Хæст мæнгард æмæ æлгъаг у, йæ судзгæ æхсидæвтæ абоны онг дæр хауынц æмæ нын судзгæ маст хæссынц нæ рыстзæрдæ мæдтæн, хъæбултæн, мадызæнæгтæн, хиуæттæн æмæ æмткæй Ирыстоны адæмæн.

2008 азы августы агрессийы тугуарæн хæсты амæттæгтæй бирæтæ, уыцы уæззау æмæ æвадат уавæрты фæстиуæгæн ласт æрцыдысты Цæгат Ирыстонмæ æмæ сæ æгъдауыл сæмбæлын кодтой се ‘нусон бынатыл. Уыдонæй иу – Цыбырты Вилен Уаликъойы фырт – фæмард знаджы мæлæтхæссæг нæмыгæй 2008 азы 9 августы. Вилен службæ кодта Хъахъхъæнынады министрады, куы базыдта сæ цæрæн хæдзар судзы, уæд, йæ ныййарджытæ куыд уыдзысты (йæ цардæмбал, чысыл чызг æмæ фырт Цæгат Ирыстоны уыдысты), уыцы хъуыды йæ рахаста кæм схъомыл, уырдæм. Æмæ уым та знаджы тыхтæ, куыд зонæм афтæмæй, парахат уыдысты уынгты. Вилен йæ хæдзары раз мард фæцис знаджы нæмыгæй, йæ мард буар ын бааууон кæныны фадат кæм уыд йæ ныййарæг фыд Уаликъойæн, йæ мад Назирæ та нæ зыдта йæ иунæг ныфс, йæ царды мæсыг кæй рафæлдæхт…

Ныр Ирыстоны Цæгат хайæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы хъæппæрисæй фараст азы фæстæ йæ райгуырæн зæххыл сæмбæлд Вилены мард буар.

Хуссар Ирыстоны хъæбатыр хъахъхъæнæг, паддзахадон Бæрзонд хорзæх – Орден Уацамонгæйы кавалер (йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын), Цыбырты Вилены буар Цæгат Ирыстонæй æрластой цыппæрæмы æмæ йæ кадыл бавæрдтой Згъудеры уæлмæрды. Дыккаг хатт Ирыстоны æдзард хъæбулы йе ‘нусон бынатмæ фæндараст кæнынмæ хиуæттæй дарддæр æрбацыдысты Республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анато-лийы сæргълæудæй, хицауады уæнгтæ, тыхон структурæты минæвæрттæ. Хæстон азты сæ хъæбултæ кæмæн бабын сты, уыцы ныййар-джытæ дæр балæууыдысты Назирæйæн йæ дывæр масты фарс.

Фыдохы митинг байгом кодта Мидхъуыд-дæгты министры хæдивæг Кокойты Тарзан. Йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, адæймаг кæм райгуыры, уым ныййарæг мады æхсыримæ бауарзы йæ Райгуырæн бæстæ. Йæхи куы базоны, уый фæстæ бамбары уый, æмæ сæрбахъуыды рæстæджы цæттæ хъуамæ уай алыппæтмæ дæр.

«Раст афтæ æрцыд Цыбырты Виленыл дæр. Уый цæрынхъуаг, хорз кæсдæр, Ирыстоны фидæнæн йæ хуыздæртæй сæ иу, уыцы рæстæджы йæ цард радта Ирыстоны тыххæй, æмæ йæ  радта æнæуæрдонæй. Уый хисæрмагонд царды аргъæй бахъахъхъæдта йæ адæмы сæрибардзинад æмæ бæстæйы хæдбардзинад.

Стыр бузныг зæгъын Вилены ныййарджытæн, ахæм хъæбул кæй схъомыл кодтой Ирыстонæн, уымæн æмæ нæ бæстæйы фидæн баст уыд Вилен æмæ уый хуызæн хъæбатыр лæппутыл. Нæ сæрибардзинад, нæ хæдбардзинад, нæ цард нæхи къухты кæй ис, уый баст у ахæм хъæбатыр лæппутæ æмæ чызджытыл»,- дзырдта Тарзан.

Цыбырты бинонтæн мæссæллæйы ныхæстæ загъта бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Банысан кодта, 2008 азы цаутæ абоны онг дæр сты тугæрхæм хъæдгæмттæ Хуссар Ирыстонæн.

