Нæ горæты Джиоты Аланы проспектыл цæугæйæ адæймаджы цæст æнæсныдзæвгæ нæ фæуыдзæн Анахарсисы номыл библиотекæйы фарсмæ цы аргъуан арæзт цæуы, ууыл. Цæстæнгас йæхимæ здахы æрмæст йæ асæй нæ, фæлæ дзы куыстытæ цы темптæй цæуынц, уымæ дæр. Уый бонæй бонмæ рæзы æмæ йæ контуртæ бæлвырдæй бæлвырддæр кæнынц. Æмæ кæд нырма йæ кæройнаг хуыз нæ райста, уæддæр фидарæй зæгъæн ис, кæй суыдзæнис, горæты чи фидауын кæнынц, уæлдай рæсугъддæр æй чи кæнынц уыцы объекттæй сæ иу. Ног аргъуан уыдзæн Мæскуыйы патриархаты æмæ арæзт цæуы византиаг стилмæ гæсгæ. Йæ арæзтад кæронмæ фæуыдзæнис фидæнмæ.  Уыцы аз нысан цæудзæнис, Алани чырыстонад куы райста, ууыл 1100 азы сæххæсты бæрæгбон. Бæрæгбонон мадзæлтты хайад исдзысты куыд Цæгаты, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр. Ацы зынгæ бæрæгбонмæ ног аргъуан уыдзæнис хорз лæвар Хуссар Ирыстоны цæрджытæн.

Аргъуан ахъаз кæндзæн Ирыстоны чырыстонад фидардæр кæнынæн, Ирыстоны адæмы удварн арфдæр кæнынæн, афтæ ма Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн интеграцион процесстæ фидардæр кæнынæн.

Объекты куыстытæ æххæст кæны аргъуанон арæзтæдты фонд «Чырыстонады æндидзынад», финансон æгъдауæй та йæ ифтонг кæны уæрæсейаг «Андрей Первозванныйы фонд». Ацы объекты куыстытæ сты сæ тæмæны. Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад «Мегаполис-Т»-йы прораб Æлборты Инал куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ ам аразджытæ кæнынц бетонон æмæ арматурæтæ æвæрыны куыстытæ. Объекты кусджытæ кæд бирæ не сты, бæрцæй 8 адæймаджы, уæддæр сын хорз æнтысы. Уыдонæн сæ бæрны ис арæзтадон техникæйæ дыууæ иуæджы. Аргъуан арæзт куы  фæуа, уæд аразджытæ æрывналдзысты йæ алыварс территори схæрзарæзт кæнынмæ. Афтæ æмæ æрæджы дæр ма хæмпæлгæрдæг кæм зад, брæттæ кæдæм æппæрстой, уыцы бынат тагъд рæстæджы суыдзæн нæ горæты фенддагдæр бынæттæй сæ иу. Адæм æм цæудзысты Хуыцауæн сæхи фæдзæхсынмæ æмæ сын кæддæриддæр æххуысгæнæг уæд.

Зæгъын ма хъæуы уый æмæ нæ фыдæлты историимæ баст аргъуантæ бирæ кæй ис Хуссар Ирыстоны зæххыл æмæ сæ хъæуы бахъахъхъæнын, уымæн æмæ нæм уыдонæй хъуысы фыдæлты хъæлæс æмæ сæ раст уымæ  гæсгæ хъæуы бахъахъхъæнын, цæмæй сæ зоной нæ фæстагæттæ дæр. Хъыгагæн ахæм аргъуантæм, цыртдзæвæнтæм хъусдард нæ уыд советон дуджы дæр, динмæ уазал цæстæй кæй акастысты, уый аххосæй. Фæстæдæр та сын стыр зиæнттæ ракодта стыр зæххæнкъуыст. Хорз хъуыддаг у, бирæ рæтты реставраци кæй цæуынц хицæн адæймæгты хъæппæрисæй. Абон ацы историон цыртдзæвæнтæм гæсгæ бæрæг у, нæ фыдæлтæ кæй уыдысты  аразджытæ, хорз æрмдæснытæ æмæ нæм абоны бонмæ æрхæццæ сты. Æмæ абон махæн нæ хæс у, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ фыдæлты культурон бынтæ. Æнæ уыдонæй нацийæн уæвæн нæй, уымæн æмæ уыдон сты, цы адæмы хаттæй дæ, уый æвдисæндартæ. Алы рæстæджы дæр культурæ уыдис нацийы рæзты сæйраг рахæцæн. Истори куыд уынын кæны, афтæмæй адæм æндидзын уæд райдайынц, кæд æмæ се ‘ргом аздахынц се стыр ивгъуыдмæ, сæ историон бынтæм. Ахæм стыр истори æмæ культурон бынтæ та ис нæ адæмæн æмæ нæ хæс у, цæмæй сæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнæм æмæ сæ фидæны фæлтæртæм адæттæм.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.