Куыд æмæ цæмæй цардысты нæ рагфыдæлтæ, се ‘гъдау, сæ цардуаг цæмæй хицæн кодта сæ алфæмблай цæрæг адæмтæй? Сæйраджы сæйраг та — цахæм ахастытæ уыдис бинонты ‘хсæн, стæй хицæн, иугай бинонты ахастытæ куыд æндæвтой иумæйаг — сыхбæсты, хъæубæсты, комбæсты ахастытыл? Фыссынад нæм афтæ раджы кæй нæ фæзынд, — ахуырдзинад дæр, уымæ гæсгæ нын нæ истори фылдæрбæрцæй агуринаг у æндæр адæмты фыссынад æмæ историон гуырæнты. Уæддæр — Хуыцауæй бузныг, æмæ ирон адæмы хъысмæтмæ цымыдисгæнджытæ фæзынд, бирæ ахуыргæндтæ, иртасджытæ раздæхтой се ‘ргом Ирыстонмæ, бирæ æрмæджытæ нæм баззад Миллер, Ковалевский æмæ æндæрты фæрцы.

Ирон хæдзары бинонтæ се ‘рвылбоны куыстытæм цас зæрдиагдæрæй æвнæлдтой, уыйбæрц хæрзаддæрæн хордтой иумæ аходæн, сихор æмæ æхсæвæр дæр. Хуымæтæджы фынгæвæрдæн дæр дзæвгар уыдысты йæ хойраджы æмæ нозты хуызтæ, кæм — уазалæй, кæм та — хъармæй. Чысылæй стырмæ, кæстæрæй хистæрмæ бинонтæ иу цары бын цардысты. Уыди сын иу нæлгоймаг хистæр, иу сылгоймаг æфсин — уынаффæгæнджытæ. Уыдонæй алчи дæр хаста адæймаджы ном сæрмагонд бæллицтæ æмæ æхсызгæттимæ. Чи дзы цы фылдæр хæринаг уарзта, чи — цы. Уыцы уавæр хæдзары хистæртæ зыдтой æмæ хынцыдтой, æмткæй бинонты цардæн уынаффæ кæнгæйæ, хицæн фæндæтты, бæллицты, фæлæ иумæйаг фарны домæнтæ хæлд нæ цыдысты. Хæдзары æфсин аходæнæн, сихорæн, æхсæвæрæн цы иумæйаг хæринаг скод-таид, уымæй уæлдай æндæр хæринæгтæ нæ агуырдтой бинонтæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæдæндаг сывæллон æмæ зæронд адæймагæн æнцондæрхæрæн уыдысты сæндæгтæ, цымгæтæ, дæндагæй рæвдз бинонтæ та хæрзадæн хордтой хъæбæрфых кæрдзынтæ хъæбæр цыхтимæ, хуыппаджы æмæ хъæрмхуыппы хуызтимæ. Сылгоймагæй нæлгоймагмæ æгъдауыл нымад уыди аходæн, сихор, æхсæвæры хардз афоныл бакæнын. Нæлгоймæгтæ бадтысты хибарæй рахисфарсæрдыгæй, сылгоймæгтæ — галиуварс. Хуымæтæджы фынгæвæрды хардзæй хайджын уыдаид уазæг дæр, æнæнхъæлæджы сæмбæлгæйæ. Хуымæтæджы фынгæвæрдæн дæр уыди лæггад-гæнджытæ, куыд лæгты, афтæ сылгоймæгты фарс дæр — кæм дон авæрыны уагыл, кæм та карз нозтæй хистæр лæгтæн фæйнæ нуазæны баназыны уагыл. Ахæм заман хистæр акуывтаид бадгæйæ, æмæ кувæггагæй кæстæр ацахуыстаид, стæй уазæгимæ фæйнæ банызтаиккой æхсæ-вæрыл. Карз нозтæй нæдæр аходæныл, нæдæр сихорыл уыди æгъдауыл нымад фæйнæ баназын.

Хордтой сабырæй, æнæ уæлдай ныхасæй, раст-бастæй. Хæринагæй, бæрцæн нымд кæнгæйæ, уæлдæйттæ куыдфæндыйы къæбæртæй, муртæй уадзын нымадтой æнæуагыл, фæлæ фынгисæггаг фæуадзын хаста бæркады иумæйаг фарн.

Æппæт хæринæгты æвæрдæн дæр сæ хъомыс баст уыди афæдзы куыстыты æмæ фæллæйтты хуызтыл, стæй дины кæнонтыл æргом цины æмæ зианы бæрæгбæттæн дзуапп дæтгæйæ.

