Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм март у уалдзæджы фыццаг бæрæгбон – иууыл рæсугъддæр, хъармдæр, фæлмæндæр æмæ цинхæссæгдæр бæрæгбон, кæцыйы уæрæ-хæй банысан кæнынц æппæт дунейы.

Сылгоймаг, у иууыл уæздандæр æмæ рæсугъддæр, царды фидауц, царддарддæргæнæг æмæ бинонты фарн. Нæ Ирыстоны зæххыл уæлдай кад кодтой кæддæриддæр сылгоймагæн, йæ ном ын хъахъхъæдтой цæсты гагуыйау, йæ кадæн ын кодтой кад. Уый та хуымæтæджы афтæ нæу. Раттæг хуыцау цард афтæ сфæлдыста æмæ зæххыл æнæ сылгоймаг цæрæн æмæ уæвæн нæй. Уымæн æмæ у царддæттæг, хъомылгæнæг, цардаразæг æмæ хæдзары фарнхъахъхъæнæг. Ныры дуджы дæр сылгоймаг цардарæзты алы фадыджы дæр у активон, ис ын егъау нысаниуæг æхсæнадон царды. Се ‘хсæн вæййы, цæвиттонæн кæй  хæссынц, ахæмтæ æмæ сæ ном дардыл ныхъхъæр вæййы. Ахæм цæвиттойнаг сылгоймæгтæн сæ кадæй кадджын вæййынц куыд сæхи бинонтæ, афтæ паддзахад дæр. Уымæ гæсгæ уалдзæджы æрбалæудимæ банысан кæнæм 8-æм марты бæрæгбон. Сылгоймагимæ царды бирæ хæрзиуджытæ ис баст. Фыццаджыдæр, сылгоймаг у ныййарæг мад æмæ уымæн та йæ фæлмæн зæрдæ абарæн никæимæ ис. Ныййарæг мад алкæмæн дæр адджын у, фæзæгъынц, зæгъгæ, уымæн йæ лæггæдтæ нырма ничи бафыста æмæ уый афтæ дæр у…

Сылгоймæгтæн сæ бæрæгбоны цытæн фæзæгъынц иууыл хуыздæр арфæтæ æмæ фæндиæгтæ. 8-æм марты бæрæгбоны алкæй дæр бафæнды, цæмæй сæ уарзон, се ‘ввахсдæр сылгоймæгтæн, сæ ныййарджытæн, æнатæн, хотæн, хъæбултæн æмæ æндæртæн зæрдæбын арфæтæ, хъарм ныхæстимæ бакæной адæймаджы зæрдæйæн æхцонхæссæг зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Рæсугъд фæндиæгтæ – рæсугъддзинад тауджытæн

Уæдæ нæ республикæйы сылгоймæгтæ дæр сæ уалдзыгон бæрæгбоны цытæн æрвылаз дæр райсынц бирæ зæрдæбын арфæтæ. Ацы аз уæлдай тынгдæр æнхъæлмæ кастысты адæм ацы бæрæгбонмæ, уымæн æмæ коронавирусы фæзындимæ нæ цæуæнтæ, нæ фæндтæ нæ бар нал уыдысты æмæ даргъ зымæджы фæстæ алчи дæр бæллыд уалдзæджы æрцыдмæ.

Ацы аз дæр 5-æм марты Сылгоймæгты æппæтдунеон боны цытæн Цхинвалы киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын бæрæгбонон мадзал «Женщины – восьмое чудо света», зæгъгæ. Хуынд æм æрцыдысты нæ республикæйы сылгоймæгты иу хай. Бæрæгбонон мадзал бацæттæ кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрад. Нæлгоймæгтæ та стырæй, чысылæй бæрæгбонон мадзалы буц кодтой сылгоймæгты. Сылгоймæгтæм арфæ кæнынмæ æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннадийы сæргълæудæй.

