Хуссар Ирыстоны Президенты цур Уанеты Захары номыл гуманитарон раиртæстыты институт рауадздзæн ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты æртыккаг том – уый у дунейы иунæг ахæм дзырдуат, зæгъгæ, фехъусын кодта институты директор Гаглойты Роберт.

«Уæрæсейы зонæдты академийы рауагъдад «Наука»-имæ æмархайгæйæ 2014-2015 азты Мæскуыйы мах рауагътам ирон æвзаджы æмбарынгæнæн дзырдуаты дыууæ томы, æмæ ныр та цæттæ кæнæм æртыккаг том. Уый райдайдзæн дамгъæ «Л»-йæ æмæ фæуыдзæн дамгъæ «С»-йæ. Зæгъын хъæуы уый, æмæ дамгъæ «С»-йыл махмæ ис бирæ дзырдтæ æмæ у тынг нысаниуæгджын. Ныфс нæ ис, ацы аз ноябрь-декабры райдайæны лæвæрд кæй æрцæудзæн рауагъдадмæ», – загъта уый.

Алы томы дæр зынгæ ахуыргонд-ирзонæг Гæбæраты Никъалайы иумæйаг редакцигондæй ис 8-10 мин дзырды, чиныджы тираж у 1 мин экземпляры. Чиныджы ма дзырдты æмбарынгæнинæгтæй дарддæр ис ирон авторты уацмыстæй скъуыддзæгтæ. Экземпляртæ дзы ис Мæскуыйы, Санкт-Петербурджы æмæ Уæрæсейы æндæр горæтты библиотекæты, Абхазы, Испанийы, Америчы, Францы æмæ æндæр бæстæты. Дзырдуатæн æрмæг æмбырдгонд цыди 1960 азæй фæстæмæ, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстоны хæххон бынæттæм экспедициты рæстæджы.

«Æппæт æрмæг дæр æмбырдгонд цыд карточкæтыл, æрмæджыты иу хай хæсты райдианæй дыууæ боны раздæр аластам Дзæуджыхъæумæ, цæмæй ирвæзт æрцыдадид. Уый уыд чысыл асыччыты æвæрд, æмæ дзы иу асыкк нал ссардтам», – радзырдта Гаглойы фырт. Уый банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг азты дæргъы фæзиан сты, дзырдуатыл чи куыста, уыцы специалисттæй цалдæрæй, уыцы нымæцы йæ сæйраг редактор Гæбæрайы фырт дæр. «Нырмæ бæрæг нæу цыппæрæм томыл куыд кусдзыстæм, уый, æввахс æмгъуыды уый нæ рацæудзæн, фæлæ нæ зæрдæ дардзыстæм, нæ разы лæууæг хæс аскъуыддзаг кæнын нæ къухы кæй бафтдзæн», – бæлвырдæй загъта уый.

Уый у дунейыл ирон æвзаджы иунæг ахæм дзырдуат. Цæгат Ирыстоны культурæйы министр Сикъоты Тимуры ныхæстæм гæсгæ, адæмы иу кæныны ‘рдæм здæхт цавæрфæнды процесстæ дæр, – «кæддæриддæр сты хорз». «Уымæ гæсгæ æз кæддæриддæр хæцын, иумæйаг дзырдуат саразыны проект цахæм у, ахæмты фарс», – загъта уый, æмæ банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны æвзæгты хицæндзинад ницы ахадгæ у. «Хицæндзинад дзы ис æрмæст дамгъæты зæлынады, фæлæ мах кæрæдзи иттæг хорз æмбарæм, æмæ æз ницы цæлхдур уынын дыууæ адæмы æхсæн интеграцийы раз», – бафтыдта ма министр йæ ныхасмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.