Уазæджы фынгæвæрдæн хъуыди уæл-дай уæзданы æууæлтæ. Ирон адæм уазæгуаты кæрæдзимæ æфтыдысты алы уавæрты дæр: хæдзарæй-хæдзармæ, сыхæй-сыхмæ, хъæуæй-хъæумæ, комæй-коммæ. Уыйадыл уыди зонгæ æмæ æнæзонгæ, хицон æмæ æцæгæлон, бынæттон æмæ æддагон, хуынд æмæ æнæхуынд уазджытæ. Иумæйагæй, фæрнджын ирон бинонтæн уазæг уыд — Хуыцауы уазæг, æмæ сын хаста хæдзармæ куыдæхсызгондæрæй бæркæдтæ, амæндтæ. Алы уазæгæн дæр бинонтæ кастысты йе ’рбацыды уагмæ, фæткмæ, кар хынцгæйæ, æмæ йын уыцы хуызы кодтой лæггад дæр. Ныхасæн баззад фыдæлтæй: «Ис хæлтъа-мæйы аккаг уазæг дæр æмæ кусарты аккаг уазæг дæр». Хуымæтæджы бафтæг уазæг хæдзары цæттæйæ цы баййæфтаид, уый уыди йæ аходæны, сихоры æмæ æхсæвæры хардз бинонты æмвынг бадтыл æвдæлон бонты. Улæфты бонты уазæджы номыл сæрмагонд хардз цæттæ кодтой урсаджы æмæ сойаджы хуызтæй. Нуазинагæн дæр — бæрцыл, фæткыл — сыгъдæг дон, суар, къуымæл, стæй карз нозтæй — фæйнæ æртæ гаджидауы бæрæг кувинаджы уагыл. Карз нозтæн дардтой сæрмагонд гыццыл нарæгхъуыр дурынтæ-гоцъобитæ. Уыдоны барстæй цыди нымад нозт лæгæн иу кæнæ æртæ нуазæны хыгъдæй, æмæ хæдзары æфсин фынгыл цы æрæвæрдтаид, уымæй фылдæр хæдзары хицау дæр нал домдта. Уыцы фæткы бындурыл æнцадысты уырдыглæууæг æмæ хистæры бартæ карз нозтæй сидгæйæ.

Æддейæ куыстыты заман æгъдауджын ирон бинонтæй рох нæ кодта уазæджы хай дæр, æмæ йын йæ хардз æвæрдтой цæрæнхæдзары гайлайы — æхгæд къусчы райсынæввонгæй. Уæды заманты ирон хъæуты хæдзæртты дуæрттыл æфсæйнаг æхгæд гуыдыртæ не ’вæрдтой, æмæ уазæг зонгæ фысымы хойрагæй хордта æгъдауыл, стæй райгондæй цыди йæ фæндагыл.

Нæлгоймæгтæ бынаты не сты, зæгъгæ, уæддæр хæдзармæ хистæры номæй чи бадзырдтаид æнæзонгæ уазджытæй, уымæн сылгоймæгтæ æгъдауыл цæхх æмæ кæрдзын лæвæрдтой. Иугай хæдзæрттæ æмæ хъæутæ уыди Ирыстоны кæмтты фыдæлты заманты дæр, уазæгæн къæбæр зивæгæй чи лæвæрдта, ахæмтæ, æмæ хастой æгады, æнæрады нæмттæ…

Бæрæгбонты фынгæвæрдтæ. Хуызæй æмæ мидисæй куыд хицæнтæ кодтой ирон бæрæгбонтæ, афтæ кувинаджы бæркæд-тæй дæр æмхуызон нæ уыдысты. Цины бæрæгбонтæн уыди кувинæгтæ райгонды иугæндзон бæркæдтæй, зианы (марды) бæрæгбонæн та — ныххæлары хæрдзтæ фыдохы уагыл. Алы бæрæгбонæн дæр уыди йæхи сæрмагонд ном: Уастырджийы кувæн бонтæ, Цыппурс, Ногбон, Комахсæн, Куадзæн (Комуадзæн), Бæлдæрæн, Кæрдæгхæссæн, Фосы Фæлвæра, Хоры Уацилла, Атынæг, Мыкалгабыртæ…

Къуырийы авд бонæн куыд нымадтой фыдæлтæ авд изæры æмæ æхсæвы, афтæ бæрæгбонтæн дæр уыди бæрæг æхсæвтæ æмæ изæртæ: Уастырджийы бæрæг изæр уыди къуырисæры хурныгуылдыл, бæрæгбон та — дыццæджы хурыскастыл. Ахæм фæткыл хицæнтæ кодтой фынгæвæрды хæрдзтæ бæрæгæхсæвтæ æмæ бæрæгбонты номыл. Иу хуызы бæрæгбонты номыл нывонды кусæрттæ кодтой изæрæй, иннæ хуызы та — райсомæй. Зæгъæм: Уастырджийы бонты, Ног аз æмæ Комахсæны номыл кусæрттæ кодтой сæ размæ изæрты, Куадзæны, Фæлвæрайы æмæ Уациллайы кусæрттæ та — сæ бонты райсомы хуры скастыл. Цæмæн афтæ кодтой, уымæн бæрæг дзуапп ничи ма радта ахуыргæндтæй, ирон дины кæнонтæ кæй нæ бамбæрстой, уый аххосæй… Фыдæлтæн уыди боны æмæ æхсæвы бардуæгтæ, зæдтæ æмæ дауджытæ комкоммæ амонгæйæ, æмæ мæнгдингæнджыты архайдæй, амындæй — уыдон ныссуйтæ сты чырыстон æмæ пысылмон уырнынæдты ‘хсæн.

