Нæ рагфыдæлтæ хъаруджын æмæ ныфсджын адæм кæй уыдысты, уымæ гæсгæ сæ истиори дæр у хъæздыг æмæ цымыдисон. Сæ царды уавæртæм гæсгæ уыдонæй бирæтæ фæцыдысты хуыздæр цардагур æндæр бæстæтæм дæр, фæлæ Райгуырæн бæстæ æмæ æмтуг адæм адджын кæй сты, уымæ гæсгæ кæрæдзи кæддæриддæр фæагурынц.

Уыцы нысанæн ацы аз 1-æм августæй 8-æм августмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы уагъд цæуы дунеон проект «Алайнаг фæд». Ацы проект уагъд цæуы РЦИ-Аланийы Национ ахастыты фарстыты фæдыл министрады хъæппæрисæй. Йæ сæйраг нысаны тыххæй нын радзырдта æхсæнадон организаци «Ног фæлтæр»-ы сæрдар Хуырымты Димитр:

– Ацы мадзалы нысан у, цæмæй æрбамбырд кæнæм Аланты ныппырхгонд хæйттæ, кæцытæ сты æнæхъæн дунейыл. Саразын хъæуы афтæ, цæмæй уыдон кæрæдзиимæ ныхас кæной, цæмæй культурон æгъдауæй сæ фæлтæрддзинад амоной, цæмæй мах зонæм нæ иумæйаг культурæйы. Зæгъæм, Венгрийæ æрцæуæг ястæ сæ историон Райгуырæн бæстæйæ ацыдысты 700 азы размæ. Ныртæккæ уыдон стыр æхсызгонæй æрцыдысты ардæм æмæ ахуыр кæнынц, уыцы цардуагон уавæртæ æмæ æгъдæуттæ, кæцыты кæддæр зыдтой сæ фыдæлтæ. Фæлæ нæ туркаг Туркæй æфсымæртæ сæ фыдыбæстæйæ 4-5 фæлтæ-ры размæ чи ацыдысты, уыдонæн сæ фылдæр нæ дзурынц ирон æвзагыл, фæлæ се ‘рцыд нымайынц, куыд сæ историон райгуырæн бæстæм, сæ хæдзармæ, афтæ.

Ацы мадзал этнолагерь ныридæгæн уагъд цæуы дыккаг аз. Фидæны йæ масштабтæ уæрæхдæр кæндзысты. РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы рæстæгмæ æххæстгæнæг Битарты Вячеславимæ фембæлды рæстæджы ястæ æмæ туркаг ирæттæ бадзырдтой, цæмæй венгриаг сывæл-лæттæ æрцæуой Ирыстонмæ æмæ нæ сывæллæттæ та ацæуой уырдæм. Гæнæн уæвгæйæ венгриаг ястæ ахуыр кæной ирон æвзаг æмæ зоной ирон культурæ, куыд туркаг ирæттæ, кæцытæ, хъыгагæн, нырма нæ дзурынц ирон æвзагыл, цæмæй, уыдонæн дæр уа ирон æвзаг æмæ культурæ ахуыр кæныны фадат.

Проект «Алайнаг фæд»-ы хайадисджытæ 5-æм августы æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ.

Цытджын æгъдауæй уазджытыл Бæгъиаты суармæ æввахс сæмбæлдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Пухаты Къоста, Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Козаты Роланд, Дзауы районы культурæйы хайады гæс Кæркуысты Галинæ, дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ æмæ æндæртæ.

Делегацийы минæвæрттæ уазджытыл сæмбæлдысты ирон æгъдаумæ гæсгæ æртæ уæливых æмæ нæртон нозт – бæгæныйы дзаг гарзимæ. Уазджытæн ирон адæмы куырыхонты номæй раарфæ кодта Тедеты Маирбег: «Абон æппæт Ирыстон цин кæны, бæрæгбонхуыз у, уымæн æмæ нæм æрцыдысты не ‘мтуг, не стæг адæм, нæ рагфыдæлты байзæддæгтæ. Фæдзæхсын уæ стыр Хуыцауы кувинæггæгтæй æмæ уын арфæ кæнын нæ республикæйы Президент, иннæ къухдариуæггæнджытæ æмæ æппæт хуссарирыстойнаг фæллæйтæгæнæг адæмы номæй.

