Адæймаг цы къуымы райгуыры, йæ фыццаг къахдзæфтæ цы зæххыл акæны, уый ад ын цæрæнбонты ницы скæны, уым æм сæвзæры Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинад. Райгуырæн бæстæйы ном бæрзонд чи хаста, уыдон уæлдай кадджындæр уыдысты адæмы ‘хсæн. Бирæ сты, дунейыл Ирыстоны ном кæй фæрцы айхъуыст, уыдон. 

Æз царды кæд уыдон æмвæзадмæ не схызтæн, уæддæр мæ фæнды мæ райгуырæн къуым – Ирыстоны рагондæр хъæутæй сæ иу – Амбреты кой ракæнын. Кæддæр нæргæ хъæу уыд, фæлæ абон федзæрæг. Уæллаг æмæ Дæллаг Амбрет хицæн колхозтæ уыдысты. Дыууæ хъæуы дæр уыд райдиан скъолатæ. Дæллаг Амбреты ма уыд сабидон дæр. Ацы сабидоны арвыста йæ сабибонтæ ацы уацы автор дæр.

Уæллаг Амбреты цардысты Хъотайтæ, Джыгкайтæ, Коцтæ æмæ Æлбортæй иу хæдзар. Дæллаг Амбреты та – Уанетæ, Санахъотæ, Козатæ, Хаситæ, Хетæгкатæ (иу хæдзар – Уасилы бинонтæ).

Ацы хъæуты адæм кæд æрцардысты, уый фæдыл мæм бæлвырд зонæнтæ нæй, фæлæ йæ историон цыртдзæвæнтæм гæсгæ рацыд цалдæр æнусы. Бæрзонд бынаты ис Дауджыты кувæндон (Рагъы дзуар). Нысан æй кодтой дыууæ Амбреты цæрджытæ дæр. Куывды йæм цыдысты бирæ хъæуты цæрджытæ. Уæллаг Амбретмæ цъус дæрддзæг хъæуы ис кувæндон – Хосиайы дзуар. Хæстæг æм цардысты Созитæ (Гига) æмæ Тъехтæ (Гиго). Коцты сыхæн уыдис сæхи кувæндон хъæды къохы. Хъотайтæн та – хъæуы астæу.

Дæллаг Амбреты ис кувæндон – Хæстæгдзуар, кæцыйæн ма скæсæн æмæ хуссарварс лæууынц йæ къултæ, сæ алыварс егъау тулдзбæлæстæ, афтæмæй. Ис ма дзы торнетæ (дзулфыцæнтæ). Нæхицæн уым æввахс цы зæххы фадыг ис, уырдыгæй иу рæстæджы трактор сæппæрста быркуыйы сæр, кæцы егъау нæ уыд, фæлæ ма йæ фарсмæ уыд, раджы чи ныцъæл, ахæм стырдæр быркуыйы цъæлтæ. Ацы быркуыйæн ма йæ быны баззад тæнгъæд дæр. Зындис ыл, цæрæнбонты сындæггай кæй байсыст, уый. Мæ фыд быркуы куы систа, уæд æй къухæй расыгъдæг кодта æмæ йын цыма йæ армытъæпæнтæ исчи сахуырста, уыйау цъæххуыз адардтой. Зындис ыл, кæддæр сæнæй йедзаг кæй уыд æмæ куыд байсыст, афтæ йæ хуыз кæй фæивта, уый.

Ацы дзуармæ куывды цыдысты Бæлдæрæнты. Цъус дæрддзæф ма ам ис Алардыйы кувæндон, кæцыйæн фæдзæхстой  сывæллæтты. Хъуыды йæ кæнын, ам ма кæй уыд æхсæзфарсон дур. Йæ алыварс уыд фыстытæ (уæд махæн æнæзонгæ дамгъæтæй). Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй йæ аластой тбилисаг гуырдзиæгтæ нæ сыхаг хъæуы цæрæджы æххуысæй.

