Йæ бон ныккала рæстæг! Лæгæрды размæ, тындзы ногдзинæдтæм, æрдзон фæзындтæм, адæмы зæрдæйы уагыл нæ ауæрдгæйæ йæ кæнон кæны. Хицæн гоймаг, æхсæнад фæнывæнды ирд æмæ хуызджын хъуыддæгтæ,  нывæзтытæ, йæ дарддæры фæндаджы цыд, фæлæ сæ фылдæр хатт ацы ‘нæхайыр рæстæг йæ уæззау цалхы бын акæны, схæццæ-мæццæ сæ кæны. Рæстæгæн уæлдай нæу, политикæ, æфсæддон хъуыддаг, экономикæ, культурæ, хицæн адæймаджы мидхъуыды æмæ цæстæнгас  ассоны сæ размæ æмæ сыл атулы уæззаугай. Уый фæстæ сæ шахматтæй хъазæгау равæры йæхирдыгонау.

Рæстæджы цыдимæ иумæ та махмæ дæр, Хуссар Ирыстоны æрæввахс кæнынц президентон æвзæрстытæ. Баззад ма æгасæйдæр 9 боны æмæ нæ дзыллæ аскъуыддзаг кæндзæн йæ дарддæры хъысмæт: равзардзыстæм Хуссар Ирыстонæн аккаг президент æмæ æрæздахдзыстæм нæ паддзахадæн йæ раздæры ном  Алани. Афтæ йæ æрдомдта рæстæг.

Кардзыд адæм æй хорз хъуыды кæнынц, æвзæрстытæм-иу цингæнгæ, бæрæгбонон зæрдæйы равгимæ куыд цыдысты, кæрæдзийæн-иу куыд арфæтæ кодтой, стыр ивддзинæдтæ æмæ ногдзинæдтæм куыд æнхъæлмæ кастысты. Ныр æвзæрстыты кампанийы терминты æмрæнхъ балæууыдысты ахæм æмбарынæдтæ куыд быцæу, ныхмæлæуд, дзыллæйы дихдзинад, хъаугъа. Æмæ кæд алчи политик, тæрхонгæнæг æмæ эксперт-политолог нæу, рæстмæ æвзæрстыты нысаниуæгæн æмбаргæ дæр ницы кæны, уæддæр лæуд у фидар концепцийыл: иннæтæ «урс» куы дзурой, уæд æз та «сау, сау» кæндзынæн, зæгъгæ, цæмæй æз дæр иннæтæй цæмæйдæр хицæн кæнон, цæмæй мæ адæм уымæй уæддæр базоной. Дыууæйæ «урс» æмæ «сау» кæм дзурой, уым разыны æртыккаг дæр æмæ уый та фæзæгъы: «Урс дæр нæу æмæ сау дæр, фæлæ у æгъуыз». Афтæмæй се ‘хсæн сæвзæры стыр быцæутæ, сæ фарсмæ балæу-уынц се ‘мзонд фарсхæцджытæ æмæ æхсæнады цард бынтондæр схæццæ вæййы. Уыцы рæстæджы сæ æрбайрох вæййы, алцæмæн дæр райдиан æмæ кæрон кæй ис, дарддæр дæр нæ иумæ цæрын кæй хъæуы; æвзæрстыты рæстæг кæй фæуыдзæн æмæ та адæм се ‘рвылбонон цардуагон хъуыддæгтæм кæй æрыздæхдзысты. Хъыгагæн, уый бирæтæй айрох вæййы, кæрæдзийыл цъыф фæкалынц æмæ стæй дисы бахауынц: цы йын кодтон, цы мыл йæ былтæ расчъил-басчъил кæны.

Цæмæннæуал æй фембарæм цымæ, нæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад уал азы дæргъы знагимæ тохты тугæй кæй балхæдтам! Цæмæн нæ ферох 1989, 1991, 1992, 2004, 2008 азты æвирхъаудзинад æмæ фыдох?! Цæмæн ма риссын кæнæм уыцы быцæутæй, Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау йæ цард чи рауæл-дай кодта, йæ сæр нывондæн чи æрхаста абоны царды тыххæй, уыдоны мадæлты, хиуæтты рыст зæрдæтæ?! Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм: мах удыгас стæм, уыдон кæй амардысты, уый тыххæй. Цал æмæ цал хатты загъдæуыд, нæ тых нæ иудзинады кæй ис. Цал æмæ цал хатты фæуæлахиз стæм знагыл уыцы иудзинад æмæ ныфсхастдзинады фæрцы. Истори нын æй дырысæй æмæ реалонæй равдыста: æцæгæлон нæм куы æрбабырсы, уæд Райгуырæн бæстæйы, дзыллæйы сабырады тыххæй искæйы дæндагæй дæр бахсындзыстæм! Ау, уæдæ ма æвзæрстыты рæстæджы цæхгæр ныхæй-ныхмæ цы ныллæууæм, цы ныддихтæ вæййæм?