Фæнды нæ, цæмæй кæддæриддæр Стыр Хуыцыцау æмæ Ирыстоны æппæт зæдтæ æмæ дзуарæтты фæдзæхст уат».

Уазджыты номæй та арфæйы ныхæстæ загъта Стыр Ныхасы сæрдары хæдивæг Дзекъойты Юри:

– Стыр Хуыцауы хорзæх уæнт не ирæтты дæр. Кады нуазæнæй нæ буц кæнут æмæ уын стыр бузныг! Махмæ æрцыдысты нæ хотæ æмæ не ‘фсымæртæ, зæххы къорийы æндæр æмæ æдæр рæтты чи цæры, ахæмтæ. Махæн нæ адæм бирæ æвирхъау хабæрттæ бав-зæрстой. Фæлæ æрцыд ахæм рæстæг æмæ кæрæдзи агурын æмæ æмбырд кæнын райдыдтам. Нæ фыдæлтæ, нæ уидæг-тæ чи уыдысты, уыдоны цæмæй нæ кæстæртæ зоной, уый нæ къухты цы бафта, уый амонд нæ уæнт! Мах цас фылдæр уæм, уыйас нæ хъару дæр фылдæр уыдзæн. Абоны онг нæм нæ фыдæлтæй цы æрхæццæ ис, уый куыд никуы фесæфа, фæлæ йæ нæ кæстæртæ размæ цы кæной, уый бафæнддзæнис мæн».

Фембæлды рæстæджы ма бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта РЦИ-Аланийы Национ ахастыты фарстыты фæдыл министр Хæдыхъаты Сослан, Уый та бафæндыд, цæмæй ирон адæм бонæй бонмæ æнгомдæр кæной æмæ не ‘взаг, не ‘гъдау, нæ культурæ хъахъхъæд æрцæуой. Бафæндыдис ма йæ, цæмæй ирон адæм уой хъæбатыр æмæ ныфсджын, Ирыстон та  уæлахиз!

Хуссарирыстойнаг адæмæн ма арфæ ракодтой Венгрийы минæвар Белла Ковач, Дыгуйты Месут æмæ æндæртæ.

Проект «Алайнаг фæд»-ы хайадисджытæй сæ иу туркаг ирон сылгоймаг Жале Кушхан (Пухатæй) та нын радзырдта йæ зæрдæйы тæлмæнтæ:

– Махæн нæ фыдæлтæ æнус æмæ æрдæджы размæ ацыдысты ардыгæй. Фæлæ хæдзары иудадзыг ирон æвзагыл дзырдтам, нæ мад æмæ нын нæ фыд куыд амыдтой, уымæ гæсгæ. Уый тыххæй æз мæ ныййарджытæй дæн бузныг. Æз абон иронау куы нæ зыдтаин, уæд мын ардæм æрцæуынæй ахæм стыр æхцондзинад нæ истаин. Ирыстонмæ æрцæугæйæ ме уæнгтæ бацæуы стыр тых. Æз афтæ нымайын æмæ ирон адæмæй йе ‘взаг чи нæ зоны, уый мæгуыр у.

Ирыстонмæ æрцыдтæн æр-тыккаг хатт. Гæнæн мын куыд уа, уымæ гæсгæ алыхатт дæр цæудзынæн. Тынг æхсызгон мын у, абон дæр та Ирыстоны кæй дæн, æз афтæ нымайын, цыма ме ‘цæг Райгуырæн бæстæйы дæн. Куыддæр арæнæй рахызтыстæм, афтææ зæрдæ фырцинæй барухс ис.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ проект «Алайнаг фæд»-ы хайад исынц куыд дыууæ Ирыстоны минæвæрттæ, афтæ Турк, Венгри æмæ Сирийы минæвæрттæ.

Туаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.