«Абон ацы бынаты ногæй хъуыды кæнæм цы рцыдис æмæ цы фæстиуджытæ ныууагъта августы агресси, ууыл. Вилены хуызæн хъайтартæ куынæ уыдаид, æмæ Райгуырæн бæстæ уыцы тæссаг бонты куынæ бахъахъхъæдтаиккой, уæд не знæгты фæнд куыд уыд, ахæм «сыгъдæг быдыр» фестадаиккам. Хæст ахæссы хæрзты цард, уымæ гæсгæ нæ хæс у æмæ рæзгæ фæлтæры зонгæ кæнæм сæ хистæрты хъæбатыр сгуыхтдзинæдтимæ, цæмæй уыцы кæсдæртæ зоной, ахæм хъæбатыр ныййарджытæ сын кæй уыд»,- банысан кодта Президент.

Виленæн сидзæрæй цы кæсдæртæ баззад, уыдон тыххæй бæстæйы сæргълæууæг дзырдта, зæгъгæ, сæ царды фæндагыл куы слæууой, уæд бамбардзысты, хъайтар фыд сын кæй уыд, уый.

«Махæн та нæ хæс у æмæ уыцы хъайтарты ном мысæм, ма сæ рох кæнæм. Æмæ иумæ уыцы хъуыддаг аразын уыдзæнис нæ тыхы»,- дзырдта Бибылты Анатоли.

Хъахъхъæнынады министрады номæй Вилены службæ æмæ удыхъæды миниуджыты тыххæй дзырдта хъомыладон фарстаты фæдыл министры хæдивæг Æлборты Игорь.

Мах, зæгъгæ, ноджыдæр хатыр курæм, хорз миниуджытæй æххæст Вилены ныййарджытæй, кæй йæ нæ бахъахъхъæдтам.

«Уый хицæн кодта йæ ныфсхастдзинад æмæ æхсарæй æмæ хъæбатырæй фæмард. Йæ ирд ном фыст æрцыд нæ адæмы историйы»,- дзырдта ныхасгæнæг.

Бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Адæймаджы барты фæдыл РХИ-йы Президенты æххæстбарджын минæвар Тасойты Инал æмæ йæ æдзард хъæбулы номыл уæлмæрдмæ чи æрбацыд, чи йын лæггад кæны, уыдонæн се ппæтæн дæр бузныг загъта Вилены фыд Цыбырты Валикъо.

«Сæрмагонд бузныг мæ фæнды зæгъын Бибылты Анатолийæн. Уый мын мæ уавæр бамбæрста, баххуыс мын кодта. Мæ рыст фæрог, уымæн æмæ мæ хъæбулы мард буар æрхæццæ йæ райгуырæн зæхмæ, бирæ цы зæхх уарзта, уырдæм.

Уадз æмæ Ирыстоны зæххыл кæддæриддæр уæд фидыдад æмæ сабырдзинад»,- загъта уый.

Цыбырты Вилены бинонтæн кæд сæ уæззау маст сног, ногæй та фæндараст кодтой сæ иунæг ныфсы йæ ныййарджытæ, йæ хъæбултæ, йæ хо,  йе ‘мкъай, уæд сын аннæрдыгæй та цыма чысыл фæрогдæри  кæдæй уæдмæ ныр сæ æдзард хъæбул, æфсымæр æмæ фыд æнцойад ссардзæн йæ райгуырæн зæххыл.

Цыбырты Вилен райгуырд 1975 азы 24 марты. 1993 азы каст фæцис нæ горæты 12-æм астæуккаг скъола. Уыцы аз бацыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ физикон хъомылады факультетмæ. Активонæй архайдта уæгъдибар хъæбысхæстæй, уыд ын стыр æнтыстытæ æмæ бирæнымæц хорзæхтæ. 2000-æм азы бацис бинонты хицау, хъомыл кодта фырт æмæ чызг.

2004 азæй фæстæмæ службæ кодта Хъахъхъæнынады министрады æмæ намысджынæй æххæст кодта  йæ æвæджиаг хæс йæ Райгуырæн бæстæйы раз йæ фæстаг боны онг. Йæ лæппуйыл цыд авд азы, чызгыл та æртæ мæйы, афтæмæй баззадысты сидзæрæй.

Уадз пакъуыйау фæлмæн уæд Ирыстоны зæхх Виленæн, бирæ цы Ирыстоны уарзта, йæ сæрибардзинады сæрыл йæхи кæмæн снывонд кодта, уыцы зæхх.

Къæбулты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.