Рæстæг æй афтæ æрдомдта æмæ абон хъуамæ балæууæм уæхски-уæхск кæрæдзи фарсмæ æмæ æмархайд, æмзондæй сæнди-дзын кæнæм нæ хæствæллад бæстæ, цæмæй ивгъуыд рæстæджыты æнамондзинæдтæн сæ фæд, сæ кой дæр мауал уа, цæмæй нæ кæстæртæн амондджын фидæнмæ айгæрдæм уæрæх фæндаг æмæ сомбон æлгъыстаг ма фæуæм. Цардмæ иу боны цæстæй чи кæсы, уый та фидæныл хъуыды дæр нæ кæны æмæ ма иннæты дæр ардауы кæрæдзи ныхмæ.

Рæстæджытæ æвзаргæ нæ кæнынц, рæстæджыты фæцæрынц æмæ стæй мæлгæ акæнынц,- загъта кæддæр рагон куырыхон. Раст у, фæлæ ма нырыккон хæццæ дуджы цыд нæхи къухæй куы зыгъуыммæ кæнæм, уæд кæдæм цæуæм, цы уыдзæн нæ дарддæры царды нысан. Уый тыххæй та абон, ныртæккæ хъæуы ахъуыды кæнын æмæ, ивгъуыд рæстæджы историон цаутыл, æнтыстытыл æмæ рæдыдтытыл бындуриуæггæнгæйæ, саразын бæстон хатдзæгтæ. Ӕмæ кæд нæ президентон æвзæрстытæн ныридæгæн ис сæхи сæрмагонд традицитæ ныхмæлæуд æмæ быцæуты хуызы, уæддæр ацы аз эмоцитæ æгæрон сты æмæ, æгæрыстæмæй, сывæллæттæ дæр, кæд сын кармæ гæсгæ хъæлæс дæттыны бар нæй, уæддæр «активон хайад исынц» æвзæрстыты агъоммæйы компанийы. Стыр хъуыдыйаг ма у, теледебатты æмрæнхъ карз быцæутæ кæй сæвзæры бинонты уæнгты ‘хсæн, уыцы хъуыддаг дæр. О, фæлæ иу хæдзары бинонты та цы хъаугъайаг ис,  цæмæн сыл фæтых вæййы уыцы хæццæ эйфори?

Ныртæккæ тæрæзтыл ныхæй-ныхмæ æвæрд сты дыууæ фарсты; нæ бæстæйæн президент равзарын æмæ Ирыстонæн йæ раздæры нæргæ ном раздахын. Чи сæ нысаниуæгджындæр у, чи сæ уæзгæдæр у  ацы фарст дæр актуалон у абоны бон. Уый та уымæн, æмæ та ам дæр дзыллæ ныддихтæ цалдæр къордыл: иутæ зæгъынц, æмбæлонæй кæй ацæудзысты уыцы бон æмæ кæй схъæлæс кæндзысты; иннæтæ зæгъынц афтæ: «Ӕз æппындæр никуыдæм цæуын! Хæдзар мын нæй, дуар мын нæй, мæнæн ничи ницы сарæзта!»; аннæтæн та сæ концепци у ахæм: ацæудзынæн, бæгуыдæр, зæгъгæ, фæлæ бюллетень фехалдзынæн, ныххæххытæ йæ кæндзынæн  иу кандидат дæр аккаг нæу, цæмæй бæстæйы сæргъ слæууа. Уынгтæ фæцарæзтой, мæнæн мæ уынг уæддæр цъыфдзастæй баззад!

