Хуссар Ирыстоны экономикæйы райрæзты фæндагыл фыццаг къахдзæфтæй иу у дзидзагуыстгæнæн кондад «Растдон»-ы фæзынд. Уый рауадзгæ продукциимæ зонгæ сты нæ республикæйы  цæрджытæн сæ фылдæр.

Ацы куыстуаты æрбайгомыл бирæ хъарутæ бахардз. Кондады саразæг æмæ йæ сæргълæууæг у уæрæсейаг агрохолдинг «Евродон»-ы раздæры генералон директор, не ‘мбæстаг амалиуæггæнæг Уанеты Вадим. Проекты реализацийыл бахъуыд 156 милуан сомы. Уыдонæй 30 милуан сомы уыдысты Вадимæн йæхи сæрмагонд фæрæзтæ, иннæтæ та йын Уæрæсейы æртæ банг рахицæн кодта Инвестпрограммæйы реализацийы фæлгæтты. Заводы бынæттон цæрджытæй куыстæй сифтонг кодта 40 адæймаджы.

Йæ кусджытæ стажировкæ рацыдысты «Евродон»-ы. Завод цы технологитæм гæсгæ кусы, уый фадат дæтты рауадзгæ продукцийы деликатон æмæ пайдаджын æууæлтæ баиу кæнынæн. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй продукцийы уникалондзинад ис уый мидæг, æмæ деликатесон стуры, гогыз æмæ хъазы фыд фадат нæ дæттынц адæймаджы организмы холестерин æмбырд кæнынæн.

«Растдон» цы продукци уадзы, уыдон уæй цæуынц брендтæ «Нæртон» æмæ «Цхинвалы дзидзагуыстгæнæн комбинат»-ы бын. Нырмæ ацы нæмттимæ цы продукци уагътой, уыдон уыдысты 17 хуызы. Уыдоны нымæцы: тахынæгтæ, сосискæтæ æмæ сарделкæты алы хуызтæ. Сосискæтæм ма бафтыд ноджыдæр æртæ хуызы – «Баварские с сыром», «Венские» æмæ «Сосиски 1 сорта». Ацы бонты «Растдон»-ы кондад æрæвналдзæн стур  æмæ хуыйы фыд уæй кæнынмæ дæр. Уыдон балхæнæн уыдзæн магазин  «Нæртон»-ы.

Заводы директор Томайты Вадим куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ цы продукци уадзынц стур  æмæ гогызы фыдæй, уыдонмæ ма бафтдзæнис хуыйы фыд дæр. «Мах, сæйраджыдæр, пайда кæнæм бынæттон дзидзайæ. Заводмæ хæдзарон фос æрбаласынц бынæттон фермертæ кæнæ та нæ специалисттæ ацæуынц дæрддзæф хъæутæм, уым бынаты фенынц стуры уавæр, æмæ кæд сæ зæрдæмæ фæцæуы, уæд æй балхæнынц. Стур чи уæй кæны, уымæ æнæмæнг хъуамæ уа бынæттон ветеринарон дохтырæй стуры æнæниздзинады тыххæй бæлвырдгæнæн. Ам, нæхимæ, стуры æнæниздзинады уавæр бабæрæг кæны нæхи штатон ветдохтыр дæр», – зæгъы кондады хистæр.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй сæ продукци æнæдызæрдыгæй ГМО æмæ сояйæ сыгъдæг у. Цалынмæ 2017 азы кондад официалонæй не ‘рбайгом, уæдмæ дæр зонгæ уыдысты нæ горæты фæлхасгæнджытæ «Евродон»-ы тахынæджы хуызтимæ. Ацы тахынæг-иу иннæ æрласæггæгтæй хуыздæр уæй цыд.  Ныр та дзидзагуыстгæнæн кондад фыдызгъæлы продукттæй ифтонг кæны æрмæст республикæйы бынæттон цæрджыты нæ, фæлæ ма Уæрæсейы къорд горæты, уыцы нымæцы Цæгат Ирыстоны дæр.

«Евродон»-ы холдингы ныртæккæ цы уавæр ис, банкрот кæнынмæ кæй цæуы йæ хъуыддаг, уымæ нæ кæсгæйæ, «Растдон» дарддæр йæ куыст кæндзæн. Цы дыууæ магазин ын ис – сæ иу заводæн йæхи территорийыл, иннæ та – Джиоты Алан æмæ Харебаты Исахъы уынгты сныдзæвæны, уыдонæй уæлдай йæ продукци уæй кæны горæты æртæ иумиаг ахуыргæнæндоны хæрæндæттæн. «Растдон»-ы администраци ныртæккæ бадзырдтæ уадзы иннæ иумиаг ахуыргæнæндæттимæ дæр.

«Хъахъхъæнынады министрады хæрæндæттæ дæр пайда кæнынц ацы кондады продукцийæ. Технологион процессы рæстæджы мах архайæм, цæмæй фидарæй хъахъхъæд цæуой санитарон-эпидемиологон нормæтæ. Мах цæттæ стæм æмæ дзуапп ратдзыстæм, нæ уагъд продукцийы сыгъдæг фыдызгъæлæй кæй у, уый тыххæй», – дзырдта Томайты Вадим.

«Растдон» продукци рауадзынмæ хъавы Ног азы размæ стур æмæ хуыйы фыдæй. Уый уагъд цæудзæн вакуумон пакеты, цæмæй фыдызгъæл хызт уа зианхæссæг микроорганизмтæй. Стурæн йæ балхæдæй, цалынмæ æргæвст не ‘рцæуа æмæ онггай вакуумон пакеты тыхт не ‘рцæуа, уæдмæ процессмæ йæ хъус дары «Югосельхознадзор». Уымæн æмæ продукци экспортмæ цæудзæн Уæрæсейы базармæ дæр.

«Растдон»-ы кондад нырмæ нæ уагъта, «вареный» кæй хонынц, ахæм тахынæджы хуыз. Фæлæ  ныр æрæвнæлдтой уымæ дæр, уымæн æмæ заводы къухдариуæгад йæ бакондæй нырмæ лæмбынæг йæ хъус дардта, бынæттон базарады фæлхасгæнджытæ тахынæджы кæцы хуызтæм тынгдæр цымыдис кæнынц, уымæ.

Ныртæккæ завод цы продукцийы ассортимент уадзы, уыдон схызтысты 30 хуызмæ æмæ куыстуаты куыд зæгъынц, афтæмæй дарддæр дæр уæрæхæй уæрæхдæр кæндзæн.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.