Киноконцертон зал «Чермен»-ы фойейы нæлгоймæгтæ бæрæгбонмæ æрбацæуæг сылгоймæгтыл æмбæлдысты арфæйы ныхæстимæ æмæ сын мидбылхудгæйæ лæвар кодтой тюльпантæ æмæ чысыл зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уый фæстæ-иу алкæцы сылгоймаг дæр музыкæйы зæлтæм йæ бынат ссардта аив фæлыст залы.

Цытджын мадзал райдыдта бæрæгбонон арфæтæй, æмдзæвгæтæй, буц кодтой сылгоймаджы, ныййарæг мады.

Нæ буц сылгоймæгтæм арфæтимæ рахызт РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæстæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади. Уый йæхи æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты номæй æппæт Ирыстоны сылгоймæгтæн загъта зæрдиаг арфæйы ныхæстæ. «Зынаргъ сылгоймæгтæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады номæй уын арфæ кæнын 8-æм марты бæрæгбоны цытæн.

Сымах фæрцы хъахъхъæд цæуынц фыдæлты æргъадтæ, æгъдау æмæ уарзондзинад. Ирыстоны сылгоймæгтæ аккаг сты кæддæриддæр кад кæнынæн æмæ уын ацы нысаниуæгджын уалдзыгон боны загъд рæсугъд ныхæстæ уыдзысты аккаг æмæ æмбæлон. Зынаргъ сылгоймæгтæ, сымах стут хæдзары артдзæст  хъармгæнæг, царды фидауц, фæлмæн æмæ быхсаг нанатæ. Абон уын бузныг зæгъæм уæ уарзондзинад, куыстуарзондзинад, хъæддыхдзинад æмæ æхсардзинады тыххæй. Истори куыд амоны, уымæ гæсгæ ирон сылгоймæгтæ æвдыстой хъайтардзинад æмæ бæрндзинады цæвиттон, Ирыстоны адæмы уæлахизтæм æмæ æнтыстытæм разæнгард кæнгæйæ. Абон дæр сымах стыр хайбавæрд хæссут нæ бæстæйы рæзтмæ, æмæ ныфс дæттут сомбоны аккаг фæлтæр хъомыл кæнгæйæ. Зынаргъ сылгоймæгтæ, мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ фæрныгад. Уадз, уæ царды кæддæриддæр уæд æнтыстытæ, уарзондзинад æмæ кæрæдзиæмбарынад», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы арфæтæ дæр сылгоймæгтæн радæттой видеофысты руаджы. Уый æппæт Ирыстоны сылгоймæгтæн загъта зæрдиаг арфæйы ныхæстæ æмæ банысан кодта, царды сылгоймагæй цы хæрзиуджытæ цæуынц, æппæт уыдон. «Ацы уалдзыгон бæрæгбоны цытæн бузныджы æмæ кады ныхæстæ зæгъын сымахæн, нæ зынаргъ сылгоймæгтæ. Мæ сæрæй уын ныллæг кувын сымах Райгуырæн Ирыстоны хæрзиуæгæн цы аразут, уый сæраппонд. Ут нын кæддæриддæр æнæниз æмæ æнæмаст. Царды цыдæриддæр хæрзиуджытæ ис, уыдонæй хайджын ут», – загъта нæ бæстæйы сæргълæууæг.

Цытджын мадзалы уæлдай бузныджы ныхæстæ загъдæуыд нæ республикæйы æппæт медицинон кусджытæн, кæцытæ удуæлдай, æнæрынцойæ куыстой æмæ дзæвгар рæстæджы тох кодтой тæссаг хæцгæниз – коронавирусимæ. Мадзаламонджытæ медиктæн балæвар кодтой музыкалон арфæ.

Сылгоймæгты дунеон боны цытæн ма Ирыстоны æппæт сылгоймæгтæн музыкалон арфæтæ кодтой нæ республикæйы æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы популярон зарæггæнджытæ дæр, афтæ ма Хуссар Ирыстоны кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.