Хъæууон цæрджыты риссагдæр фарстатæ базонын æмæ сæ æвæрццагæй аскъуыддзаг кæныны нысанæн Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал бынæтты æмбæлы семæ æмæ иумæ æрныхас кæнынц сæвзæргæ проблемæты фæдыл.

Æрæджы та йын ахæм фембæлд уыд Къостайыхъæуы æмæ дзы дзырд цыд, цæрджытæ иууыл тынгдæр цæуыл тыхсынц, уыдæтты тыххæй. Бæззайы фырт йæхæдæг ацы хъæуккаг у æмæ фыццаджыдæр фембæлды хайадисджыты размæ рахаста нуазыны доны фарст. Зæгъын хъæуы, кæд уымæй пайда кæнынц цæрджыты фылдæр хай, уæд дзы æндæртæ та æййафынц хъуагдзинад. Йæ сæйрагдæр аххосаг та у, доны хæтæлтæ лыстæг кæй сты, уый. Цæмæй афтæ ма уа æмæ дзы алчи дæр пайда кæна, уый тыххæй ставддæр хæтæлтæ æвæрд хъуамæ æрцæуой алы уынджы дæр. Ныртæккæ донифтонгады проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн районы нæй æхцайы фæрæзтæ, фæлæ ацы ахсджиаг куыстытæм бавналдзысты уалдзæджы. Ноджы ма: сбæрæг кæндзысты, алы хæдзары бинонтæм дон цас æмбæлы, уый æмæ уымæй уæлдай цы бахардз кæной, уымæн та хъæудзæн фидын нымайæнтæм гæсгæ.

Гуырдзиаг хæсты азарæй хъæу тынг бахъыгдард, дзæвгар хæдзæрттæ ныппырх сты æмæ нал бæззыдысты цæрынæн. Раст у, Уæрæсейы æххуысы фæрцы цæрджытæй иутæн арæзт æрцыдысты ног цæрæн хæдзæрттæ, фæлæ уæддæр уыцы æххуысæй иутæ баззадысты рохуаты. Уый тыххæй тыхсынц куыд Къостайыхъæу, афтæ районы иннæ цæрджытæй дæр бирæтæ. Фембæлды рæстæджы районы сæргълæууæг загъта, уыдон номхыгъд кæй бадæтдзæн республикæйы Президентмæ сæ фарст сын аскъуыддзаг кæныны тыххæй.

Цалдæр азы размæ рухсы цæджындзтыл бакондæуыд фонтæ, фæлæ уыдонæй иутæ нæ кусынц, афтæмæй та сын фиддонтæ фидынц электрохызæгмæ. Ацы фарстмæ хъуамæ æвæстиатæй æркæса хъæууон администраци.

Цæрджытæй иутæ райстой зæххы фадгуытæ, кусгæ дæр сæ кæнынц æмæ сæ æрзайын кæнынц хъæздыг тыллæг, фæлæ уыдонæй бирæтыл фидаргонд не сты, афтæмæй та хъуамæ бацархайой рæстæгыл сæ сфидар кæныныл.  Афтæ куынæ бакæной, уæд сын сæ æрисдзысты.

Хъæуы рагæй уæвынад кæны хосгæнæн амбулатори, фæлæ улæфт бонты рынчын æмбæстæгтæн фæзын вæййы йæ кусджытæм æххуысы охыл бахатын. Раныхасгæнæг Хуыбиаты Уасил æрдомдта, цæмæй улæфт бонты амбулаторийы уа радгæс æмæ-иу тыхст рынчынæн бакæна фыццаградон медицинон æххуыс. Уый ма æрдзырдта, хъæумæ æввахс цы антисанитари сæвзæрд, уый тыххæй дæр.

Æрвылбон дæр уæззау æмæ рог хæдтулгæ машинæтæ цæуынц  «Южный сад»-ы дыргъдонмæ хъæуы дыууæ уынгыл æмæ сæ цæрджытæ тынг тыхсынц рыгæй. Сæ фæндон у, цæмæй ацы уынгты сасфальт кæной 2 километры дæрддзæгæн.

Фембæлды ма сæ фиппаинæгтæ æмæ хъуыдытæ загътой хъæууон администрацийы сæргълæууæг Бигъуылаты Олег, Хаситы Юзæ, Хуыбиаты Тамилæ æмæ æндæртæ.

                                                          ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.