Фæстаг азты нæ царды æппæт къабæзты дæр размæцыд кæй æнкъардæуы, уый æндавы республикæйы цæрджыты царды æмвæзад бæрзонддæр кæныныл. Уый хауы æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон фарстытæ скъуыддзаг кæнынмæ дæр. Республикæйы разамынады фæдфæдылон архайды руаджы медицинон уагдæттæ ифтонг цæуынц бæрзондквалификациджын специалисттæй, сæйраджыдæр та Уæрæсейы уæлдæр ахуыргæнæндæтты каст чи фесты, ахæм æрыгон специалисттæй, афтæ ма азæй азмæ уыдон хуыздæр ифтонг цæуынц куыд хосгæнæн фæрæзтæй, афтæ нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй дæр.

Нæ республикæйы медицинæйы къабазы ног æмвæзадмæ сисыны хъуыддаджы ахсджиаг нысаниуæг ис республикон соматикон рынчындоны территорийыл арæзтцæуæг медицинон объекттæн. Уыдонæй сæ иу у сывæллæтты бирæпрофилон рынчындон. Уый суыдзæн, сывæллæттæ, бæрзондквалификациджын æххуыс кæм райсой, ахæм центр. Ныртæккæ æртæуæладзыгон корпусы аразджытæ кæнынц мидæггагон куыстытæ. Полты цæттæ кæнынц линолеум сыл байтындзынмæ, аразынц ауындзгæ цартæ, къæридорты полтыл æмæ къултыл æвæрд фæуд кæнынц плитæтæ. Сантехникон куыстытæн фесты сæ 80 проценты, хатæнты къултæ цæттæ сты ахорынмæ.

Мидæггагон куыстытæй дарддæр ма аразджытæ кусынц йæ алыварс территори схæрзарæзт кæныныл. Ам уыдзысты æндæр æмæ æндæр формæйы газонтæ, æвæрд дзы æрцæудзысты фæхсбадæнтæ, афтæ ма территори рухс цæудзæн æхсæвыгон. Территорийы ацы бонты райдыдтой асфальт кæнын, æвæрынц дзы бордюртæ.

Ацы объекты æдæппæт кусынц 75 адæймаджы, ис дзы æппæт æнæмæнгхъæуæг техникæ. Объект арæзт цæуы Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы фæлгæтты. Аразгæ та йæ кæны арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «СМТ-ЮГ».

Йæ сæйраг инженер Контеев Таймураз куыд зæгъы, афтæмæй объекты цы арæзтадон куыстытæ æххæст цæуынц, уыдонæн иууылдæр ис æмбæлон сметæйон документаци æмæ цæуынц графикмæ гæсгæ. Уый нæ, фæлæ ма ныфс дæр æвæры, æмгъуыдæй раздæр, ома, декабры мæйы эксплуатацимæ лæвæрд кæй æрцæудзæн.

Ацы объектæн, йæ ныккæнды дæр нымайгæйæ, йæ иумæйаг фæзуат у 6874 квадратон метры. Уыдзæнис дзы дыууæ бацæуæны. Ис дзы пандустæ коляскæйы инвалидтæн. Фыццаг уæладзыджы уыдзысты службæйон хатæнтæ (регистратурæ, персоналы æмæ хъахъхъæнджыты хатæнтæ, дохтырты кабинеттæ, лабораторитæ, УЗИ-йы, электрокардиографийы, рентгены, хосгæнæн физкультурæйы кабинеттæ, афтæ ма чысыл бассейн реабилитацион мадзæлттæн). Дыккаг æмæ æртыккаг уæладзгуыты дохтырты кабинеттæй дарддæр уыдзысты иу æмæ дыууæ сынтæгимæ палататæ, уыдзысты дзы, ныййарæг æмæ саби иумæ кæм уой, ахæм палатæтæ дæр. Пациенттæн хæрзвадат уавæртæ аразыны нысанæн сын уыдзæнис хицæн хинайæнтæ, хи-æхсæнтæ. Медицинон уагдоны админстраци уыдзæн дыккаг уæладзыджы, æртыккаг уæладзыджы та – хирургион хайад. Хæлцадон блоктæ уыдзысты алы уæладзыджы дæр. Бæстыхайы æвæрд æрцæудзысты 3 лифты – сæ иу – адæмæн, иннæ та – уæзтæ ласынæн.

Афтæ æмæ рæхджы нæ сывæллæттæн фадат уыдзæнис æмбæлон медицинон æххуыс исынæн. Нырмæ та уыдонæн соматикон рынчындоны лæвæрд уыдис дыууæ хайады.

Бестауты Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.