Ахсджиаг фарст у рæзгæ фæлтæримæ ахуыр-хъомыладон куыст кæнын. Цæмæй уыдон исой ног зонындзинæдтæ, тырной размæ, уый тыххæй сын стыр ахъаз у саразын ахæм фæзуат, цыран сын уа æндæр бæстæтимæ бастдзинад, уа сын æмахастытæ æмæ афтæмæй уæрæх кæной хæлардзинады арæнтæ, исой ног зонындзинæдтæ æмæ бæрæг кæной сæ курдиæттæ.

Ахæм фæзуат æрбайгом кодта Цæгат Ирыстоны сабиты журнал «Ногдзау»-ы редакци. Журнал æрвыл мæй дæр уадзы алыгъуызон мадзæлттæ Хуссар æмæ Цæгат Ирыстоны ахуырадон уагдæтты куыд скъолайы, афтæ рæвдауæндæтты кары сабитимæ дæр. Уыдæтты тыххæй бæлвырддæрæй æрдзырдтам журналы редактор Сæлбиты Дианæимæ.

— Сымах кæнут ахсджиаг куыст рæзгæ фæлтæры иудзинадыл, уадзут алыгъуызон мадзæлттæ. Дæ хорзæхæй, радзур-ма нын, æввахсдæр рæстæджы цы мадзæлттæ ауагътат, уыдон тыххæй?

— Фæстаг дыууæ мæйы дæргъы бацæттæ кодтам æмæ ауагътам флешмоб «Дæ кад мыггагмæ у цæринаг», кæцы расидтыстæм Хетæгкаты Къостайы райгуырды 163 азы бонмæ, акци «Фыстæг солдатмæ», æмæ æв-вахс рæстæджы та райдайдзæнис III-аг æппæтдунеон литературон конкурс «Ногдзаутæ». Флешмоб «Дæ кад мыггагмæ у цæринаг»-æн кæронбæттæн мадзал ауагътам 14 октябры. Уæлахиздзаутæ равзæрстам цыппар категорийы: скъоладзаутæ; рæвдауæндæтты хъомылгæнинæгтæ; скъолаты ахуыр-гæнджытæ; рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ. Уыдон се’ппæт дæр хорзæхджын æрцыдысты дипломтæй æмæ Хетæгкаты Къостайы чингуытæй. Банысан кæнын хъæуы, уый дæр æмæ «Ногдзау»-ы фæлгæтты уагъдцæуæг мадзæлтты кæддæриддæр хуссарирыстойнаг сывæллæттæ райсынц активон хайад. Ныр дæр уæлахиздзауты æхсæн уыдысты Цхинвалы 3-æм скъолайы ахуыргæнинаг Пухаты Аннæ, 5-æм скъолайы ахуыргæнинæгтæ: Сайфулоева Аннæ æмæ Плиты Ацæмæз, æмæ Гуфтайы хъæуы астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Битеты Марат.

— Чи бацæттæ кæны мадзæлттæ, куыд æххæссут ахæм уæлæмхас куыстытыл?

— Конкурстæ бацæттæ кæнынц журнал «Ногдзау»-ы редакцийы кусджытæ Цæгат Ирыстоны Дзыллон коммуникацитæ æмæ мыхуыры комитеты хъæппæрисæй. Ныртæккæйы сывæллоны тынг зын у æрмæст мыхуыры фæрæзтæй сцымыдис кæнын, ома, æрмæст журналы руаджы, конкурсты хайад райсынмæ. Фæлæ-ма йын журналимæ иумæ куы уа дзурын æмæ фыссыны фæрæзтæ дæр, уæд уый ахъаз у сæ хъуыдыкæнынад æмæ фыс-сынадæн, уæд баууæндынц сæхиуыл æмæ равдисынц сæ арæхстдзинад. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фæрæзтæ сты дуджы домæнтæ, рæзгæ фæлтæры разæнгард кæнынц сæхиуыл фылдæр бакусынмæ, уый та у тынг ахсджиаг хъуыддаг.

— Æрмæстдæр телеграмм-каналыл уадзут уæ мадзæлттæ, æви-ма хайадисджытæн сæ бон у комкоммæ дæр хайад райсын?

— Алы социалон хызæджы дæр нæ журналæн ис йæхи фарс, фæлæ ныртæккæ Инстаграм æмæ Фейсбукы æххæстбæрцæй кæй нæй архайæн, уымæ гæсгæ нæ куыстыты фылдæр хай рахастам Телеграмм-каналмæ. Конкурстæ фылдæр уадзæм онлайн хуызы, уымæн æмæ дæрддаг регионтæн хайад райсынæн уый фылдæр фадæттæ дæтты. Афтæ ма онлайн режимы ис гæнæн се’рмæджытæм цал-дæр хатты æркæсæн æмæ сын афтæмæй аргъ скæнынæн.

— Акци «Фыстæг солдатмæ»-йы нысан цы у? Чи дзы исы хайад?