Фæстæдæр дыууæ колхозы баиу кодтой æмæ фæллой кодтой иумæ цалдæр азы дæргъы. Сæрдæрттæ дзы уыдысты Уанеты Сардо, Харитон, Хъотайты Митя.  Дардтой бирæ стурвос, апарахат кодтой дыргъдæтты æмæ мыддарды хæдзарад, кæцытæ фæстагмæ æрцыдысты æдзæллаг уавæрмæ, фæллой ныппаплой кодтой, фæлæ дзуапп никæмæй æрдомдæуыд.

Дыууæ Амбретæй дæр Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ ацыд 60 хæстоны бæрц, уыдоны ‘хсæн уыд Уанеты Сардойы чызг Асинет дæр. Хъотайты Габо хæсты быдырмæ афæндараст кодта йæ фондз фырты. Уыдонæй ма фæстæмæ цæфтæй æрыздæхтысты  æрмæстдæр дыууæйæ – Георги æмæ Роман. 1943 азы уæззау цæфтимæ хæстæй æрыздæхт мæ фыд Илья, кæцы уыд ротæйы политикон къухдариуæггæнæг. Бирæтæ дзы æбæрæг сæфт фæкодтой. 1940 азы Сырх Æфсады рæнхъытæм æрсидтысты мæ фыды æфсымæр Арсенмæ, кæцы уыд танкон взводы хистæр æмæ хъæбатырæй фæмард Венгрийы зæххыл Берлинмæ бырсгæйæ. Стыр цытимæ йæ кæй бавæрдтой, уый тыххæй йæ командæкæнынад фыста, йæ мад Лизомæ йын цы мæсæллæйы тел æрæрвыстой, уым. Хæстмæ ма ацыдысты æвзонг лæппутæ Уанеты Уаскъа, Герсан, Козаты Серож, Палуш, Санахъоты Артем. Уыдон сæ цард снывонд кодтой райгуырæн бæстæйы  сæрвæлтау.

Уæллаг Амбреты цæрæг Хъотайты Бежан схъомыл кодта 6 кæстæры. Хистæр фырт Митя бирæ азты фæкуыста колхозы сæрдарæй. Юри уæлдæр ахуырад райсгæйæ, куыста Цхинвалы заводты, стæй ма хъæууонхæдзарадон фадыджы бæрнон бынæтты. Кæстæр Садул куыста совхозы шофырæй. Уый цæрынхъуагæй ахицæн йæ цардæй. Йæ чызджытæ сæ амонд ссаргæйæ, бæрзонд хастой ирон сылгоймаджы ном. Митя йæ цардæмбалимæ схъомыл кодтой хорз кæстæртæ. Сæ фырт Æхсар у Знауыры районы сæйраг ветеринарон дохтыр, йе ‘мкъай Зоя у ахуыргæнæг, сæ фырт Дима кусы хъæбысхæсты тренерæй. Ссис Парламенты депутат. Сæ чызг Аллæ кусы республикон рынчындоны дохтыр-гинекологæй, йе ‘мкъай Кокойты Маирбег та у сæйраг дохтыр. Хъотайты Петры фырт Амброс æфсæддон ахуырад райсыны фæстæ бирæ азты службæ кодта булкъоны цины. Ацы хъæуккаг Коцты Ягоры фырт Георги бирæ азты дæргъы бакуыста Цхинвалы горæты тæрхондоны сæрдарæй. Йæ фырт Эрих дæр куыста бæрнон бынæтты. Эрихы фырт Егор у фæсконфликтон уавæр æрбæстон кæныны фарстыты фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвары хæдивæг.

