А-сæрды Знауыры поселочы эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдис ногарæзт æртæуæладзыгон 18-фатерон цæрæн бæстыхай. Фатерты дæгъæлтæ æвæрæз бинонтæн цытджын æгъдауæй радтой районы администрацийы къухдариуæгад æмæ РХИ-йы Парламенты депутаттæ. Ацы хъуыддаг бæрæгбоны хуызæн уыдис æгас районы цæрджытæн, уымæн æмæ 40 азы дæргъы ахæм арæзтад никуыуал уыд Знауыры районы. Уый фæстиуæгæн тынг бирæ æвæрæз бинонтæ цардысты гæвзыкк уавæрты дæргъвæтин азты дæргъы æмæ ныр уыдоны номхыгъд бæрæг фæкъаддæр ис. Уымæй уæлдай ма ноджыдæр аразынц дыууæ цæрæн бæстыхайы, кæцытæ та фæстæдæр лæвæрд æрцæудзысты цыбыркъух бинонтæн.

Цæрæн бæстыхайы ис алы уавæртæ дæр цæрынæн, æрмæст ма ног цæрджыты хъуыд хæдзарон æмæ æндæр сæрмагонд дзаумæттæ бахæссын. Фатертæ иууылдæр сты дыууæхатæнонтæ æмæ ма дзы ис æххуысадон хатæнтæ дæр. Йæ кæрты ма йын сарæзтой сывæллæттæн хъазæн фæз дæр. Ӕгасæй ацы арæзтадыл бахардз 57 милуан сомы бæрц.

Ног фатерты хицæуттæ баисты поселочы æмæ районы хъæуты иууыл æххуысхъуагдæр бинонтæ, кæцытæ бирæ азты дæргъы цардысты тухигæнгæ. Бирæты дзы уырнгæ дæр нал кодта, искуы ма сын хæдзар уыдзæнис, уый. Урсдурты хъæуы цæрæг Хуриты Нанули дæр стыр æхсызгонимæ сæмбæлд ацы хабарыл æмæ ныр фырцинæй арфæйы ныхæстæ дзуры республикæйы къухдариуæгадæн, чидæриддæр хайад райста ацы хъуыддаг саразыны, уыдонæн.

«Мах цардыстæм Урсдурты хъæуы æмæ нæ хæдзар ныппырх 90-æм азты гуырдзыимæ хæсты. Уæдæй фæстæмæ цардыстæм тынг æвзæр уавæрты, зæгъæн ис æмæ – гом арвы бын. Нæ алыварс мах йедтæмæ цæрæг дæр нал уыд æмæ, раст зæгъгæйæ, баззадыстæм хъæды астæу иунæгæй. Хуыцау сын раарфæ кæнæт нæ хицауадæн, нæ Президентæн, кæцытæ тыхсынц мах хуызæн мæгуыр адæмыл. Уыдоны фæрцы ныр бадæн хæдзары хицау æмæ мæ царды иууыл егъаудæр проблемæйæ фервæзтæн. Фатеры ис æппæт уавæртæ дæр цæрынæн, – цыма горæты цæрын, мæхи афтæ хатын», – зæгъы Хуриты Нанули.

Арфæйы ныхæстæ Бибылты Анатолийæн æмæ æппæт уыдонæн, чидæриддæр бацархайдта ацы бæстыхай саразыныл, зæгъынц Чилæхсаты Зейнаб æмæ Терашвили Нино дæр, кæцытæ сты ацы ног бæстыхайы цæрджытæ.

«Мæнæн ис æртæ сывæллоны æмæ ныры онг æдзух цардтæн æххуырст хæдзæртты. Афтæмæй мæ хæрдзтæ цæрыны фаг дæр нæ кодтой, никуы мын уыд фадат элементарон царды уавæртæ саразынæн, æппынæдзух тыхстæн æнæхæдзарæй. Ныр мæ цинæн кæрон дæр нал ис, уымæн æмæ ахæм лæвар æнхъæл никуы уыдтæн», – зæгъы Чилæхсаты Зейнаб.

Уæдæ æгас районы 18 бинонтæ хæдзары хицæуттæ куы бауой, уæд уый кæуылты хъуыддаг у. Ацы фатерты фылдæр хайы ис æнахъом сывæллæттæ, кæцытæн ныр бирæ æнцондæр уыдзæн царды рухс фæндагмæ ахизынæн. Уымæн æмæ сæ ныййарджыты нырæй фæстæмæ нал хъæудзæн хæдзар агурыны сæр æмæ уæлдай хæрдзтæ нал кæндзысты, сæ сабитæн сараздзысты æмбæлон уавæртæ цæрынæн æмæ ахуыр кæнынæн.

Ӕвæрæз бинонтæн хæдзæрттæ аразыны программæ нырæй фæстæмæ дæр кусдзæнис. 2022 азмæ ма Знауыры районы ноджы хъуамæ саразой дыууæ 18-фатерон бæстыхайы æмæ та сæ байуардзысты æвæрæз бинонтæн. Сæ номхыгъд абоны бон кæд нырма 200 адæймагæй хизы, уæддæр стыр ахъаз уыдзæн бирæ бинонты къух фæрог кæнынæн æмæ иумийагæй сисгæйæ та – социалон æндыгъдад фæкъаддæр кæнынæн.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.