30 декабры «Æргом хицауады» проекты фæлгæтты ауагъдæуыд пресс-конференци Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры. Хайад дзы райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти, Финансты министр Хæбæлаты Азæ æмæ Президенты Администрацийы сæргълæууæг Джиоты Алан.

Мадзал бацæуæн ныхасæй байгом кодта  Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар Тыбылты Алан. Уый раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн æрæввахсуæвæг Ног азы цытæн æмæ цыбыртæй радзырдта, пресс-конференци цæй фæдыл уагъд цæуы, уый тыххæй.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй 2017 азы бюджет нырма ист не ‘рцыд. Ацы хъуыддаджы тыххæй йæ хъуыды загъта закъондæттæг орган. Абон та «Æргом хицауады» программæйы фæлгæтты уавæр бамбарын кæндзæн Хицауады Сæрдар Хъуылымбегты Доменти.

Дарддæр Хъуылымбегты Доменти РХИ-йы Президенты, Хицауады æмæ йæхи номæй ногазон арфæтæ ракодта æрæмбырдуæвджытæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, фæстаг рæстæджы æрвыл аз дæр райст æрцыд бюджет фидæн азæн. Уый фæстиуæгæн гарантигондæй æппæт бюджетон хæслæвæрдтæ æххæст цыдысты æмæ хицауады æппæт къабæзтæ, æппæт фадгуытæ дæр цыдысты  финансгонд. Хъыгагæн, ныр финанскæнынады ахæм стабилондзинад ис тæссаг уавæры, уымæн æмæ райст не ’рцыд 2017 азы бюджет. Уыцы хъуыддаджы Парламент азымджын кæны Хицауады.

Хъуылымбегты Доменти куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы азы июны Парламент æмбæлон аргъ не скодта Хицауады куыстæн.

«Æз зæгъдзынæн уый, æмæ Хицауад Парламенты уыцы уынаффæимæ разы нæу. Уый цæмæн æмæ куыд уыд, уый абон дæр æмæ уый фæстæ дæр ирддæрæй разындзæн. Ноджыдæр æй зæгъдзынæн: ацы уынаффæ райст æрцыд процедурон фæткхалынæдтимæ æмæ Парламенты æппæт фракциты  депутатты фæндæттæ нæ бахынцгæйæ. Уый уыд политикæйы нысанмæздæхты тыххæй. Хъыгагæн, Парламент уыцы идея абон дæр дарддæр кæны, абон дæр та аххосджын кæны Хицауады. Уый та у æвзæрстыты агъоммæ риторикæ. Уымæй нæ оппоненттæ аразынц сæ æвзæрстыты агъоммæйы политикæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй  «искæй цухдзинæдты æмæ згъуыдты критикæйæ дард ацæуæн нæй. Абон уа, æви сом адæм бафæрсдзысты: «Сымах та цы сарæзтат? Уæхæдæг та уæ æвзæрстыты агъоммæйы хæслæвæрдтæ куыд сæхæст кодтат? Æххæстгæнæн хицауиуæгадæй критикæ чи уарзы, уыдон хъуамæ бамбарой, сæрмагонд архайды тыххæй дæр хыгъд дæттын кæй хъæуы».

Бюджеты тыххæй куыд загъта, афтæмæй «уый арæзт æрцыд, цы æфтиæгтæ ис, уыдонмæ гæсгæ. Уый уынаффæмæ лæвæрд æрцыд Парламентмæ, фæлæ райст не ‘рцыд. Парламенты комментаримæ гæсгæ, бюджет ист не ‘рцыд уый тыххæй, æмæ бюджетон фæрæзты сæйраг нысангæнæджы бæсты ис Уæлдæр Арбитражон тæрхондон, кæцы нал ис Конституцийы. Формалонæй уый раст у, фæлæ афтæ цæмæн рауад, уый тыххæй рæстдзинад нæ загъæуыд. Æвæццæгæн æй зондзыстут, 2014 азы  фæндчындæуыд тæрхондонон системæйы реформæйы тыххæй. Йæ мидис уыд уый мидæг, æмæ куынæг хъуамæ æрцыдаид Уæлдæр Арбитражон тæрхондон, йæ функцитæ хаст цыдысты Уæлдæр тæрхондонмæ æмæ арæзт цыд Арбитражон тæрхондон, кæцы æххæст кæны фыццаг инстанцийы тæрхондоны функцитæ, кассацион æмæ хъусдарды  (надзорный) функцитæ та хаст цæуынц Уæлдæр тæрхондонмæ. Закъон райста раздæры Парламент 2014 азы 7 майы.

