Ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты нæ горæты арæзт æрцæудзæн, Мемориалон комплекс 1989-2008 азты гуырдзыйы агрессийы рæстæджы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрыл йæ цард чи снывонд кодта, уыдоны ном арынæн.

Комплексы арæзтадæн рахицæн æрцыд 63 милуан сомы.

Раздæр ацы Мемориалон комплекс аразын фæнд кодтой горæтмæ ныгуылæнæй æрбацæуæны уæлвонг бынаты, фæлæ хынцыд æрцыд, йæ арæзтады рæстæджы кæй бахъыгдард уыдаиккой, ауылты цы газ æмæ доны хæтæлтæ цæуынц, уыдон.

Æппынфæстагмæ æвзæрст æрцыд, Тугъанты Махарбеджы уынгыл Национ музейы фæстæ цы территори ис, уый. Ам цалдæр азы размæ кæцыдæр амалиуæггæнæг хъуамæ сарæзтаид бирæуæладзыгон хæдзар, фæлæ уый нæ фæцыд æхсæнады зæрдæмæ. Йæ алфæмблай бирæ административон уагдæттæ ис – Паддзахадон æдасдзинады комитет, Прокуратурæ, Националон музей, Мидхъуыддæгты министрад, уымæ гæсгæ техникон æгъдауæй ам бар нæ уыд ахæм бирæуæладзыгон хæдзар саразынæн.

Афтæмæй скъуыддзаг æрцыд Мемориалон комплексы бынат æмæ æрæвнæлдтой йæ арæзтадмæ.

Нырма уал дзы цæуы цæттæгæнæн куыстытæ. Проект сарæзта цæгатирыстойнаг фирмæ «Перспектива». 

Эскиз аразыны рæстæджы цæгатирыстойнаг зынгæ архитектор Хайты Ибрагим бацархайдта, цæмæй цы Мемориалон комплекс сырæза, уый æххæстæй равдиса нæ адæмы хъайтардзинад.

Мемориалон комплексы цы цыртдзæвæн æвæрд æрцæудзæн, уымæн йæ бæрзæнд уыдзæн 6 метры, 30 метры та уыдзæн йæ дæргъ.

Ныртæккæ ам цæттæгæнæн куыстытæ цы аразджытæ кæнынц, уыдон прораб Александр Березнев куыд зæгъы, афтæмæй уыдон æппæт куыстытæ дæр хъуамæ фæуой конд ацы аз сентябры мæйы райдианты. Цæмæй 20 сентябры Республикæйы бæрæгбон куы нысан кæнæм, уæд æрхонгæ уазджытæн æмæ нæхи адæмæн дæр сæ бон уа дидинджытæ сæвæрын Фыдыбæстæйон хæсты хъайтартæн иумæйаг цыртдзæвæныл.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, 1989-2008 азты гуырдзиаг-ирон хæсты хъайтартæн нæ республикæйы хицæн æмæ хицæн районты бирæ рæтты кæй ис цыртытæ æвæрд. Лæппутæ гуыр-дзиаг хотыхджын æфсады ныхмæ тохты хъæбатырдзинад кæм равдыстой æмæ-иу Ирыстоны сæр-вæлтау сæ адзæлттæ кæм ссард-той, ахæм бынæтты. Ахæм цыр-тытæ æвæрд æрцыд республикæ-йы районты æмæ ма стырдæр хъæуты дæр. Мысæн бонты-иу ази-лын хъуыд уыдонæй сæрмагон-дæй алкæуыл дæр. Ныр уыдзæн Ирыстоны хъайтартæн иумæйаг Мемориалон комплекс.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.