Ацæргæ фæлтæр диссагæн фæдзурынц Фыццаг дунеон хæсты хайадисæг, бæхджын æфсады хæстон Уанеты Илья йæхи бæхыл хæстæй йæ Райгуырæн бæстæмæ кæй æрыздæхт æмæ-иу сиргæ бæхы рагъыл куыд слæууыд, уый. Йе ‘мкъай Тадтонимæ схъомыл кодтой номдзыд кæстæртæ. Хистæр – Матрона уыдис сгуыхт ахуыргæнæг. Уанеты Никифор – Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, фæкуыста ахуыргæнæгæй. Йе ‘мкъай Зояимæ схъомыл кодтой хорз кæстæртæ. Сæ хистæр чызг Светланæ бирæ азты дæргъы уыд горæты тæрхондоны сæрдар. Йæ цардæмбал Гæджиты Вахтанг та уыд областон паддзахадон автоинспекцийы хистæр. Иннæ чызг Клавдия куыста завод «Электровибромашина»-йы планон хайады. Йæ цардæмбал Санахъоты Руслан та уыдис ацы заводы директор. Сæ хо Розæ æмæ се ‘фсымæр Боря дæр фæллой кодтой æндæр æмæ æндæр бынæтты.

Уанеты Зака йе ‘мкъай Дзæгъианимæ схъомыл кодтой цыппар фырты æмæ æртæ чызджы. Уыдонæй Митуша æмæ Уазно уыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисджытæ. Уый фæстæ Митуша бирæ азты куыста ахуыргæнæгæй. Ахуыргæнæгæй ма Рукъгомы бирæ азты фæкуыста иннæ æфсымæр Илуша дæр. Георги куыста колхозы, стæй та – совхозы бæрнон бынæтты. Хотæ Сеникъо, Женя æмæ Аничка скодтой цæвиттойнаг бинонтæ. Женя дæр уыд ахуыргæнæг.

Уанеты Георги йе ‘мкъай Чилæхсианæн ныууагъта авд æнахъом сабийы. Йæхæдæг ацыд фронтмæ, фæлæ фæстæмæ нал æрыздæхт. Йæ иунæг фырт Зауыр йе ‘хсæз хоимæ хъомыл кодтой сидзæртæй. Зауыр баслужбæ кодта Советон Æфсады рæнхъыты, уый фæстæ райста уæлдæр ахуырад æмæ куыста бæрнон бынæтты. Хистæр хо Фрося йе ‘ртæ сывæллонимæ раджы баззад идæдзæй йæ цардæмбал Чехойты Жорайæ. Йæ фырт Чехойты Анатолийы ном зындгонд у æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ уымæн æддейæ дæр. Цæры Мæскуыйы. Иннæ æфсымæртæ – Леонид æмæ Александр дæр кусынц бæрнон бынæтты.

Хорз кæстæртæ ма схъомыл кодтой Козаты æфсымæртæ – Уазно, Михакъа æмæ Къоста. Уазнойæн йæ хистæр фырт Серож фæмард хæсты быдыры. Йæ кæстæр æфсымæр Мухтар фæкуыста бæрнон бынæтты. Йе ‘мкъай Тамарæимæ сын уыд цæвиттойнаг кæстæртæ. Иннæ æфсымæртæ Шота æмæ Æхсар дæр бæрзонд хæссынц ирон лæджы ном. Хотæ Женя, Сиранæ æмæ Софи æнæрæстæджы ахицæн сты сæ цардæй, сæ фæстæ хорз бинонтæ ныууадзгæйæ. 90-æм азты Софи йæ фыдыæфсымæры чызг Валя æмæ сæ чындз æд саби фесты зæйы бын, сæ фæстæ нæргæ бинонтæ ныууадзгæйæ. Цыппар хойæ ма цæры Назирæт Цхинвалы, ис ын хорз бинонтæ.Уанеты Харитон, хæсты хайадисæг йе ‘мкъай Бæгъиаты Мериимæ схъомыл кодтой 6 сывæллоны. Йæ хистæр фырт Сосланæн нæргæ уыд йæ ном дыууæ Ирыстоны дæр. Уый трагиконæй фæмард æвзонгæй. Ленæ та у, Кавказы зындгонд хъайтар Джиоты Аланы (Парпаты) мад.

