Йæ бæстæ, йæ адæм æмæ йе ‘взагæн аргъ æмæ кад кæнын чи зоны, уый йæ адæм дæр никуы ферох кæндзысты, уарздзысты æмæ йæ æнустæм мысдзысты. Ацы дзырдтæ цы номдзыд ирон лæгтæм хауынц, уыдонæй иу у зынгæ ирон поэт, прозаик, драматург, публицист æмæ тæлмацгæнæг Джыгкайты Шамил. Йæ райгуырды 80 азы юбилейы цытæн 26 февралы Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты уагъд æрцыдис юбилейон зонадон конференци. Бацæттæ йæ кодтой университеты ректорат æмæ ирон литературæйы кафедрæ.

Конференцийы куысты хайад райстой Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Парламенты сæрдар Тадтаты Алан, университеты лектортæ æмæ  студенттæ, Шамилы хорз чи зыдта, уыцы æмбæстæгтæ.

Конференци бацæуæн ныхасимæ байгом кодта Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты ирон литературæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор Плиты Гацыр. Уый конференцимæ æрбацæуджыты базонгæ кодта конференцийы боны фæткимæ æмæ бузныг загъта, чи йæм æрбацыд, уыдонæн. Уый фæстæ конференцийы хайадисджытæн æвдыст æрцыдис документалон киноныв Шамилы куыст, йе сфæлдыстад æмæ æхсæнадон архайды тыххæй.

Документалон кинонывы фæстæ юбилейон зонадон конференцийы хайадисджыты раз раныхас кодта Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Шамилы уымæн нæ амардтой, кæйдæр дзуары кой кæй скодта, амардтой йæ уымæн, æмæ æппынæдзух, йæ хъуыдытæ, йæ бæстæ, ирон æвзаджы тыххæй кæй уыдысты. Хъыг сæм каст, нæ адæмæн, ахæм æнувыд фырт кæй ис, уый, баххæссыдысты йæм æмæ йын бакодтой æбуалгъы ми.

Мелитон банысан кодта, зæгъгæ, цард йæхæдæг алыгъуызон ахорæнтау рæсугъд у, фæлæ йæ поэзи рæсугъд кæны ноджы тынгдæр.

– Шамилæн прозæ, драматургийы æмæ æндæр сфæлдыстадон хуызты дæр ис æнтыстытæ, фæлæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, йе ‘нтыстытæ фылдæр сты лирикæйы. Нырмæ дæр бирæ чидæртæ загътой, зæгъгæ, лирикон поэт у поэзийы зæрингуырд æмæ Шамил дæр у ахæм адæймаг. Цы лирикон  уацмыстæ сфæлдыста, уыдон цъус не сты, алкæцы дæр дзы æнцонæй хизы адæймаджы зæрдæмæ æмæ адæймагæн цыфæнды мæгуыр æмæ хауд зæрдæ ма уа, алкæй дæр дзы духовон æгъдауæй схъæздыг æмæ схъæлдзæг кæны. Шамил йæ удæгасæй цыдæриддæр арæзта æмæ фыста, се ‘ппæт дæр цыдысты æмæ цæуынц мæ зæрдæмæ æмæ сын кæдфæнды дæр кæндзынæн стыр аргъ. Уыимæ ма Мелитон фæндоны хуызы загъта, зæгъгæ, Шамил æмæ Шамилы хуызæн æнувыд фырттæй Ирыстон у хъæздыг æмæ хорз уаид, арæзт нæм куы æрцæуид сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæн аллея сæ бюстытимæ.

