Ацы бонты Республикæ Абхазæй сæ Райгуырæн бæстæмæ æрæздæхтысты хуссарирыстойнаг скъоладзаутæ, кæцытæ хайад райстой фæсивæды дунеон æфсæддон-патриотон слет «Азбука безопасности и выживания-2017»-ы.

Слеты хайад истой æртæ бæстæйы – Республикæ Хуссар Ирыстон-Паддзахад Алани, Республикæ Абхаз æмæ Уæрæсейы Федерацийы скъоладзаутæ. Хуынд æм æрцыд Сомихстон дæр, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, сомихаг сывæллæттæн сæ бон не ссис Абхазмæ æрцæуын. Фæсивæды дунеон  æфсæддон-паториотон слет уагъд цæуы ныр цыппæрдæсæм хатт, Абхазы та – цыппæрæм хатт. Фæуадзы йæ хæрзаудæн фонд «Хочу верить», зæгъгæ, Уæрæсейы Федераци, Республикæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны æхсæнадон организацитæ æмæ ветеранты цæдисты хайадистæй æмæ Уæрæсейы Фæсарæйæнаг хъуыддæгты министрады 4-æм департаменты æххуысæй. Хæрзаудæн фонд «Хочу верить»-ы правленийы сæрдар Юлия Павлюченкова куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ, ахæм ма-дзæлттæ уадзын фадат дæтты алы бæстæты æвзонг адæймæгты – хайадисджыты схæлар кæнынæн, æмæ лагеры цы зонындзинæдтæ райсынц, уыдон та сын рабæз-зынц сæ дарддæры царды.

Слеты хайад истой уæлдæр ранымад бæстæтæй 200 лæппу æмæ чызджы, 12 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæмтæ. «Азбука безопасности и выживания-2017»-ы æппæт хайадисджытæ Абхазмæ куы æрцыдысты, уæд сын уыд цытджын рæнхъæй ралæуд йæ байгомы баконды цытæн. Уæрæсейы Федераци фæстаг азты уæлдай хъусдард здахын райдыдта фæсивæды патриотизмы æнкъарæнтыл хъомыл кæнынмæ. Къордты æвзонг адæймæгтæ базонгæ сты æфсæддон службæгæнджыты цардимæ. Физикон культурæ æмæ спорты фæдыл Республикæ Абхазы паддзахадон комитеты сæрдар Хетæг Баград куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сывæллæтты æфсæддон-патриотон хъомыладæн ис стыр нысаниуæг ныртæккæйы вазыгджын царды.

Дыууæ къуырийы дæргъы, фæсивæды дунеон æфсæддон-патриотон слеты хайадисджытæн уагъд цыдысты алыгъуызон дисциплинæты фæдыл теоретикон ахуыртæ, куыд зæгъæм, æхсты, рæнхъон ралæуд, инженерон, медицинон, техникон, физикон цæттæдзинады дисциплинæтæй. Программæйы уыдысты тренингтæ æмæ экскурситæ дæр, афтæ ма Республикæ Абхазы зындгонд адæймæгтимæ фембæлдтытæ. Дыууæ къуырийы дæргъы сывæллæттæн ауагъдæуыд 30 мадзалы: Пицунда æмæ Ног Афоны фенддаг бынæттæм экскурситæ, базонгæ сты хъазахъхъæгты культурæимæ, уагъд сын æрцыдысты конференцитæ антитеррористон архайды фæдыл. Лагеры хайадисджытæ ма бацыдысты национ дельфинаримæ. Уырдæм бацы-дæй сывæллæттæ райстой стыр æхцондзинад, сæ зæрдæты сын ныууагъта ирд тæлмæнтæ.

Æфсæддон базæйы ахуырты рæстæ-джы æвзонг «æфсæддонтæ» сахуыр кодтой æхсæн хæцæнгæрзтæй æхсыны бындуртæ æмæ уагæвæрдтæ. Сæххæст кодтой 500 нормативы бæрц,  куыд зæгъæм, цæф адæймаджы 15 метры ахæссын æмæ судзгæ танкæй хъыгдардбаййафæ-джы райсын. Слеты хайадисджытæй ал-кæцы дæр райхæлдта æмæ фæстæмæ сæмбырд кодта Калашниковы автомат-74. Лагеры хайадисджытæ хызтысты бæрзонд æмбондтыл æмæ хæлд хидты сæрты, кæцытæн сæ бæрзæнд уыд 400 метры.

