Бæрæг куыд у, афтæмæй Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы æрхуындмæ гæсгæ Донецкы Адæмон Республикæйæ 20 скъоладзауы æртæ раздзогимæ æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ. Уыдон 10 боны дæргъы сæ рæстæг хъæлдзæгæй арвыстой Къуыдаргомы улæфгæйæ. Сæрмагондæй, уыдон баулæфыдысты нæ республикæйы иууыл рæсугъддæр бынæттæй сæ иу – Дзауы районы Хъеуселты хъæуы, хæххон улæфæн бынат «Дзедо»-йы. Сывæллæттæн сæ фылдæр ахæм лагеры улæфыдысты фыццаг хатт, уымæ гæсгæ сын сæ зæрдæты арф тæлмæнтæ ныууагъта, уыцы  бонты хъæлдзæг рæстæг. Сывæллæттæн хорз баулæфынæн уыд æппæт уавæртæ дæр: Рæсугъд æрдз, хæххон цæугæдæттæ, боныдæргъы цыппар хатты хæрд, хæрзвадат цæрæн хатæнтæ. Сывæллæтты экскурситæм кодтой нæ республикæйы иууыл фенддагдæр æмæ историон  бынæттæ  куыд Эрцъо æмæ Къозы хæххон цæдтæ, æввахс лæгæттæ, Морехы дзуар.

Донецкаг скъоладзаутæн сæ ацыды хæдразмæ РХИ-йы Президенты администраци Сывæллæтты сфæлдыстады галуанимæ иумæ сарæзтой бæрæгбон. Сывæллæтты ‘рцыдмæ Галуаны цур æнхъæлмæ каст бирæ адæм, цæмæй сын балæвар кодтаиккой æнæферохгæнгæ æнкъарæнтæ æмæ бæрæгбон.

Бæрæгбонмæ фæуазæг РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстонмæ донецкаг сывæллæтты æрцыд уыд, дыууæ бæстæты сæргълæуджыты бадзырды фæлгæтты.

«Мæн, фыццаджыдæр, стыр бузныг зæгъын фæнды Александр Владимиры фырт Захарченкойæн, уæ балц уын кæй сорганизаци кодта, уый тыххæй.  Уый у ахæм адæймаг, кæцы æрмæст хæцгæ нæ кæны, цæмæй уæ цард уа сабыр æмæ рæсугъд, фæлæ ма йæ хъус дары нæ бæстæты рæзгæ фæлтæрмæ дæр. “Нæ бæстæты”  уымæн дзурын, æмæ мах нæ хицæн кæнæм Донецкы Адæмон Республикæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны сывæллæтты.  Сымах махæн иууылдæр стут нæ сывæллæттæ æмæ хъуамæ цæрат сабыр цардæй, рæзат æнæнизæй æмæ зондджынтæй, цæмæй уæ ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ æмæ мах не ‘ппæт дæр, сымахæй уæм сæрыстыр. Мæн уырны, сымахæн æппæт дæр саразын кæй бантысдзæн», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли стыр бузныг загъта Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арянæйæн, ахæм акци ауадзыны тыххæй, афтæ ма Ахуырад æмæ зонады министрады къухдариуæгадæн Хуссар Ирыстонмæ донецкаг сывæллæтты æрцыд сорганизаци кæныны тыххæй.

Ахуырад æмæ зонады министры хæдивæг Гаглойты Элиса банысан кодта, зæгъгæ, Донецкы Республикæйы скъоладзаутæ хъуамæ сæрыстыр уой, уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны, Къуыдаргомы, уыдон кæм улæфыдысты, уым нæма уыд бынæттон цæрджытæн се ‘мбисæй фылдæр.

«Къуыдаргом у хуссарирыстойнаг цæрджыты рагондæр бынат. Сымах уæхи цæстæй федтат, куыд цардысты нæ рагфыдæлтæ. Сымах лагеры арвыстат иттæг хорз рæстæг, цыран æрмæст æхцондзинад нæ райстат, фæлæ ма æххæст кодтат бæрæг хæстæ дæр. Уымæ гæсгæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрад аскъуыддзаг кодта, цæмæй сымахæй алкæмæн дæр лæвæрд æрцæуой бузныджы гæххæттытæ, цæмæй уæхи хорз дарат, сахуыр кæнат ирон кæфтытæ, нæ культурæ нын æмбарат, уыимæ иумæ, цæмæй нæ бæстæты ‘хсæн бастдзинад æмбæлон æмвæзадыл дарддæр кæна»,- банысан кодта Гаглойты Элиса.

Уагъд æрцыд акци «Вмете мы дружная семья», зæгъгæ, ахæм номимæ, кæцы организаци æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Донецкы Адæмон Республикæты æхсæн хæларадон ахастыты нысанæн. Акцийы фæлгæтты сывæллæттæ базонгæ сты ирон культурæ æмæ традицитимæ, ацаходыдтой национ къæбицы хæринæгтæй. Президентимæ акафыдысты ирон «Симд». Уый сывæллæтты зæрдæты ныууагъта егъау позитивон тæлмæнтæ.

Донецкаг сывæллæттæн тынг сæ зæрдæмæ фæцыд, цы мадзал сын бацæттæ кодтой, уый. Уыдонæй алкæцы дæр хицæнæй тынг цымыдисæй хъуыста, Галуаны ахуыргæнджытæ сын Ирыстоны историйы фæдыл цы раныхæстæ бацæттæ кодтой, уыдонмæ. Сывæллæттæн равдыстой, ирон адæмы рагфыдæлтæ уæлæдарæс куыд хуыдтой, хуыссæнгæрзтæ æмæ къуымбилæй тæбынтæ куыд арæзтой, æппæт уыдæттæ. Уазджытæн тынг сæ зæрдæмæ фæцыд Къалаты Наримы мастер-кълас æрдынæй æхсынæй, æмæ дзы алчидæр тырныдта йæ тыхтæ бафæлварынмæ. Истой зæрдылдарæн къамтæ.

Мадзалы рæстæджы сывæллæттæ тынг цымыдисæй кастысты, ирон уæливыхтæ куыд кæнгæ сты, уымæ дæр. Уыдон сæхæдæг куыд дзырдтой, уымæ гæсгæ сæ нæ фæнды, сæ зæрдæмæ тынг цы Ирыстон фæцыд, уырдыгæй ацæуын.

«Ам, Ирыстоны у тынг рæсугъд, ис дзы сатæг уæлдæф. Сымах махау нæ хъæуы дон æл-хæнын, нуазæн æй ис комкоммæ дæр суадонæй. Фæндыдаид ма нæ ноджыдæр ам баззайын, фæлæ нæ, хъыгагæн, хъæуы фæстæмæ аздæхын», – мидбылхудгæйæ дзырдтой донецкаг сывæллæттæ. Уыдон баныфсæвæрдтой, кæй ма æрцæудзысты, уымæй.

Президент Бибылты Анатоли, Ахуырады министрад æмæ мадзалы организатортæ до-нецкаг чысыл уазджытæй алкæмæн дæр балæвар кодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ – сувениртæ æмæ республикæйы историон æмæ рæсугъддæр бынæтты тыххæй чингуытæ. Уый фæстæ, чысыл æнкъард, фæлæ тынг амондджын уазджытæ, афæндараст сты сæ райгуырæн бæстæмæ.

Кокайты Заринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.