18 октябры уыд Хуссар Ирыстоны Парламенты æстæм сессийы æртыккаг рабадт, уагъта йæ Парламенты Сæрдар Æлборты Алан. Сессийы уыд æртæ фарстайы: «Хуссар Ирыстоны территорийыл таможнæйон æрнывылкæнынады фадыджы Евразиаг Экономикон цæдис æмæ Уæрæсейы Федерацийы барады архайды тыххæй» закъоны проект, «Ахуырады тыххæй» закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй” закъоны проект æмæ «Алыгъуызон фарстатæ».

Фыццаг закъоны проект уынаффæмæ рахаста Чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл Парламенты профилон комитеты сæрдары хæдивæг Къуезерты Арсен.

Уый куыд бамбарын кодта, афтæмæй закъоны проекты райст фадат ратдзæн Уæрæсейы Федерацийы фарсхæцынадæй республикæйы таможнæйон органтæн таможнæйон хъуыддаджы автоматизацийы нырыккон фадæттæй, программон фæрæзтæ æмæ технологитæй спайда кæныны тыххæй бындур æрæвæрынæн.

Депутат Санахъоты Давид æрæвæрдта ахæм фарст, зæгъгæ, ацы закъоны райсты фæстиуæгæн таможнæйыл товартæ ласгæйæ, амалиуæггæнджытæ æмæ юридикон æмæ хуымæтæджы æмбæстæгтæ исты ивындзинæдтæ банкъардзысты, кæнæ тарифтæ фæфылдæр уыдзысты?

Ацы фарстæн экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат радта ахæм дзуапп, зæгъгæ, закъоны проекты райстæй, уыимæ иумæ Евразиаг экономикон цæдисмæ рахизыны тыххæй суагъæйы райст æмæ йæ сфидар кæныны фæстæ нæ фæивдзысты та-можнæйон фиддонтæ.

«2021 азы 30 декабры РХИ-йы Парламент сфидар кодта 2022-2025 азтæн Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты паддзахадон программæ, цыран нысан æрцыд, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон органты гармонизацийы планы фæлгæтты цы мадзæлттæ ауагъдæуыдзæн, уыдоны номхыгъд, кæцымæ гæсгæ хуссарирыстойнаг фарс йæхи бæрнджын кæны, цæмæй сараза Парламенты барамынд таможнæйон хъуыддаг æрбæстон кæныны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл Евразиаг экономикон цæдисы бары æмæ Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынады архайд æрбæстон кæныны тыххæй», — банысан кодта министр æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, министрад кусы æмбæлон барасткæнинæгтыл, уыимæ иумæ ма куыст цæуы иууон таможнæйон тарифты ставкæты фæдыл дæр æмæ цы бакуыстæуа æмæ цы барасткæнинæгтæ хаст æрцæуой закъонмæ, уыдон æрвыст æрцæудзысты Парламентмæ, сахуыр сæ кæныны сæраппонд.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, банысангонд нормæты реализаци æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы таможнæйон органты дарддæры интеграци сифтонг кæныны нысанæн райсын хъæуы «Хуссар Ирыстоны территорийыл таможнæйон æрнывылкæнынады фадыджы Евразиаг Экономикон цæдис æмæ Уæрæсейы Федерацийы барады архайды тыххæй» закъон.

Уый фæстæ депутаттæ æмхъæлæсæй райстой закъоны проект.

Боны фæткы дыккаг фарст депутатты размæ рахаста Уырыгаты Инал.

«Закъоны проекты райст ахъаз уыдзæн закъоны нормæтæ юридикон-техникон нормæтæм гæсгæ дæр æмæ кæрæдзимæ гæсгæ дæр æрбæстон кæнынæн», — загъта депутат.

Ацы закъоны проект дæр райст æрцыд æмхъæлæсæй депутатты хъæлæсæппæрсты руаджы. Уыимæ ма банысан чындæуыд, зæгъгæ, цыбыр рæстæгмæ закъонмæ хаст æрцæудзысты барасткæнинæгтæ.

Ахуырад æмæ зонады министр Джиоты Арианæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй ивындзинæдтæ хаудзысты экстернатмæ, уымæн æмæ министрад разы нæу закъоны проекты иуæй-иу пункттыл.

«Иу рæстæджы бар нæ уыд экстернатæн, фæлæ ацы проектмæ гæсгæ закъон бар дæтты, цæмæй 10 къласы фæстæ кæй фæнды, уыцы ахуыргæнинæгтæ скъола каст фæуой экстернатæй. Уымæй дæр экстернаты фæткы организаци лæвæрд цæуы ахуыргæнæн уагдæттæн сæхимæ. Мах та фæнды, цæмæй экстернаты хъуыддаг скъуыддзаг кæна министрад. Уымæн æмæ ацы фарст скъолатæ сæхæдæг куы скъуыддзаг кæной, уæд экстернат модæйы бацæудзæн æмæ иуæндæсæм кълæсты ахуыргæнинæгты нымæц тынг фæкъаддæр уыдзæн», — бамбарын кодта Джиоты Арианæ.

Дарддæр депутаттæ уынаффæ кодтой алыгъуызон фарстатыл.

Мадзалы раныхас кодта Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй «Донбассы цауты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы цы хайгай мобилизаци цæуы, уый фæстиуæгæн Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæ проблемæтæ æвзарынц „Дæллаг Зæрæмæджы“ контролон-уадзæн пунктыл хизыны рæстæджы. Уый тыххæй республикæйы къухдариуæгад Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн бахæс кодта, цæмæй сахуыр кæной проблемæ».

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад Хуссар Ирыстоны уæвæг Уæрæсейы Федерацийы минæварадмæ арвыста нотæ, кæцыйы фæстиуæгæн уæрæсейаг минæварад РХИ-йы Парламентмæ æрбарвыстой фыстæг, цыран нысан æрцыд, зæгъгæ, УФ-йы расидт æрцæуæг хайгай мобилизаци нæ хауы: æдзухæй Уæрæсейы Федерацийы æддейæ цы æмбæстæгтæ цæрынц, уыдонмæ^; 6 мæйæ фылдæры æмгъуыдмæ Уæрæсейæ чи ацæуы æмæ уыцы æмгъуыдмæ æфсæддон хыгъдæй йæхи чи сисы, уыдонмæ, кæцытæ Уæрæсемæ æрыздæхгæйæ, хъуамæ слæууой æфсæддон къамисариаты хыгъды.

Уæрæсейы Федерацийæ чи ацыд, фæлæ йæхи æфсæддон хыгъдæй чи нæ систа, уыдон райсдзысты хайгай мобилизацийы фæдыл æфсадмæ æрсидты гæххæт.

Уыимæ иумæ Уæрæсейы Федерацийы æддейæ æхсæз мæйæ фылдæр цы æмбæстæгтæ сты æмæ æфсæддон къамисариатты хыгъды чи лæууы, уыдон æрсидты гæххæт куы райсой, уæд хъуамæ бацæуой, Уæрæсейы Федерацийы территорийыл регистраци кæм сты, уым уæвæг æфсæддон къамисариаттæм.

Парламентари куыд банысан кодта, афтæмæй УФ минæварад зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, 2022 азы 31 майы райстæрцæуæг «Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинады тыххæй» закъонмæ гæсгæ, уæрæсейаг æмбæстагдзинадæй дарддæр æндæр бæстæйы æмбæстагдзинад кæмæ ис, уыдон УФ нымайы æрмæстдæр Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтыл.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.