Закъонмæ гæсгæ арбитражон тæрхондон арæзт хъуамæ æрцыдаид, фæлæ абоны онг дæр арæзт нæу, уымæн æмæ закъон кæронмæ æххæст не ‘рцыд. Закъон кæронмæ æххæст куы æрцыдаид, уæд бюджеты æвдыст æрцыдаид Арбитражон тæрхондон.

Республикæйы Президенты бавдыстмæ гæсгæ, Парламент хъуамæ сфидар кодтаид Арбитражон тæрхондоны Сæрдар æмæ тæрхонгæнджыты, арæзт хъуамæ æрцыдаид Арбитражон тæрхондоны аппарат, уый фæстиуæгæн фæуыдаиккой ликвидацион куыстытæ. 2015 азы 13 июлы республикæйы Президент Парламентмæ бавдыста Арбитражон тæрхондоны Сæрдар æмæ тæрхонгæнджыты кандидатурæтæ. Уыцы кандидатурæтæм абоны онг дæр не ‘ркастæуыд. Цæмæннæ сæм æркастæуыд, уый тыххæй та Парламентæй дзуапп не ‘рбацыд Президенты номыл Президенты Администрацимæ. Закъон цæй тыххæй нæ райстæуыд, уы фæстиуæгæн райстам ахæм дзуапп Парламентæй, зæгъгæ, уыцы закъон нæ зæрдæмæ нæ цæуы, растыл æй нæ нымайæм. Парламент ацы закъон кæй не ‘ххæст кæны, уый фæстиат кæны Арбитражон тæрхондоны сырæзт. Уымæ нæ кæсгæйæ, Хицауады азымджын кæнынц, зæгъгæ, цæмæн адарддæр кодта Уæлдæр Арбитражон тæрхондоны ликвидацион æмгъуыд. Уæлдæр Арбитражон тæрхондоны функцитæй иу хай лæвæрд æрцыд Уæлдæр тæрхондонмæ, Арбитражон тæрхондон саразыны тыххæй иннæ хай та æххæст не ‘рцыд. Æмæ  уый фæстиуæгæн махæн нæ бон нæу арбитражон тæрхондоны архайд æруромын, уымæн æмæ ликвидацион мадзал æххæст не ‘рцыд.  Уый фæстиуæгæн адарддæр æрцыдысты ликвидацийы æмгъуыдтæ æмæ бюджеты тыххæй закъон  ист не ‘рцыд.

Хæбæлаты Азæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй, Парламент куынæ снысан кæна, арбитражон тæрхондоны сæрдары æмæ йæ хæдивæджы, уæд Уæлдæр арбитражон тæрхондоны ликвидацион куыстытæн бакæнæн нæй, ликвидацион куыстытæ æххæст куынæ æрцæуой, уæд та Парламент бюджеты нæ фидар кæны. Афтæмæй Парламент аразы проблемæ æмæ, хъыгагæн, компромисмæ дæр нæ цæуы. Афтæмæй бюджет амынæт ссис тæрхондонон системæйы реформæйы тыххæй.