Æппæт бæрæгбонты фынгæвæрды хæрдзтыл дзургæйæ, цины æмæ зианы фынгтæ æмхуызон не сты ирон адæмæн. Дардæй бакæсгæйæ дæр бæрæг уыдысты цингæнæг æмæ хъыггæнæг ирон адæм, куыд дарæсы кондæй, афтæ фынгты æвæрдæй дæр. Дыууæ хуызы фынгæвæрдтæн дæр уынаффæ кодтой æфсинтæ æмæ уырдыглæуджытæ (уырдыгстджытæ). Цины фынгæвæрдæн уæлейæ бадтысты æртæ хистæры, кæронæй — æртæ кæстæры, æмæ уыдонæй фынджы ныхмæ сæрæй бадти æппæты карджындæр æмæ фæрнджындæр хистæр, кæронæй та — æппæты арæхстджындæр æмæ æгъдауджындæр кæстæр. Гыццылдæр фынгæвæрдæн уыди иу уырдыглæууæг, стырдæр фынгæвæрдæн — дыууæ уырдыглæууæджы æмæ лæууыдысты фынгæн рахисфарс нуазинаджы дзагыстæттимæ. Фынгæвæрды фæтк цыди сæрæй бынмæ хистæрты æмæ кæстæрты хъусдардæй æнæ уæлдай митæй. Бадты адæм куывды, чындзæхсæвы: алы сидтæн дæр лæм-бынæг кастысты фынгæвæрды уагмæ æмæ хъуыстой хистæрты кувыны мидисмæ, фæткыл «оммен» кæнгæйæ, стæй алчи дæр хæрз цыбырæй: «Хуыцауы арфæ сымахмæ!», — зæгъгæ, йæ дæллагфарс бадæг дыууæ лæгмæ сидти. Гъемæ, сидтыты, рæгъыты фæтк æмæ уаг цæуыл дзурæг уыдысты, уый хуыздæр бамбарыны æмæ феныны сæраппонд раздæр зæгъæм куывды, чындзæхсæвы фынгæвæрды хæрдзты-бæркæдты тыххæй. Уæливыхтæ-дзаджджынтæ æртыгæйттæй цæй сæрæн æвæрдтой, уый фæдыл дзырдтам. Кувинаджы физонджытæ цæмæй æмæ куыд фыхтой фыдæлтæ, уый дæр зонæм. Кусарт куыд кодтой æмæ кувинаджы фыдызгъæл бæрæг хæйттæй, куыд бæстонæй, сыгъдæгæй фыхтой, ууыл дæр дзырдтам. Кусарты бас куыд цымдтой бæрæг æгъдауыл, уый дæр зонæм. Фæлæ кувинаджы равгæй кусарты уæнгты цы фарн, цы хъомыс уыди, ирон дины цæстæй кæсгæйæ, уый зæгъæм цыбырæй комкоммæ сидтытæм, рæгъытæм амонгæйæ. Никæцы адæммæ баззад фæткæн фынгыл кусарты сæр æмæ бæрзæй, уæхстыл физонæг æмæ базыг, уæн æмæ сгуы, æртæ фæрсчы æмæ къæдзил (фæхсын) уæлдай кадджындæрæн æвæрын æртыгай уæливыхтимæ бадты æртæ хистæры раз æнæ уæрстæй. Иннæ фыдызгъæлы сæрмагонд уарæг — лæгæфсин дихтæй æвæрдта æртыгай куывдтонтæн иумæты. Цæй сæрæн æвæрдтой фыдæлтæ кусарты хицæн уæнгты, цы у сæ мидис, сæ равг? Ахæм фарстатæн фехъусæн вæййы фынгæвæрды заманты, æмæ мысæггагæй ныссуйтæ вæййынц нæ хъуыдытæ тынгдæр уымæн, æмæ нал феввæрсæм, фыдæлты фарны хæрзтыл алфæмблай цæрæг адæмты къæхтыхъæрмæ хъусгæйæ.

Ирон фынджы æвæрдыл бæрæгæй зынынц хæрдзты бæркæдты мидис æмæ нысæнттæ. Уыйадыл ам рагагъоммæ мысæггаг цаутæн-хъуыдытæн æнæ бафиппайгæ нæй. Ирон диныл хæцæг адæм кусарты фыдызгъæл бæрæг уæнгтæй-хæйттæй цуайнæгты сыгъдæг доны кæй фыхтой æмæ йæ сивырты бадты адæмыл кæй уæрстой, уый æндæр адæмты «ахуыр-гонд» минæвæрттæм касти æнæфенддзинады æмæ фæстæзады миниуæг. Ахæм уæлæнгай цæстæй кастысты ирон фарны хæрзтæм нæ мидбæстаг уæрæседзаутæ дæр, адджындæр хæринаг æмæ карздæр нозты хуызтыл зилгæйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.