæ иу – Дыгъуызты Вани ма бæргæ хъæр кодта уырыссаг салдаттæм, зæгъгæ, «стреляйте, мальчики», фæлæ уыдон нæ бауæндыдысты фехсын. Уый хыгъд уайтагъд тугдзых бирæгътæ Ванийы сæр автоматы хъæдæй фæцæф кодтой æмæ йæ мардæй раппæрстой машинæйæ.

ИРОН ТУГ КÆЙ ХЪÆУЫ?

Машинæйæ рахизын кодтой бæлццæтты иууылдæр – сылгоймагæй, сывæллонæй никæуыл ауæрстой, надтой сæ, къанауты сæ æппæрстой. Сылгоймæгты, сывæллæтты кæуынмæ къæдзæхтæ дæр рызтысты. Фæ-лæ гуырдзиаг тугмондаг сырдтæм нæ хъардта сæ кæуын æмæ сæ дарддæр надтой. Нæлгоймæгты уайтагъд бакодтой Берулайы хъæуы фæндаггæрон цы хæдзар уыд, уырдæм. Дыкъахыг сырдтæ нæлгоймæгты нæмыныл куыд фесты, афтæ  сылгоймæгтæм балыгъдысты, Ереды хъæуы чи цард ахæм ирон сылгоймæгтæ æмæ сын загътой, цæмæй æвæстиатæй ацæуой уырдыгæй. Машинæ æрцыд Цхинвалмæ раздæры турбазæ «Ирыстон»-ы цурмæ, цыран сæм æнхъæлмæ кастысты сæ хиуæттæ. Нæлгоймæгтæн кодтой фыдмитæ, æгæрыстæмæй-иу сæм бауагътой  ток дæр, фæлæ сæ иу дæр хъыпп-сыпп нæ кодта, сæхи ныффидар кодтой. Фыднад ирон нæлгоймæгты уæзласæн машинæйыл сæвæрдтой æмæ сæ гуырдзиаг хъæутæм фæралас-балас кодтой, афтæ хъæр кæнгæйæ, зæгъгæ, «кæй хъæуы ирон туг, уый дзы баназæт». Фæлæ сын дуар ничи бакодта. Фæстагмæ сæ æрбаластой Виройы фыдмæ. Мæнæ, дам, дæ хъæбулы марджытæ æмæ сæ, зæгъ, дæхи къухæй амар. Ирæттæ, зæгъ, амардтой цыппар гуырдзиаджы, æмæ дæм мах та æрбаластам æртæ хатты фылдæр ироны». Фæлæ сын уый загъта, зæгъгæ, сæ аласут ардыгæй æмæ банысан кодта, зæгъгæ, йын йæ фырты ирæттæ нæ амардтой, фæлæ гуырдзиæгтæ. Уæд сæ фæстæмæ æрбаластой Ередмæ æмæ сын дарддæр фыдмитæ кодтой, æрдæгуадзгуытæй сæ ныккалдтой, уый размæ цы уæрм скъахтой, уым. Бакалдтой сыл бензин æмæ сæ сыгътой. Уый фæстæ сыл удæгасæй сыджыт бакалын кодтой иу трактористæн. Фæстæдæр куыд райхъуыст, уымæ гæсгæ, дам, уыцы тракторист сæрра. Адæймаджы зæрдæ фæцæйтоны, ацы 12 нæлгоймаджы сæ амæлæты размæ цы стыр хъизæмæрттæ бавзæрстой, уыдоныл хъуыды кæнгæ-йæ.

Куыд мын радзырдтой, уымæ гæсгæ, лæппутæн токæй чи хъизæмар кодта, уый уыд стоматолог Беруашвили, кæцы куыста Цхинвалы стоматологон поликлиникæйы. Ацы фыдракæнд æххæстгæнджытæ уыдысты Ереды хъæуккæгтæ Шота Кристесиашвили, Гия Кристесиашвили æмæ Гурген Кристесиашвили. Ныхмæ сæм тынг чи лæууыд, уыцы 17-аздзыд лæппу Тъехты Чермены бабастой сындзджын телæй, цæмæй сын æнцондæр нæмæн уыдаид. Гобозты Омарæн йæ бон ссис алидзын æмæ бамбæхст сыхаг хæдзæрттæй сæ иумæ хæстæг цъынайы. Йæ фæстæ чи алыгъд, уыдон æй куынæ ссардтой, уæд хъуамæ фæстæмæ раздæхтаиккой, фæлæ хæдзары хицау фæхатыд лæппуйы, райста сагой æмæ йæ батъыста цъынайы. Омар фыррыстæй ныхъæр кодта æмæ йæ афтæмæй базыдтой».