Хаситы Сикъо, хæсты активон хайад-исæг, йе ‘мкъай Гæбæраты Марусяимæ схъомыл кодтой цыппар фырты æмæ æртæ чызджы. Хъыгагæн, куыд сæхæдæг, афтæ сæ кæстæртæ дæр æнæрæстæжы ахицæн сты а-дунейæ. Хæсты фесæфтысты Уанеты Михелы фырттæ Соломон æмæ Карум. Хъæбатыр тох фæкодтой хæсты быдыры Козаты Шакройы фырттæ Серги æмæ Харитон. Сæ кæстæр фырт Палуш æвзонгæй бабын хæсты быдыры. Серги æмæ Синкъа схъомыл кодтой дыууæ фырты – Важа æмæ Валикойы. Харитон æмæ Маня та – æртæ фырты. Хетæгкаты Уасил йе ‘мкъай Цхуырбианимæ схъомыл кодтой фондз фырты æмæ иу чызджы. Уыдонæй сæрæгас нал сты Дуня, Шура æмæ Федыр. Уасил раджы куыста Бакойы. Уый революционертимæ баст кæй уыд, уый тыххæй хаст æрцыд Сыбырмæ дæр. Æрыздæхт революцийы фæстæ æмæ æрцард Амбреты. Йæ фырт Ваня цард Цæгат Ирыстоны Елхоты хъæуы. Нестор æфсады баслужбæ кæныны фæстæ баззад Уæрæсейы. Хæрисджыны (Торманеулийы) хъæуы ма цæры кæстæр æфсымæр Гоги йæ бинонтимæ.

Уанеты Сардо (фыдæлтæй Тъуратæй) йе ‘мкъай Сасинкъаимæ схъомыл кодтой хорз кæстæртæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ. Сæ иу – Митуша нырма цард Бакойы, стæй æрцард Цæгат Ирыстоны Сунжæйы хъæуы йæ цард-æмбал Хъæцмæзты Ксеняимæ. Йæ хис-тæр чызг Таня бирæ азты дæргъы уыд Дзæуджыхъæуы егъау магазин «Сказка»-йы директор. Йæ цардæмбал Багаты Ахмæт службæ кодта Паддзахадон æдас-дзинады комитеты булкъоны цины. Уымæн дæр ис хорз кæстæртæ. Фырт Жора бирæ азты дæргъы уыд стадионы директор. Иннæ фырт Батыр цæры Сунжæйы, афтæ хотæ Галя æмæ Динæ дæр. Александрæн йæ фырт Анатоли цæры Дзæуджыхъæуы. Хотæ Розæ æмæ Тинæ та – Мæскуыйы. Сæ хо Беллæ æнæрæстæжы ахицæн йæ цардæй.

Амбрет куыд федзæрæг, уыцы уавæр радзурынмæ мæхимæ бæрндзинад нæ исын, фæлæ бæрæг куыд у, афтæмæй нырма Стыр Фыдыбæстæйон хæсты размæ æмæ уый фæстæ дæр хуыздæр цардагур фæцыдысты чи Къахетмæ, чи Цæгат Ирыстонмæ, афтæ æндæр рæттæм.

