Хæрзарæзт уынгтæ нæ горæты фылдæрæй-фылдæр кæнынц. Централон хайæ уыдон цæуынц кæрæттæм. Ныртæккæ активон куыст цæуы нæ горæты Сомихæгты уынгыл æмæ та тагъд нæ горæты хæрзарæзт уынгтæм ноджыдæр бафтдзæн иу. Ацы уынг дæр рагæй фæстæмæ уыд æдзæллаг уавæры. Нæ горæты цæрджытæ се ‘ппæт дæр хорз зонынц рагæй фæстæмæ дæр, уартæ ма Советон дуджы дæр ацы уынг хæрзарæзт кæй никуы уыдис, уый. Нæ горæты цæрджытæ се ‘ппæт уымæн зæгъын, æмæ ацы уынг фæуд кæны Стыр базары цур æмæ, æвæццæгæн, иу стæмтæй дарддæр базармæ фæцæуы алчидæр. Цæуынц æм нæ республикæйы хъæуты цæрджытæ дæр сæ уæййæгтимæ æмæ-иу тыхстысты, къæвда бонты-иу ахизæнтæ кæй нал уыд уынджы цæдтæй, æмæ хур боны та рыгæй. Кæддæрты-иу ыл æркалдтой хуыр дæр, фæлæ уый дæр бирæйы фаг нæ уыд, уымæн æмæ йыл машинæтæ цыдысты æнæсцухæй, уæлдайдæр та хуыцаубонты. Ныр канд Сомихæгты уынджы цæрджытæн нæу æхсызгон уынджы арæзтад, фæлæ æппæт базаргæнджытæ æмæ фæлхасгæнджытæн дæр.

Куыд иннæ уынгты, афтæ ам дæр ивд æрцыдысты коммуникацион хæххытæ. Зæгъын хъæуы уый æмæ доны æмæ канализацион хæххытæ дæр ацы уынджы сæ сырæзтæй фæстæмæ фыццаг хатт ивд кæй æрцыдысты. Æппæт ацы куыстытæ сæххæст кодта «Водоканал». Æмæ ныр та уынджы хæрзарæзтадмæ æрывнæлдта арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Старт». Куыст цæуы æнæрынцойæ. Кусджытæ æмæ машинæтæ дæр æмæзмæлд кæнынц мыдыбындзытау. Машинæтæй иутæ ласынц, уынгæн цы уæлцъар ист цæуы, уый, иннæтæ йæм ласынц хуыр, калынц ыл æй æмæ йæ стæй лæгъз кæнынц. Ам æдæппæт кусы 15 кусæджы бæрц. 7 иуæджы та дзы архайы техникæ. Фæндаг арæзт цæуы Мадымайрæмы дзуарæй, суанг Стыр базармæ. Арæзтады прораб Елдзарты Къоста куыд зæгъы, афтæмæй ацы куыстытæ бакæндзысты октябры мæйы кæронмæ. Раздæр сæ фæуыдаиккой, фæлæ «Водоканал» æндæр уынгты арæзтадыл кæй архайдта, æмæ ацы уынгыл коммуникацион куыстытæ рæстæгыл кæй нæ бакодтой, уымæ гæсгæ куыстытæ фæстæмæ алæууыдысты. «Ныр æппæт тыхтæй дæр архайæм, цæмæй рæстæгыл баконд æрцæуой асфальтмæ цæттæгæнæн куыстытæ æмæ цалынмæ боныгъæдтæ амонынц, уæдмæ йыл æвæрд æрцæуа асфальт дæр», – загъта Къоста.

Арæзтады прораб ма куыд банысан кодта, афтæмæй фæндаг кæмдæрты фæхъæуы фæфæтæндæр кæнын, æмæ сын цæрджытæ уым дæр не ‘взарын кæнынц проблемæтæ. Горæты администрацийæ сæхæдæг æрцæуынц, бадзурынц хæдзæртты хицæуттимæ æмæ кæм фæхъæуы фæндаг афæтæндæр кæнын, уым сисынц æмбæндты. Æндæр гæнæн дзы нæ вæййы, уымæн æмæ уынг хъуамæ арæзт æрцæуа, проект куыд амоны, афтæ. Елдзары фырт куыд загъта, афтæмæй уынгæн йе ‘мбис ныридæгæн цæттæ у асфальт сæвæрынмæ. «Æппæт куыстытæ дæр кæнæм графикмæ гæсгæ æмæ нæ ныфс ис, тагъд ацы уынг дæр кæй бахаудзæн, нæ горæты хæрзарæзт чи æрцыдысты, уыцы уынгты номхыгъдмæ», – загъта Елдзары фырт.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.