«Шамилыл дзурын мын æнцондæр у æмæ зын дæр, – ахæм хъуыдыимæ конференцийы хайадисджыты раз йæ ныхас райдыдта Плиты Гацыр, – æмæ банысан кодта, зæгъгæ, æнцон уымæн, æмæ Шамилы зыдтон хæрзчысылæй фæстæмæ. Райгуырд æмæ хъомыл кодта Дзауы районы Дзомагъы хъæуы. Фондз къласы дæр каст фæцис сæ хъæуы æнæххæст астæуккаг скъолайы. Сæ алыварс цард цалдæр кадджын æмæ æгъдауджын мыггаджы. Уыдонмæ хорзæй цы уыдис, уымæй Шамил дæр æнæхай нæ уыд. Фæндзайæм азты паддзахады разамонджытæ хъæууон хæ-дзарады тыххæй цы рæдыд фæн-дæттæ истой, уыдоны аххосæй хæххон хъæуты цæрджыты уавæр-тæ кодтой мæгуырдæр. Тыхсын райдыдтой Шамилы фыды бирæсывæллонджын бинонтæ дæр æмæ цæрынмæ ацыдысты Цæгат Ирыстонмæ. Æрцардысты Комбилеевкæйы хъæуы. Куыст æмæ фæллойуарзаг бинонтæ аныгъуы-лдысты царды уылæнты. Шамил дæр куыд рæзт, афтæ æххуыс кодта бинонтæн. Бинонты кæстæртæй куыст рох никуы уыд, фæлæ стыр-дæр хъусдард здæхтой ахуырмæ æмæ Шамилы хотæ æмæ æфсы-мæртæ иууылдæр æнтысгæйæ каст фесты уæлдæр ахуыргæнæн-дæттæ. Шамил дæр Комбилеевкæйы астæуккаг скъола каст фæ-уыны фæстæ ахуыр кæнынмæ ба-цыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон университетмæ. Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта аспиранту-рæйы æмæ бахъахъхъæдта филологон зонæдты кандидаты ном».

Шамил стыр нысаниуæг лæ-вæрдта сфæлдыстадæн, ирон æгъдæуттæн. Фæлæ стырдæр хуынтæ бахаста поэзийы къæбиц-мæ. Йе ‘мдзæвгæты  алцæуыл дæр дзырдта ныфсджын æмæ уæндо-нæй. Хорз зыдта, аразын цы хъæ-уы æмæ цы нæ хъæуы, уыдæттæ. Ууыл цайдагъ кодта æндæрты дæр. Кæд йæ къухмæ хæцæнгарз никуы райста, уæддæр йе сфæл-дыстады фæрцы карзæй тох кодта, йæ бæстæ æмæ адæммæ знаджы цæстæй чи каст, уыцы адæмты ныхмæ. Йæ адæммæ сидт, цæмæй знагæй ма тæрсой, сæ разы ма къул кæной сæ сæртæ, фæлæ ныфсджынæй цæуой сæ ныхмæ.

Шамил цы бирæнымæц зонадон куыстытæ ныффыста, уыдон дæр сты Ирыстон æмæ ирон адæмы сомбоны рæсугъд æмæ райдзаст царды сæраппонд. Кæд фыста Ирыстон æмæ ирон адæмы хорз сомбоны тыххæй, уæддæр ын иуæй-иу критиктæ йæ разы æвæрдтой цæлхдуртæ, фæлæ сæм Шамил нæ хъыг кодта. Уымæн æмæ нымадта, зæгъгæ, царды ахæмтæ дæр хъæуынц. Зæгъгæ, уыдоны фæрцы адæймагмæ сæвзæры ноджы ахсджиагдæр хъуыдытæ æмæ фæндтæ.

 Шамил фæстагмæ фыссын райдыдта драмон уацмыстæ дæр, фæлæ та ам дæр критиктæ, раст сæм цыма æнхъæлмæ кастысты – уадид райдыдтой сæ ныхмæ фыссын. Афтæмæй та йæ драматургион уацмыстæ ирон сценæйыл бацахстой аккаг бынат.

Шамил йæхицæн никуы ницы домдта. Цы йын уыд, уый нымадта фагыл. Уыд æцæг ирон лæг æмæ йæ цард дæр фæцис хъæбатырæй.