Алкæцы бинонты цардвæндаджы ской кæныны тыххæй мæм фаг æрмæг нæй. Æнæзæгъгæ мын нæй нæхи хæдзарвæн-даджы тыххæй. Фыдæлтæй нæ хуыдтой Шишотæ. Сæ хистæр уыд Шишо. Дарддæр Джиго, Григол. Сæ цоты тыххæй сын ницы зонын. Мæ фыды фыд уыд Закро (Захар). Йе ‘фсымæртæ Никъолоз æмæ Мелыко раджы æрцардысты Къахеты Понайы хъæуы. Никъолозæн зæнæг нæ уыд æмæ схъомыл кодтой чызг Ленæйы. Захар 20-æм æнусы райдианы цард æмæ куыста Бакойы æфсæнвæндаджы службæйы. Йæ цардæмбал уыд æгъдауджын сылгоймаг Хъоцыты Лизо. Хъæубæсты æмбисондæн баззад Лизойы «æлгъыст» – «Дæ миты хуызæн су», зæгъгæ. Мæ фыд Илья дæр райгуырд Бакойы 1910 азы. Иу рæстæджы вагæттæ кæрæдзимæ бæт-тгæйæ Захарæн ацъæл йæ къух. Уыцы рæстæджы пенси мæйгай нæ фыстой, фæлæ-иу æй развæлгъау радтой иумæ. Захар йæ пенси сыгъзæрин æхцайæ райсгæйæ, æрбаздæхт Амбретмæ æмæ балхæдта 8 гектары зæхх. Фæзынд ма сын ноджы дыууæ фырты æмæ иу чызг. Захар бирæ нал ацард æмæ баззад Лизо сидзæргæсæй. Йæ зæххытæ арендæйы лæвæрдта. Йæхæдæг æнæхъæн комбæсты зындгонд уыд, куыд дæсны карц-кæрдæг æмæ хуыйæг, афтæ. Æнæн-хъæлæджы сæ цардæй ахицæн сты нырма йæ фырт Къоста, уый фæстæ та – чызг Ксеня. 1940 азы Сырх Æфсады рæн-хъытæм æрсидтысты кæстæр фырт Арсенмæ. Службæ кодта бронетанкон æфсады. Хистæр фырт Илья куыста ахуыргæнæгæй. Фæзынд ын фырт дæр. Уæдмæ райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст æмæ Илья дæр ацыд тохы быдырмæ. Уыд ротæйы политкъухдариуæггæнæг. Курскы къæлæтауы тохты фæцис уæззау цæф æмæ, госпиталы фæхос кæныны фæстæ дыууæ лæдзæджы æнцæйтты æрыздæхт йæ бинонтæм. Нырма уал куыста колхозы хынцæгæй. Йе ‘нæниз-дзинад куы фæхуыздæр, уæд та куыста Знауыры  районы партийы райкомы. Уæд дзы фыццаг секретарæй куыста Санахъоты Уакко. Фæлæ æрвылбон Амбретæй Знауырмæ – дыууæрдæм 16 километры цæуын йæ бон кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ ныууагъта партион куыст æмæ ногæй райдыдта ахуыргæнæгæй кусын. Иу рæс-тæджы сæрды, тæвды æрбарынчын йе ‘ртæаздзыд фырт Таймураз. Бæргæ ма йæ аскъæфта дохтыртæм, фæлæ… Иннæ фырт Валери райста юристы дæсныйад æмæ куыста прокуратурæйы, фæлæ уый дæр æнæрæстæжы ахицæн йæ цардæй. Афтæ æртыккаг æфсымæр Зелим дæр йæ фæстæ иу хъæбул ныууадзгæйæ. Ацы трагикон цаутæ нал æрæййæфта Лизо. Баззадыстæм æз æмæ мæ хо Заирæ. Цард Тыбылтæм. Мæхæдæг 50 азæй фылдæр хъæрмудæй фæцардтæн ме ‘мкъай Плиты Тинæимæ. Схъомыл кодтам дыууæ фырты æмæ иу чызг. Райстой уæлдæр ахуырад, кусынц бæрнон бынæтты. Æрæййæфтам сын сæ авд хъæбулы хъæбулы. Дыууæйæ фесты уæлдæр ахуыр. Дыууæйæ та ахуыр кæнынц Æдасдзинады федералон службæйы уæлдæр ахуыргæнæндоны. Иннæтæ та нырма сты скъоладзаутæ.

Бæргæ уыдтæн сæ цинæй райгонд æмæ зæдæрухс, фæлæ бирæ азты дæргъы хъæрмудæй кæимæ фæцардтæн, мæ уыцы цардæмбал Тинæ æнæнхъæлæджы йæ цардæй ахицæн  зæрдæрыстæй нæ ныууадзгæйæ. Фæлæ уæддæр цæрын мæ кæстæрты цинæй.

УАНЕТЫ Георги,

барадхъахъхъæнæг органты сгуыхт кусæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.