2018 АЗ: ЦЫ ‘РЦЫДИС АРÆЗТ?

Æнтыстджын уыд ацæугæ 2018 аз нæ адæмæн. Фæфылдæр ног цæрæн хæдзæртты нымæц. Уый та бирæбæрцæй æндавы нæ республикæйы цæрджыты цардуагон уавæртæ фæхуыздæр кæныныл. Æмæ канд цæрæн хæдзæрттæ нæ цыдысты арæзт. Æндидзыд, арæзт æмæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты æндæр нысаниуæджы бирæ объекттæ. Аивгъуыйгæ азы Инвестицион программæйы æппæт мадзæлттæ дæр æххæст æрцыдысты 100 процентæй.

Уыцы объекттæй сæ иу у, нæ горæт нын чи рафидауын кодта æмæ нæ адæмы культурон царды ахсджиаг нысаниуæг кæмæн ис, уыцы театры бæстыхай.

Нæ горæты Хъайтарты уынджы арæзт фесты дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары æмæ сæ хицæуттæн лæвæрд æрцыдысты.

Ахсджиаг цау уыд нæ республикæйы университеты ног комплексы сырæзт. Ныр йе студенттæн ис æппæт уавæртæ дæр æмбæлон æмвæзадыл ахуыр кæнынæн, профессортæ-ахуыргæнджыты скондæн та  – кусынæн.

Горæтæн йæ цæгатварс арæзт фæцис медико-социалон центр. Уырдæм раконд æрцыдысты, пансионат «Аудындзинад»-ы чи цæрынц, уыцы зæрæдтæ. Ам ма арæзт æрцыдис, паллиативон æххуыс кæй хъæуа, ахæм адæймæгтæн хицæн хайад дæр.

Капиталон цалцæг æрцыдис туберкулезон диспансер. Уый уыд æдзæллаг уавæры. Рынчынтæн стационарон æгъдауæй хосгæнæн кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ сын æххуыс цыдис амбулаторон æгъдауæй.

Æхсызгон цау у, Вокзалгæрон уынджы 100 сывæллонæн арæзт кæй æрцыд скъолайы кары агъоммæйы уагдон. Ам уыдонæн арæзт æрцыд æппæт уавæртæ дæр æмæ æрæджы йæ дуæрттæ æрбакодта нæ чысыл хуртæн.

2018 азы Ленингоры районы байгом ис ног скъола æмæ сывæллæтты рæвдауæндон. Ахæм æнæмæнгхъæуæг объекттæ арæзт цыдис нæ республикæйы районты дæр. Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы арæзт æрцыд, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтты, ахæм скъола-рæвдауæндон. Уыцы скъола-рæвдауæндоны æхсызгонæй ахуыр кæнынц ахуыргæнинæгтæ, сæ рæстæг дзы зæрдæйы фæндиаг æрвитынц скъолайы кары агъоммæйы сабитæ дæр. Уый ифтонг æрцыд æнæмæнгхъæуæг ахуыргæнæн дзаумæттæй, компьютертæй æмæ хæдзарон хъæдын дзаумæттæй.

Ахсджиаг цау уыдис, Хуссар Ирыстоны паддзахадон телеуынынад нымæцон телеуынынадмæ кæй рахызт, уый. Ныр нæ республикæйы цæрджытæн фадат ис нымæцон форматыл 20 каналмæ бакæсынæн.

Куыд горæты, афтæ районты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады тыхтæй хицæн хъæутæм уагъд цыдысты нуазыны доны хæххытæ, арæзтой æмæ хуыздæр кодтой, цы фæндæгтæ сæм цæуы, уыдон. Скъуыддзаг цыдысты æндæр цардуагон фарстатæ дæр.

Аивгъуыйгæ аз ма æнтыстджын уымæй уыд, æмæ ноджыдæр скъуыддзаг æрцыд стыр ахсджиаг фарст. Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ УФ-йы Газпромы ‘хсæн къухтæ æрфыстæуыд нæ республикæйы районты хъæуты газификаци скæныны тыххæй сразыдзинадыл. Уымæй дарддæр ма сæрмагонд хъусдард здæхт цыдис чысыл амалиуæгад райтынг кæнынмæ. Уый тыххæй райст æрцыд закъон, чысыл амалиуæгадæн хатырон уавæрты кредиттæ дæттыны тыххæй.