Слеты хайадисджытæн æппæт ахуыртæ æмæ хиирхæфсæн мадзæлттæ дæр уагъд цыдысты баиугæнды афицертæ æмæ æфсæддон инструкторты къухдариуæгады бын. Сывæллæттæн æвдыст æрцыдысты ногдæр танкæтæ Т-72БЗ, нырыккон бронетранспортертæ БТР – 82 АМ-йы тактикон-техникон характеритстикæтæ. Слеты хайадисджытæ базонгæ сты хæстон æмæ специалон техникæйы 20 иугæимæ. Скъоладзаутæн равдыстой æмæ радзырдтой спортивон æхсæнгæрзты 9 иуæджы, уыцы нымæцы пистолеттæ «Викинг», «ГШ-18» æмæ   «GIock»-ы тыххæй дæр. Слеты кæрон практикон æхсты фæдыл инструктортæ ауагътой мастер-къластæ, стрессон уавæрты чысыл гуырахстджын æмæ змæ-лæн нысæнтты хъомысджын хæцæнгæрзтæй тагъд æмæ раст æхсынæй. Æрвылбон дæр изæрæй æфсæддон службæгæнджытæ сывæллæттимæ уы-наффæ кодтой аивгъуыйгæ боны хатдзæгтыл, бæрæг сын кодтой сæ психологон æмæ хæрзæгъдаудзинады уавæр.

Æфсæддон-патриотон слеты райсгæ зонындзинæдтæ рабæздзысты сывæллæттæн, уымæн æмæ уыдонæй бирæтæ фæнд кæнынц Уæрæсейы Федерацийы æфсæддон уæлдæр ахуырадон уагдæттæм бацæуын.  «Мах схæлар стæм иннæ бæстæты сывæллæттимæ. Иууылдæр нæм дардтой хорз ахаст. Лагеры нæ цæуыл сахуыр кодтой, уый мæ бахъæудзæн фидæны, уымæн æмæ фæнд кæнын æфсæддон ахуыргæнæндонмæ бацæуын», – загъта слеты хайадисæг Санахъоты Анжелæ. Слеты иннæ хайадисæг Дриаты Аннæ дæр райгондæй баззад йæ балцæй: «Фенын нын кодтой танкæтæ куыд змæлынц, куыд кусынц æппæт уыдæттæ. Ахуырты рæcтæджы æмбæлдыстæм  ныхдуртыл дæр, афтæ нæ зæгъдзынæн æмæ дзы тынг зын уыд, фæлæ бынтон æнцон дæр нæ уыд. Бирæ æмбæлттæ ссардтон мæ балцы рæстæджы. Тынг хорз уавæртæ дзы уыд, бирæ базыдтам. Уыцы зонындзинæдтæ нын æнæмæнгæйдæр рабæздзысты нæ дарддæры царды».

Хуссарирыстойнаг сывæллæттæм лагермæ бацыд Республикæ Абхазы Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Боциты Александр. Уый аныхас кодта сывæллæттимæ,  бацымыдис кодта лагеры цы базыдтой, уымæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Абхазы национ дельфинаримæ сывæллæтты  балц кæй сорганизаци кодта нæ минæвар, рахицæн сын кодта транспорт дæр.

26-æм августы Республикæ Хуссар Ирыстон банысан кодта йæ хæдбардзинады 9-азы бон. Хуссарирыстойнаг сывæллæттæй слеты хайад чи иста, уыдон ацы нысаниуæгджын бæрæгбон банысан кодтой лагеры. Кобылты Лондæйы къудариуæгадæй сын организаци æрцыд бæрæгбонон мадзал.

Фæсивæды дунеон æфсæддон-патриотон слет «Азбука безопасности и выживания-2017» йæ куыст фæцис 29-æм августы. Уыцы бон лагеры хайадисджытæ радтой фæлварæн, райстой сертификаттæ æмæ сæрмагонд жетонтæ, бæлвырдгæнæнтæ. Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ лагеры сæхгæнæн боны арфæйы фыстæджытæ æмæ Кады грамотæтæй хорзæхджын кæй æрцыдысты милицийы булкъон Кобылты Лонда æмæ дохтыр-педиатр Хæныкъаты Ларисæ (уыдон уыдысты хуссарирыстойнаг сывæллæттимæ). Лагеры хайадисджытæ иууылдæр Абхазæй ацæуыны размæ æрæмбырд сты Сау денджызы былгæрон æмæ арты цур сарæзтой хæрзбон зæгъыны изæр.

Слеты нысан уыд, æфсадмæ æрсидыны размæ фæсивæды æфсæддон-спортивон цæттæдзинад, æвзонг адæй-мæгты хæлардзинадыл хъомыл кæнын æмæ алы бæстæты æмкарæнты ‘хсæн кæрæдзиæмбарынад ифтонг кæнын.

Джиоты Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.