Шамилы ном ноджы бæрзонддæр сисыны тыххæй Гацыр банысан кодта, зæгъгæ, хорз уаид Шамилæн, Дзомагъы фæзилæны, Цхинвал-Дзæуджыхъæумæ сосæвæндагмæ хæстæг арæзт куы æрцæуид бюст, уæд æрвылбон дæр ууылты цы сæдæгай адæймæгтæ цæуы, уыдон æй уыниккой, мысиккой йын йæ лæггæдтæ æмæ йын йæ кад исиккой бæрзонддæр.

Университеты ректор Тедеты Вадим та банысан кодта: «Бадын, хъуыды кæнын æмæ мæхинымæр дзурын, Ирыстон, ирон адæм сты амондджын. Уымæн æмæ нын ис Шамил æмæ Шамилы хуызæн зондджын æмæ куырыхон адæймæгтæ. Ууыл дзурæг у уый дæр, æмæ Шамилы зианмæ æрцыд æгæрон бирæ адæм. Уыд дзы Мæскуы, Санкт-Петербург æмæ Уæрæсейы бирæ æндæр горæттæй. Банысан ма мæ фæнды уый дæр, æмæ ахæм адæймæгтæ, кæцытæ сæ удтæй сæ Ирыстон, ирон адæм æмæ æвзаджы уарзынц фылдæр, уыдон нын сты хъахъхъæнинаг æмæ сæ хъахъхъæнгæ дæр хъуамæ кæнæм. Уымæн æмæ, сæйраджыдæр, ахæмты фæрцы Ирыстон хуыйны Ирыстон.

Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли та йæ раныхасы банысан кодта:

 «Ирыстоны ис, стыр кад кæнын кæмæн хъæуы, ахæмтæ æмæ мæ бузныг зæгъын фæнды университеты ректорат, кафедрæйы разамонджытæн сæ къухы ахæм ахсджиаг мадзæлттæ бацæттæ кæнын æмæ ауадзын кæй æфты, уый тыххæй. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ, стыр хъыгагæн, нæ разагъта адæймæгтæй бирæтæн фæкад кæнæм сæ удæгасæй нæ, фæлæ не ‘хсæн куы нал вæййынц, уæд æмæ уый раст нæу. Йæ адæм æмæ бæстæйы тыххæй æппынæдзух чи архайы, йæ цард æнæхъæнæй дæр уыдоны тыххæй чи снывонд кæны, уыдонмæ дарын хъæуы æмбæлон хъусдард, хъæуы сын кад кæнын.

Уыимæ ма Президент банысан кодта, зæгъгæ, нæ интеллигенцийы минæвæрттæй сфæлдыстады стыр къахдзæфтæ чи сарæзта, уыдонæн хистæр кълæсты ахуыргæнинæгтимæ аразын хъæуы фембæлдтытæ. Президент куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ахæм къахдзæфæн ис стыр хъомыладон æмæ патриотикон нысаниуæг. Уый фæстæ Президент фæндоны хуызы банысан кодта, зæгъгæ, Шамил бирæ уарзта йæ бæстæйы, адæм, йе ‘взаг æмæ абон мах хæсджын стæм, цæмæй йын йæ ном сисæм бæрзонддæр. Уый тыххæй нæ ин-теллигенцийы минæвæрттæм сидын, цæмæй ахъуыды кæной мæ ацы фæндоныл æмæ хицауадмæ æрбавдисой сæ фæндиæгтæ.

Шамилы зонадон юбилейон конференцийы йæ рæстаг удыл тайгæ хъуыдытæ дзырдтой университеты лектортæ, ахуыргæнджытæ æмæ йæ хорз чи зыдта, уыдон. Уыцы нымæцы Дзиццойты Юри, Биазырты Аллæ, Плиты Серго, Тыбылты Ингæ, Джыгкайты Беллæ, Зассеты Мераб, Гæбæраты Фатимæ æмæ æндæртæ.

                                                                                               ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.