Ацы бонты Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры коллективæн  Президент Бибылты Анатоли балæвар кодта ног комфортабелон автобус. Уый театрæн уыдис стыр æмæ хъæуæг лæвар, уымæн æмæ сæ куыст домдта ахæм машинæ. Бæстæйы сæргълæууæг автобусы дæгъæлтæ радта театры къухдариуæгадмæ зæрдиаг арфæтимæ.

Автобусы ис 32 бынаты, ифтонг у нырыккон технологитæм гæсгæ, ома, дзуапп дæтты фæндагыл цæуыны æппæт домæнтæн. Автобус цæттæ æмæ ифтонг у дард балцытæм. Йæ мидæг ис уазалгæнæн, навигатор, дыууæ телевизоры, афтæ ма шофыр кæм баулæфа, ахæм бынат.

Рагæй кæмæ бæллыдысты, ахæм лæвар

Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыс-тоны Паддзахадон драмон театры директор Уалыты Мæдинæ стыр бузныджы ныхæстæ загъта бæстæйы сæргълæууæгæн, æппынæ-дзух сæм лæмбынæг хъусдард кæй здахы æмæ алы фарсты дæр сæ фарсмæ кæй æрбалæууы, уый тыххæй. Уалыты Мæдинæ ма йæ раныхасы рæстæджы банысан кодта, театр ахæм автобусмæ рагæй кæй бæллыд æмæ уый тыххæй абон стыр æхсызгонæй кæй æмбæлынц сæ лæварыл.

«Кæй зæгъын æй хъæуы, махæн тынг æхсызгон уыдис, ахæм хорз автобус нын кæй балæвар кодтой, уый. Автобус нæм æрхæц-цæ кодтой цалдæр арæны сæрты Китайæ. Нæ артисттæй бирæтæ сты Цæгат Ирыстоны æмæ куы æрыздæхой, уæд сын уыдзæнис тынг æхсызгон ацы хъуыддаг. Мах нæ зæрдæ дарæм ууыл, æмæ нæ автопарчы кæй фæ-зындзæнис микроавтобус дæр, уымæн æмæ ацы автобус æгæр стыр у бынæттон балцытæн», – загъта Уалыты Мæдинæ.

Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ, Паддзахадон драмон театрæн æнæмæнг-хъæуæг у ахæм автобус, цæмæй æнæкъуылымпыйæ цæуой балцыты æмæ сæ хорз спектакльтæ хæссой адæмы размæ. «Транспорт, мæнмæ гæсгæ, у тынг хорз, дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Сымах комфортимæ цæудзыстут гастролон балцыты æмæ уын ноджыдæр уый тыххæй зæгъын арфæйы ныхæстæ. Мæ зæрдæ уын зæгъы стыр æнтыстытæ уе сфæлдыстадон куысты, фæндараст-иу ут уæ балцыты», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Театры коллективы номæй Президент Бибылты Анатолийæн бузныджы ныхæстæ загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон артисткæ Гугкаты Эвелинæ. Уый йæ раныхасы банысан кодта, хуссарирыстойнаг театрмæ стыр хъусдард здæхт кæй цæуы нæ республикæйы къухдариуæгадæй æмæ æппæт дæр кæй аразынц, цæмæйдæриддæр размæ цæуа ирон аивад.

Ног автобусыл цины æнкъарæнтимæ æрзылдысты театры коллектив горæты уынгты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.