2017 азы бюджеты тыххæй закъон ист куынæ æрцæуа, уæд  уымæй бæрæг проблемæтæ арæзт цæуы нæ стратегион партнер Уæрæсейæн, кæцы нын стыр финансон æххуыс. Дыкаг та уый, æмæ бюджет реализаци цæудзæн 1/12 cистемæмæ гæсгæ, уый та уый нысн кæны, æмæ æрвыл мæй дæр алы организаци дæр, уыцы нымæцы æнæниздзинад хъахъхъæныны уагдæттæ дæр æгæрыстæмæй медицинон препараттæ æлхæныны тыххæй дæр араздзысты ног бадзырдтæ 1/12 системæйы фæлгæтты. Æртаг дæр ласдзысты уыцы системæмæ гæсгæ. Кæй зæгъын æй хъæуы уый æвзæрын кæндзæн проблемæтæ. Проблемæтæ ма уыдзæн арæзтадон процессæн дæр. æвзæрстыты финанскæныны хъуыддаг дæр бæрæг нæу.

Дарддæр ацы проблемæтæ куыд аскъуыддзаг кæнын хъæуы, уый тыххæй йæ хъуыдытæ загъта Джиоты Алан.

Уый куыд загъта, афтæмæй æмбæрстгонд нæу, Конституцийы гарант депутатон корпусæн куы халын кæны Конституцийы. Ахæм æнæзакъонон архайд  нæ æркодта абоны уавæрмæ.

Ис бирæ органтæ, кæцытæ нысан не сты конституцийы . Уæлдæр Арбитражон тæрхондон дæр нысан нæу Конституцийы, фæлæ æххæст кæны конституцион закъæттæ, куыд юридикон цæсгом, афтæ нырма кусы.

Тæрхондонон реформæ райдыдта 2014 азы фæндзæм сæвзæрст Парламенты рæстæджы. Уæд райст æрцыдысты æнæмæнгхъæуæг закъæттæ, кæцытæ бар лæвæрдтой тæрхондонон реформæ кæронмæ бахæццæ кæнынæн.  Фарст уый мидæг ис, æмæ ацы реформæ не ‘рцыд æхæст. Ис ын иунæг дзуапп: Уæлдæр Арбитражон тæрхондон уыдзæн, цалынмæ хуымæтæг арбитражон тæрхондон арæзт не ‘рцæуа, уæдмæ. Уымæн æмæ æмбæстæгтæн нæ уыдзæн, сæ бартæ сын чи бахъахъхъæна, уый. уымæй хæлд цæуынц æмбæстæгты конституцион бартæ.

Джиоты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй «2015 азы 13 июлы Президент бахатыд Парламентмæ Арбитражон тæрхондоны Сæрдар æмæ йæ хæдивæг снысан кæныны тыххæй, фæлæ афæдз æмæ æрдæджы фæстæ дæр нæ райстам фыстæй дзуапп. Ныхæстæй цы дзурынц, уый та нын æмбæрстгонд нæу. Ома, ацы тæрхонгæнджыты снысан кæныны размæ уал кæронмæ бахæццæ хъæуы тæрхондонон реформæ парти Иугонд Ирыстоны программæйы проектмæ гæсгæ. Уыцы проект райст не’ рцыд йæ рæстæджы, фæлæ ныр иу афæдз æмæ æрдæджы фæстæ реанимацигонд цæуы ногазон сюрпизы хуызы. Ома, уыцы реформæмæ куынæ раздæхат, уæд бюджет ист не ‘рцæудзæн.  Уый та у политикон шантаж.

Парти Иугонд Ирыстоны проектмæ гæсгæ, Уæлдæр тæрхондоны тæрхонгæнджытæ сæ бынæтты фидар хъуамæ æрцæуой ногæй, ома, ногæй хъуамæ рацæуой снысан кæныны процедурæ. Парти Иугонд Ирыстоны лидеры хæс ис уый мидæг, цæмæй кæса алы кандидатмæ дæр æмæ йæхи кæй фæнда, уый нысан кæна. парламенты хъуыдымæ гæсгæ уый у «тæрхондонон реформæ».

Пресс-центры уазджытæ дзуаппытæ радтой журналистты фарстытæн дæр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.