Тæрхондоны системæйы кусджытæ банысан кодтой сæ профессионалон бæрæгбон

Аивгъуыйгæ 2018 азы 29 октябры Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы Барамындмæ гæсгæ 11 февраль  расидтæуыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Тæрхондонон системæйы кусæджы бонæй.

12 марты паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы фыццаг хатт уагъд æрцыд цытджын изæр нæ республикæйы Тæрхондонон системæйы кусæджы боны цытæн. Бæрæгбонон мадзалмæ хуынд æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Цæгат Ирыстоны Конституцион тæрхондоны сæрдары хæдивæг Александр Севастьянов æмæ Донецкы Адæмон Республи-кæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Андрей Ким, афтæ ма нæ республикæйы ведомствоты æмæ организациты минæвæрттæ.

Мадзалы райдианы æрæмбырдуæвджытæн æвдыст æрцыд видеоролик, цыран дзырд цыд нæ республикæйы тæрхондонон системæйы сырæзты историйыл. Цытджын мадзалмæ æрбацæуджыты хъусдард аздæхтæуыд нæ республикæйы иууыл уæззаудæр æмæ тыхстдæр рæстæджыты тæрхондонон системæйы куыстмæ. Уый фæстæ залмæ цытджын хъарагъул æрбахаста Паддзахадон тырыса æмæ айхъуыстысты Паддзахадон гимны зæлтæ.

Дарддæр æрæмбырдуæвджыты раз ныхасы рацыд нæ республи-кæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Коцты Олеся. Уый бузныджы ныхæстæ загъта тæрхондонон системæйы кусджытæн, ветерантæн æмæ цытджын мадзалмæ æрбацæуджытæн.

«Нæ республикæйы тæрхондонон системæйы кусджытæн ацы бæрæгбон у историон цау.  1995 азы ацы бон Республикæйы уæды Сæйраг Совет райста тæрхондоны сырæзты тыххæй Барамынд. Уымæ гæсгæ ацы бонæн ис историон нысаниуæг. Барадон паддзахады тæрхондонон къабаз хицауиуæгады у иттæг ахсджиаг. Тæрхонгæнджыты раст тæрхоныл баст вæййы бирæ адæймæгты политикон институтты æмæ хатт æгас паддзахады хъысмæт дæр», – банысан кодта Коцты Олеся.

Ныхасы бар лæвæрд æрцыд нæ республикæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийæн. Йæ раныхасы уый æрдзырдта, тæрхондоны системæйы кусджыты фæрцы абон нæ республикæйы цæрджытæн се ‘мбæстагон бартæ хъахъхъæд кæй цæуынц, ууыл.

«Нæ республикæйы тæрхондонон системæйы кусджыты хорз куысты руаджы, не ‘мбæстæгты ныфс ис,   се ‘мбæстагон бартæ хъахъхъæд кæй цæудзысты, уымæй. Афтæ ма мæ банысан кæнын фæнды уый, æмæ не ‘хсæнады тынгдæр æмбарын кæй райдыдтой, æрмæстдæр æцæг барадон паддзахады ныфс кæй уыдзæн, цæмæй райса уæрæх дунеон банымад, дунеон экономикон æдасдзинады гарантитæ æмæ йæхимæ раздаха инвестицитæ. Уыцы хъуыддаджы ис уе стыр хайбавæрд. Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын тæрхондонон системæйы цытджын ветерантæн. Иууыл уæззаудæр æмæ тыхстдæр рæстæджы фидардæр кодта нæ республикæйы закъондзинад æмæ барвæтк. Уæззау хæстон уавæрты уæ уæхсджытыл хастат нæ паддзахады барадон конструкци аразыны хъуыддаг, цыран хъахъхъæд цыд барвæтк æмæ закъондзинад. Æппæт ацы куыстытæ кодтат уæ цардæн тæссаг уæвгæйæ æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, уæ куыст бакодтат кæронмæ цæсгомджынæй», – банысан кодта  Бибылты Анатоли.

Паддзахады сæргълæууæг схорзæхджын кодта тæрхондоны системæйы иу къорд кусджыты паддзахадон хорзæхтæй.  «Хæлардзинады» орденæй та хорзæхджын æрцыд Донецкы Адæмон Республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Андрей Ким.

Республикæйы Уæлдæр тæрхондоны системæйы кусджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн арфæйы ныхæстæ загъта нæ республикæйы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр дæр. Йæ ра-ныхасы уый банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы æнкъардæуы нæ республикæйы цæрджыты æвæрццаг ахаст тæрхондоны системæйы кусджытæм. Афтæ ма Парламенты Cæрдар схорзæхджын кодта тæрхондоны системæйы кусæг Брыкалова Мадинæйы РХИ-йы Парламенты Кады грамотæйæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, не ‘мзæххон чызг 2008 азы августы хæстон архайдтыты рæстæджы равдыста стыр хъайтардзинад. Уый медицинон æххуыс кодта цæф хæстонтæн.

Тæрхондонон системæйы кусджытæн ма бæрæгбонон арфæйы ныхæстæ загъта Донецкы Адæмон Республикæйы Уæлдæр тæрхондоны сæрдар Андрей Ким. Уый загъта, зæгъæ, уæ куыстмæ профессионалон ахаст кæй æвдисут, уый фæстиуæгæн тæрхондоны системæйы бакæнгæ куысты авторитет бæрзонд кæнут, æмæ уымæй та уе ‘ппæт дæр æвдисут уæ профессионалондзинад æмæ тæрхондоны системæйы куысты хорз цæвиттон.

Цæгат Ирыстоны Конституцион тæрхондоны сæрдар Хъесаты Станиславы номæй арфæйы ны-хæстæ загъта йæ хæдивæг Александр Севастьянов.

Бæрæгбонон мадзал адарддæр бæрæгбонон концертæй, хайад дзы райстой республикæйы аивæдты дæснытæ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.