Ахæм æппæрццаг цæстæнгасæй чи кæсы нæ размæцыды глобалон фарстытæм, ахæм пессимистон хъуыдытæ кæмæ ис, уыдон сæ Райгуырæн бæстæйæн æмæ радтæг адæмæн нæ, фæлæ сæ æввахс хиуæттæн дæр ницы хорзы бацæудзысты, æппынфæстагмæ, сæхихъом дæр никуы уыдзысты. Уый та уымæн æмæ æвзæрстыты хайад райсын у стыр нысаниуæгджын хъуыддаг, алы æмбæстаг дæр хæсджын у, цæмæй дзыллæйы раз йæ хæс бафида,  уый у хъысмæтскъуыддзаггæнæн хъуыддаг, уый у нæ фидæнимæ баст æнæмæнгхъæуæг мадзал. Æндидзынад та нæм йæ тæккæ тæмæны ис, рæзы бонæй-бон нæ паддзахад. Уыдæттæ чи нæ уыны, уый та у кæнæ куырм, кæнæ къуырма, кæнæ та кæйдæр къæхты хъæрмæ кафы æмæ йæм уыцы егъау æнтыстытæ ницы кæсынц.

Ахæссæм-ма нæ цæст ивгъуыд æнусы 90-æм азтыл. Уæд дæр бирæтæ уыдысты республикæ расидыны ныхмæ, референдумтæ уадзыны ныхмæ, сæ ныфс нæ хастой митингтæм, æмбырдтæм цæуын, фæлæ æппæт дæр нæ къухты бафтыд цалдæр гоймаджы фæндвидардзинады фæрцы. Уыдон сæ ныфсхастдзинады руаджы адæмы разæнгард кодтой ног, сæрибар цардмæ,  кæд Хуссар Ирыстоны сæрмæ æрбатыгуыр сты сау мигътæ, уæддæр. Ахæмтæй та Ирыстон кæддæриддæр сæрыстыр уыд. Ахæмты фæрцы та ныр дæр нæ паддзахадæн æрæздахдзыстæм йе ‘цæг ном  Паддзахад Алани.

Хъыгагæн, æвзæрстыты агъоммæ бирæтæн сæ рохтæ феуæгъд вæййынц, сæхи фенкъарынц барджынæй æмæ хибарæй баирвæзынц политикон тыгъдадмæ. Рæсугъд ныхæстæ фæдзурынц сæ алыварс уæвæг адæмæн. Алчи сæм кæм хъусы, фæлæ дзы разыны сæхиау ницæйæгтæ, стыр цымыдисимæ сæм чи фехъусы; ссарынц уыйбæрц тыхтæ, цæмæй «сæ хайбавæрд» бахæссой хæццæгæнæн процессмæ. Дихтæй та цыфæнды хуымæтæг хъуыддагæн дæр саразæн нæй, дихдзинад адæмы ‘хсæн цырын кæны быцæутæ æмæ сæ бафтауы сæфты фæндагыл.

Ирон лæг кæддæриддæр кадджын уыд йæ уæздандзинад æмæ æгъдауæй. Уыимæ иумæ уый фæрæзта быхсын царды зындзинæдтæн. Цыфæнды æвæрæзæй æмæ æнæбонæй дæр намысджынæй цыд йæ цардвæндагыл. Уыцы фæразондзинад æмæ быхсындзинады фæрцы абон мах стæм хæдбар паддзахад, нæ къухы бафтыд бæллиццаг сæрибардзинад æмæ сабырад. Не ‘взонг бæстæ лæуд у æндидзыны фæндагыл, азæй-аз хуыздæр кæнынц Хуссар Ирыстоны ахастытæ æндæр бæстæтимæ, горæттимæ. Ӕмæ нæ кæстæрты амондджын сомбоныл зæрдæйæ чи тыхсы, Ирыстоны размæцыд æмæ фæрныгад сæйраджы-сæйраг кæмæн у, уымæн ницы хъауджы сты искæйы «хæрдгæбыд» дам-думтæ. Уыдæттæй нæхи ноджы æфтауæм, не ‘взæрмæбæлджыты, сæдæгай азты немæ знагиуæг чи кæны, уыдоны цæсты, уыдæттыл чидæртæ райгæ кæнынц.

Æрбалæууы уалдзæджы ног мæй  апрель  нæ бæстæйæн нысаниуæгджын æмæ хъыс-мæтскъуыддзаггæнæн мæй. Хуссарирыстойнæгтæн уый баст у сæ суинаг рæстæджы дидинæфтыдимæ.

Гъе æмæ стыр Хуыцау зæгъæд, 9 апрель Хуссар Ирыстоны историмæ бæрæгбоны хуызы цы бацæуа, нæ аивгъуыйгæ мæстытæ цы ферох кæнæм, сабитæн та цы суа амондджын царды райдайæн, æнæнымæц хæрзиуджытæм фæндагамонæг.

Цгъойты А. 

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.