— Ацы аз «Ногдзау»-ыл сæххæст ис 85 азы, уый цытæн нæ хъуыдыйы уыд æнæхъæн азы дæргъы алыгъуызон мадзæлттæ уадзын, æмæ Джиуæргуыбайы мæйы та фæнд кодтам юбилейон концерт саразын. Азы райдайæны райдыдтам нæхи цæттæ кæнын, систам алыгъуызон репортажтæ, цыбыр сюжеттæ, рауагътам сæрмагонд номыр, фæлæ, хъыгагæн, фæстæдæр, дунейы сабырдзинад кæй нал ис, уый тыххæй рахастам уынаффæ, хъæлдзæг юбилейон мадзæлттæ уадзыны рæстæг кæй нæу. Цы фæрæзтæ нæм æрбамбырд ис юбилей аразынмæ, уыдонæй балхæдтам хостæ æмæ сæ сфæнд кодтам хæстон архæйдтыты хайадисæг ирыстойнаг солдаттæн, сæрмагондæй цæфтæ чи сты, уыдонæн арвитын. Уыимæ ма сын сывæллæтты фыстæджытæ дæр семæ æрбаиу кодтам. Донбассы ирон Диаспорæйы сæргълæууæг Бæззаты Еленæ куыд загъта, афтæмæй госпиталты уæвæг хæстонтæ тынг зæрдиагæй фен-хъæлмæ кæсынц сывæллæтты фыстæджытæм. Еленæйы уылтыл мах æрвитдзыстæм не’рвитæггæгты иу хай, æмæ нын уый та цæф хæстонтæй фæстæмæ видеодзуаппытæ рарвитдзæнис. Иннæ хай та арвитдзыстæм 58 армимæ æмæ сæ уыдон та се ’ххуысы хайимæ фæхæццæ кæндзысты хæстонтæм.

Иумиагæй сисгæйæ, акци рауад тынг цымыдисон, хайад дзы райстой республикæйы æппæт регионты ахуырадон уагдæттæ. Фыстæджыты сабитæ æвдисынц хæстонты тæссаг уавæр кæй æнкъарынц, æмæ сын хæлар кæнынц уæлахизимæ сæ бинонтыл сæмбæлыны фæндиæгтæ. Ахæм бастдзинад у дыууæрдæм ахадгæ: сабитæн у сæ ахастæвдисæг хæст æмæ хæстон зын уавæрты уæвæг солдæттæм, æмæ хæстонтæн та — удæнцойдзинад.

— Цæмæй Хуссар Ирыстоны ахуыргæнинæгтæ хайад райсой уæ мадзæлтты, уый тыххæй сæ цы хъæуы аразын?

— Нæ конкурсты хайад райсыны тыххæй мах дæттæм информаци интернеты хызæджы журналы сæрмагонд фæрстыл. Уым фехъусын кæнæм, иу кæнæ иннæ мадзалы рæстæджы цы домæнтæ фæхъæуы æххæст кæнын, уый. Хайад райсыны тыххæй нын алы республикæйæн дæр ис иугъуызон домæнтæ, сæ сæххæст кæнынæн хъæуы æрмæстдæр журналы фæрстыл хи бафыссын. Хуссар Ирыстоны скъолаты ахуыргæнджытæ, ахуыргæнинæгтæ æмæ хъомылгæнджытæй ныридæгæн тынг бирæ ис нæ фæрстыл фыст æмæ афтæмæй райсынц хайад уагъдцæуæг мадзæлтты. Табуафси, æрбафыссут нæм уæхи, кæй фæнды, уыдон се ’ппæт дæр: Teiegram- НОГДЗАУ

— РХИ-йы Ахуырады министрадимæ æмгуыст кæнут?

— Хуссар Ирыстоны Ахуырады министрады ивддзинæдтæ кæй æрцыд, уымæ гæсгæ нын нырма нæ сæвзæрдысты æмахастытæ. Фæлæ уый у рæстæгмæ хъуыддаг. Æввахс рæстæджы фæнд кæнæм нæ ахастытæ сног кæнын æмæ нæ ныфс ис нæ бастдзинад æнгомæй-æнгомдæр кæй кæндзæн.

— Цы перспективон плæнттæ ма уæм ис æввахсдæр рæстæджы?

— Тынг æнцонвадат ма у ютуб-каналыл видеоæрмæджытимæ кусын, уым ис фылдæр фæзуат сабиты курдиат парахат кæнынæн æмæ сын сæхицæн сæ арæхстдзинад равдисынæн. Уымæ гæсгæ фæнд кæнæм æввахс рæстæджы ютуб-шоу саразын æмæ нæ фидар ныфс ис Хуссар Ирыстоны сывæллæттæ дæр дзы активонæй кæй архайдзысты.

Декабры мæйы райдайдзæнис Ногдзауты III-аг литературон конкурс «Ногдзау». Уый ацæудзæнис ахæм форматы: хайадисджытæ æрбарвитдзысты сæ видеоæрмæджытæ, жюрийы уæнгтæ сын скæндзысты æмбæлон аргъ, уый фæстæ уæлахиздзаутæ хуынд æрцæуыдзысты редакцимæ æмæ комкоммæ фембæлды рæстæджы æрцæудзысты хорзæхджын. Конкурс уагъд æрцæудзæн ахæм номинациты, куыд: хифыст æмдзæвгæтæ; аргъæуттæ; радзырдтæ; притчæ; жанр эссе.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.