ФÆСТАГ ФЕМБÆЛД

Фæстаг хатт нæм Цхинвалмæ мæ цардæмбал хъæуæй æрцыд 6-æм марты. 7-æм марты мæ райсомæй  куыстмæ (уæд куыстон типографы) рахизын кодта. Куы хицæн кодтам, уæд мæм цахæмдæр каст æрбакодта. Афтæ мæм фæкаст, цыма не ‘хсæн къул сырæзт. Мæ зæрдæ мæм сдзырдта, уый нæ фæстаг фембæлд кæй у, уый тыххæй. Æмæ раст разынд зæрдæ…

НЫФС ФÆСТАГМÆ АМÆЛЫ

«Дыууæ азы æмæ авд мæйы мах цы бавзæрстам, ууыл дзурын уæлдай у. Æрвылбон дæр цыдыстæм Турбазайы æмæ милицийы цурмæ исты ног хабар фехъусыны тыххæй. 19-æм марты уæрæсейаг каналы фехъусын кодтой, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ 12 ирон нæлгоймаджы фæнадтой æмæ сæ аластой æбæрæг ранмæ. Фæлæ бæрæг ницы зыдтам æмæ нæ уæддæр цыдæр ныфс уыд. Æцæгæй та Ереды цæрджытæ иууылдæр зыдтой, кæм сæ баныгæдтой, уый, фæлæ ницы дзырдтой. Сæ мард буарты сын ссардтой æрмæстдæр 1993 азы сентябры мæйы, ома, 2 азы æмæ авд мæйы фæстæ.

Алырдæм æрвыстам  исты базоныны тыххæй, тыхст лæг цынæ кæны, æгæрыстæмæй фашист Гамсахурдиямæ дæр арвыстам, фæлæ… 1993 азы Гуырдзыстоны ахæстоны бадт Къусратæй иу лæппу Ереды хъæуккагимæ æмæ иумæ ссæрибар сты ахæстонæй. Гуырдзиаг ын ныфс бавæрдта, зæгъгæ, дам, хъæуы хистæрты бафæрсдзынæн æмæ уын фехъусын кæндзынæн. Стæй нæм æрæрвыстой, зæгъгæ, дам, æхцайыл разы стæм, кæм ныгæд сты, уыцы бынат фенын кæнын. Æркуырдтой иу милуан сомы. Нæ хицауад рахицæн кодта æхцатæ æмæ сæм сæ куы радтой, уæд сын загътой, зæгъгæ, ныгæд сты Ереды сырх сыджыты карьеры. 1993 азы 25 сентябры Ередмæ акодтой чысыл трактор æмæ дзы фыццаг бон ссардтой æмæ æрластой фондзы. Дыккаг бон дæр ацыдысты, фæлæ ницы ссардтой. Æртыккаг бон, 27 сентябры акодтой стыр грейдеры. Æнæхъæн бон фæкъахта, фæлæ никæйы ссардта, æмæ разылд. Уæд сæм уæлийæ къуыппæй цы фыййау каст, уый æрцыд æмæ иу бынаты æрæвæрдта къалиу. Грейдер фæстæмæ базылд æмæ уайтагъд ссардта авд мард буары æмæ бензины афтид мигæнæн (канистр). Сæ мард буартæй бæрæг нал уыд, чи сæ кæцы у, уый. Чысыл ма бахъæуа æмæ мæ  цардæмбал Дыгъуызты Важайы бæсты раластаиккам Гобозты Омары. Æрластой сæ æмæ сæ дыккаг бон Театралон фæзуатæй аластой æмæ сæ баныгæдтой иумæйаг уæлмæрды», – цæссыгкалгæйæ мын радзырдта Тедеты Заринæ.

Уый ма нын радзырдта, 2008 азы августы гуырдзиæгтæй Хуссар Ирыстоны территори куы сыгъдæг кодтой, уыцы рæстæджы æрцæугæ цымыдисон цауы тыххæй дæр. «Æрбацыд мæм мæ зонгæ æмæ мын дисгæнгæйæ радзырдта, зæгъгæ, хæстон архайдтыты рæстæджы Ереды хъæуы иу хæдзармæ бацæугæйæ, федта æнахуыр ныв: хатæны астæу лæууыд стыр стъол, йæ уæлæ уыд алыгъуызон хæринæгтæ. Стъолы алыварс, бадтысты 12 нæлгоймаджы, ирдæй зынд, кæй нысан кодтой операци «Сыгъдæг быдыр»-ы «æнтыст», фæлæ уыдон иууылдæр уыдысты мард. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уымæн йæ цæстытыл ауадысты, удæгасæй цы 12 нæлгоймаджы баныгæдтой, уыдон æмæ ахъуыды кодта – уый уыд Хуыцауы тæрхон». Уас, сæ тæригъæд сæ марджыты фæстæ æфтыд фæуæд! Уадз, сæ тæригъæд сын хæссæд сæ марджытæ фæлтæрæй фæлтæрмæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.