Беслæны райдыдтой терактимæ баст саударæн мадзæлттæ. Адæм дидинджытимæ цæуынц скъолайы кæртмæ, спортивон залмæ. 13 азы рацыд, фæлæ мысæн бонты фæтк ивд не ‘рцыд. Мингай адæймæгтæ минут æдзæмæй алæугæйæ, мысынц теракты амæттæгты рухс нæмттæ. Скъоламæ цæуынц бынæттон цæрджытæ, хицауады уæнгтæ, æхсæнадон, дины æмæ фæсивæдон организациты минæвæрттæ. Беслæны скъолайы хъизæмæрттæ бавзæрстой Цъæхилты бинонтæ дæр. 13 азы размæ фыццæгæм къласмæ афæндараст кодтой Лизæйы. Фæлæ райдзаст къласы бæсты бахаудтой зындоны артмæ. Элизæ та баззад сидзæрæй. Хъомыл æй кæны йæ мады мад.

Уыцы зын сахаттæ Цъæхилты Азæ мысын нæ уарзы. Фæнды йæ сæ ферох кæнын, фæлæ баст сты, йæ чызг æмæ сиахсы фæстаг хатт куы федта, уыимæ æмæ йæ зæрдæйæ стонын нæ комынц. Йæ хъæбулы хъæбул Лизæйы уæд æнæхъæн бинонтæй акодтой 1-æм къласмæ. Иумæ сæ бакодтой спортивон залмæ дæр. Азæ куыд дзуры, афтæмæй фыццаг ракодтой нæлгоймæгты, цæмæй сын уыдон баххуыс кæной сæ хызынтæ рахæссынмæ. Чи сын нæ разы кодта, уыдоны-иу фехстой. Азæ террористтæй иумæ хæстæг бадт æмæ-иу ын балæгъстæ кодта, цæмæй йын йæ сиахсы ма амарой.

3 боны дæр Лизæйы бинонтæ уыдысты иумæ. Уый фæстæ кæрæдзийæ фæхицæн сты. Афтæ рауад æмæ Лизæ йæ ныййарджытимæ бадт, рæмудзæн æрмæ-джытæ цы зиллаккыл ауыгъд уыдысты, уый бын. Фыццаг срæмыгъды фæстæ райдыдтой автоматæй æхстытæ. Ныр дæр Азæйы хъустыл арæх ауайынц.

Уысммæ сæдæгай адæймагтæ фестадысты зындоны арты. Хъæр, хъæлæба. Алчидæр архайдта судзгæ артæй фервæзыныл, фæлæ сыл террористтæ нæ ауæрстой. Иу рæстæг Азæйæн йæ зæрдæ бахъарм. Йæхимæ куы æрцыди, уæд федта сывæллоны хаудæй.

Цъæхилты Азæйæн йæ сæрыл куыройы фыдтæ нæ разылд, æндæр цынæ бавзæрста, ахæм нæ баззад. Йæ æртæ хъæбулы дæр баныгæдта. Хистæр фырт амард теракты, кæстæр та уый фæстæ – аварийы. Ныртæккæ йæ иунæг ныфс у Элизæ, цæрынц иумæ. Азæ арæх æрбацæуы скъоламæ æмæ кæсынæй не ‘фсæды чызг æмæ сиахсы къамтæм. Фæмысы, æгас ма куы уыдысты, уыцы бонтæ. Лизæ та ацы зындонмæ æрбацæуы æрмæстдæр хъыггæнæн бонты. Спортзалмæ куы бахизы, уæд ын улæфт нал фæфаг кæны, стæй йын алы хатт дæр ам вæййы дойны. Азæ æмæ Лизæйæн сæ цард у дыууæ дихы. Сæ мысинæгты фæзæгъынц, теракты размæ, кæнæ та – теракты фæстæ. Рæсугъд æнкъарæнтæ фылдæр баст сты 2004-æм азы агъоммæ. Фæлæ фидæнмæ дæр кæсынц стыр ныфсимæ. Лизæ сси Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультеты студенткæ.

Дриаты Л.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.