Æхсызгон цау уыд нæ горæты сæнуадзæн завод «Ирон сæн»-ы æрбаконд дæр. Уым куысты бынæттæ фæзынд 30 адæймагæн. Куыд уæрæхдæр кæна куыстуат, афтæ фылдæр кæндзысты йæ кусджытæ дæр.

Нæ адæмæн стыр æхсызгондзинад цы хæссы, уый – нæ горæты уынгты арæзтад. Аивгъуыйгæ аз нæ горæты арæзт æрцыдысты 10 уынджы. Уыдонæн рахицæн æрцыд 580 милуан сомы. Хæрзарæзт æрцыдысты Джыгкайты Шамилы, Нарты, Къуайсайы, Аланты, Дмитровы, Чиайы фырты, Коцойты Арсены, Тæболты Сергейы, Коцты Грийы æмæ Руставелийы уынгтæ.

Ивгъуыд аз Ленингоры райцентры бавнæлдтой уынгты хæрзарæзтадмæ. Уым зæххыбын инженерон коммуникацитæ ивд æрцыд 16 километры бæрц. Райцентры арæзт æрцыд донсыгъдæггæнæн ифтонгад.

Знауыры районы 6 хъæумæ уагъд æрцыд дон. Иууыл гуырахстджындæр уыд «Гомарт-Уахтъана-Терегуан». Афтæмæй донæй ифтонг æрцыдысты 200 хæдзары. Хицæн хъæутæм та уагъд æрцыдысты доны хæтæлтæ. Эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты æндæр объекттæ дæр.

2019 АЗ: ЦЫ ‘РЦÆУДЗÆН АРÆЗТ?

Ацы аз та Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты хæрзарæзт цæуы 8 уынджы – Лермонтовы, Уæлахизы, Гаглойты Хазбийы, Харебаты Исахъы (Сталины уын-гæй, Гаглойты Хазбийы уынгмæ), Остъаты æфсымæрты уынг, Гафезы уынг æмæ Джиоты Аланы фæзилæн. Куыд фæтк, афтæ уал ам куыстытæ цæуынц зæххыбын коммуникацитæ баивыныл. Куыддæр ацы куыстытæ се ‘ппæт дæр баконд æрцæуой, афтæ æрæвналдзысты асфальтгæнæн куыстытæм.

Ацы аз горæт Къуайсайы æмæ Ленингоры поселочы дæр арæзт æрцæудзæнис цалдæр уынджы.

Гуфта-Къуайсайы фæндаджы арæзтад дæр 2018 азæй ахызтис 2019 азмæ. Уый арæзт цæуы этапгай.

Ацы аз æрæвнæлдтой Гром-Цъинагары фæндаджы арæзтадмæ. Уыцы фæндаг стыр ахъаз фæуыдзæнис цæрджытæн. Уымæн æмæ уый уыдзæнис бирæ цыбырдæр.

Ацы аз æрæвнæлдæуыд Уанатæй Цхинвалмæ донуадзæн куыстытæм. Аразы йæ арæзтадон компани «СТМ-ЮГ». Дон уагъд цæуы 18 километры дæрддзæгæй. Ныртæккæ ам куыстытæ сты сæ тæмæны æмæ бæрæг у, азы кæронмæ æппæт куыстытæ дæр баконд кæй æрцæудзысты. Присы хъæуы арæзт æрцæудзæнис, 3,5 мин кубы кæм цæуа, ахæм резервуартæ.

Цæрæн фатертæй цæрджыты ифтонг кæныныл дæр цæуы куыст. Уыцы нысанæн Инвестпрограммæйы фæлгæтты Гуыбаты æфсымæрты уынджы дарддæр арæзт цæуынц 150 бинонтæн дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары. Ам куыстытæ æххæст цæуынц стыр темптæй æмæ кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзысты æмгъуыдæй раздæр.

Цæрæнуаты фарст карзæй лæууы районты цæрджыты раз. Уымæ гæсгæ æнæхъусдард нæ зайынц нæ республикæйы къухдариуæгадæй. Ацы аз Дзау æмæ Знауыры поселочы арæзт æрцæудзысты æртæуæладзыгон 18 фатерон хæдзæрттæ.

Нæ республикæйы арæзт æрцыд æмæ дарддæр дæр арæзт цæуынц медицинон объекттæ. Ахсджиаг лæвар уыдзæн, ноггуырд сабитæ æмæ сæ ныййарджытæн арæзт чи цæуы, уыцы гуырæн хæдзар гинекологион хайадимæ. Уый ацы аз эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн. Уыдзæнис дзы æппæт уавæртæ дæр чысыл пациенттæ æмæ сæ ныййарджытæн. Уым уыдзæнис дыууæ операцион хайады, гуырæн хайад 30 сынтæгимæ æмæ 20 бынаты та – гинекологион хайадимæ. Ам куыстытæ цæуынц æнæрлæугæйæ. Ног гуырæн хæдзарæй комкоммæ ахизæн уыдзæн соматикон рынчындонмæ. Уæдæ, ацы территорийыл цы медицинон кластер арæзт æрцыд, уымæ ма ноджыдæр бафтыдис иу – ног гуырæн хæдзар.

Чиаты Иосифы уынгыл бындур æвæрд æрцыд сабитæн ног рæвдауæндоны арæзтадæн. Уый арæзт æрцæудзæн 160 сабийæн. Рæвдауæндон графикмæ гæсгæ арæзт фæуыдзæн азы кæронмæ.

Нæ республикæйы хæдбардзинады сæрыл йæ цард нывондæн чи æрхаста, уыдоны нæмттæ сæнусон кæныны тыххæй нæ горæты  арæзт цæуы мемориалон комплекс. Уый арæзт цæуы, Тугъанты Махарбеджы уынгыл цалдæр азы æдзæллагæй чи лæууыд, уыцы бынаты, Национ музейы фарсмæ.

Ацы комплекс арæзт цæуы Инвестпрограммæйы фæл-гæтты æмæ йын радих æрцыд 60 милуан сомы.

Нæ горæты Театралон фæзуат ацы аз ноджыдæр рафидаудзæн ног уазæгдон «Ирыстон»-ы сырæзтæй. Уый рæзы тагъд, кусджытæ архайынц цырд темптæй. Ныртæккæ ам цæуынц бæстыхайы сæр æмбæрзæн куыстытæ. Уыцыиу рæстæджы объекты æххæст кæнынц мидæггагон куыстытæ.

Ныридæгæн бæрæг у, уазæгдон кæй исы йæ раздæры хуыз. Йæ фæзуат у 6446 квадратон метры. Арæзт та цæуы 43 бынатæн. Уыдзæнис дзы иу люкс бынат, 7 – æрдæглюкс бынæттæ, 8 –  иубынатонтæ, 26 та – дыгайбынатонтæ.

Уазæгдоны арæзтады аргъ у 430 милуан сомы аргъ.

Объект арæзт фæуыдзæн 2019 азы кæронмæ.

Куыстытæ æххæст цæуынц Хуыбылты Валерийы номыл улæфæн парчы дæр. Уый раздæрæй ноджы райсдзæн аивдæр хуыз. Арæзт дзы æрцæудзысты рухсытæ, теннисæй кæм хъазой, ахæм стъолтæ, спортивон æмæ хъазæн фæзуæттæ, велосипедыл скъæрæн фæндæгтæ…Æвæрд дзы æрцæудзысты фæхсбандæттæ, уыдзæнис дзы чысыл цад. Паркæн фылдæр уыдзæн физкультурон- æнæнизгæнæн нысаниуæг. 

Рагæй фæстæмæ дæр карзæй лæууы нæ горæты раз брондон æмбæлон бынаты саразыны фарст. Нырмæ иу бынат дæр дзуапп нæ радта ацы фарст æрнывыл кæнынæн. Ныр, æппынфæстаг, ацы фарст скъуыддзаг æрцыд. Арæзт æрцæудзæн, æппæт нормæтæн дæр дзуапп чи дæтдзæнис, ахæм полигон.  Уый уыдзæн Ирыхъæуы арæнгæрон территорийыл.

Рагæй фæстæмæ дæр нæ республикæйы районты хъæуты ивд нæ цыдысты электроадæттæн хæххытæ, уымæ гæсгæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ. Ныр ивд цæуынц зæронд электрокабелтæ. Дарддæр ивд цæуынц электрохæххыты зæронд цæджындзтæ æфсæйнаг-бетонон цæджындзтæй, æвæрд цæуынц ног трансформатортæ, электронымайæнтæ. Фарон ахæм куыстытæ баконд æрцыдысты Ленингор æмæ Дзауы районты. Ацы аз та ахæм куыстытæ бакæндзысты Знауыр æмæ Цхинвалы районты.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ 2019 азæн Инвестпрограммæмæ хаст  æрцыд æдæппæт 51 мадзалы.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.