Хуыбецты дыууæ æфсымæры – Сослан æмæ Руслан нæ горæты Хъайтарты уынджы кæрон цалдæр азы размæ цы хъæрмуат сарæзтой, уым зайын кæнынц цъæхыгтæ. Ацы бынат дыууын азæй фылдæр уыд æгуыст. Дыууæ æфсымæры йæ ныссыгъдæг кодтой, стæй йæ бахуым кодтой. Мæр уыд зынкусæн, тракторæн-иу цалдæр хатты асаст йæ гутон дæр. Æрбаластой йæм æндæр ранæй сыджыт, бахастой йæм фаджыс дæр æмæ зæхх кусынæн сбæззыд. Æфсымæртæ дыууæйæ не ‘ххæссыдысты сæ куыстытыл æмæ бахатыдысты сæ дыккаг хæдзары лæппумæ. Роланд (мæрдты дзæнæты бадæт – ковиды инфекцийæ фæзиан) сын сразы семæ кусыныл. Ныфсытæ дæр ма-иу сын авæрдта, зæгъгæ, зæххы куыст æнцон никуы вæййы, йæ фæстиуджытæ та, дам, вæййынц хорз. Æмæ æртæ нæлгоймаг счъилдысæй бавнæлдтой кусынмæ. Хуыбецты æфсымæр-тæ цæмæй ахæм егъау хъæрмуат сарызтаиккой, уый тыххæй кредит райстой бангæй, фæлæ сын уый не сфаг. Æфстау æхца сын радтой се ‘мбæлт тæй чидæртæ дæр. «Æнæ Роланд ницы бакодтаиккам. Уый чысылæй фæстæмæ уарзта зæххы куыст, йæхи къухæй æркæнгæ халсæрттæ æмæ дыргътæй цард, суанг ма иу дзы бынæттон базары дæр ауæй кодта. Зæххы куысты сусæгдзинæдтæ дæр уый фæрцы ба-зыдтам. Хъæрмуаты иу аз пъамидортæ куы æркæнай, уæд дыккаг аз та уым байтауын хъæуы æндæр халсар æмæ афтæ дарддæр, афæдзæй-афæдзмæ хъæуы нæуæг кæнын зæххы уæлцъар», – зæгъы æфсымæртæй сæ иу – Сослан.

Ивгъуыд аз хъæрмуаты сагъд уыд пъамидортæ, фæлæ дзы ныр та сагъд байтыдтой цæхæра. Экологон æгъдауæй сыгъдæг халсар алкæйы дæр хъæуы. Уыдонмæ бынатмæ цæуынц æлхæнджытæ æмæ сын æлхæнынц сæ цъæхыгтæ. Сабат, хуыцаубоны та сæ бынæттон базармæ ахæссынц æмæ сын æрбауæй вæййынц.

Мах бацымыдис кодтам, хъæрмуаты цы цъæхыгтæ æрзад, уыдонмæ цахæм хъацæнтæ хæссынц, уымæ. Уый фæдыл та Сослан афтæ зæгъы: « Фæстаг азты зæхкуысты къабазы фæ-зынд иу стыр проблемæ кусæгдыхы проблемæ. Кусын никæйуал фæнды, алцы дæр техникæйы фæрцы куы аразиккам, къухтæй та зæхмæ куынæуал æвналиккам. Стæй ма бирæтæ тырнынц алыгъуызон химикаттæй пайда кæ-нынмæ. Йæ фæстиуæг – зæххы структурæ фехæлы. Уымæй мах фыдми кæнæм зæххæн æмæ алыгъуызон низтæ дæр уымæн сарæх сты. Фылдæр тыллæг райсыны мондагæй нал ауæрдæм зæххыл, алыгъуызон химикаттæ мæрмæ бахæссæм æмæ уымæй знаггад кæ-нæм хисæрмагонд æнæниздзинадæн. Уыцы дыргътæ æмæ халсæрттæ нæ бинонтæ, нæ кæстæртæ кæй хæрынц, ууыл нал фæхъуыды кæнæм. Мæнмæ гæсгæ къух сисын хъæуы ахæм химикон препараттыл, æнæ уыдон дæр ис хъæздыг тыллæг æркæнæн. Баивæн сын ис, адæймаджы организмæн зиан чи нæ хæссы, ахæм æрдзон хъацæнтæй. Зæгъæм, фосы фаджысæй. Кæд раздæрау бирæ нал, уæддæр дарынц хъæуты стуртæ, нæ республикæйы бирæ ис фосдарды сæрмагонд хæдзарадтæ. Уыдонимæ сарæзтам бадзырдтæ æмæ фæззæджы нæ хъæрмуатмæ æрбаласæм æрдзон фаджыс. Уымæй схъæздыг кæнæм зæхх æмæ нæ тыллæгæрзад дæр вæййы хъæздыг», – радзырдта нын æвзонг амалиуæггæнæг.

Хуыбецты лæппу ма нын куыд загъта, афтæмæй хъæрмуат саразын зын у, фæлæ уый фæстæ пайда у – дыууæ-æртæ азмæ райсдзынæ, цы æхцайыл бахардз кодтой, уыдон. Æрмæст хъуамæ куыстуарзаг уай. Æппынæдзух сæрдæй-зымæгæй хъуамæ архайай йæ мидæг. Ныртæккæ интернет хызæгты бирæ амындтытæ ис зайæгойты тыххæй æмæ мах дæр уыдонæй пайда кæнæм. Хъæрмуатæн йæ мидæг сæвæрдтам, фондз тоннæйы кæм цæуы, ахæм бак æмæ йæ афтæмæй донхæр кæнæм».

Хъæрмуаты зайынц петрушкæ, цæхæрайы сыфтæ, киндза, тархун æмæ салат. Амали-уæггæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æрласæггаг цъæхыгтæй уыдон асламдæр кæнынц сæ товар.

Сæ хъæрмуат саразыныл æфсымæртæ бахардз кодтой 3 милуан сомы бæрц æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фæсмон нæ кæнынц. Цæгат Ирыстоны сын ис хæстæг кæцы кæны æнгæс куыст, истæуыл куы фæтыхсынц, уæд уыимæ бауынаффæ кæнынц. Сослан зæгъы, зæгъгæ, хорз уаид нæхимæ лаборатори куы сырæзид, кæцы йæ хъус дара халсæртты рæзтмæ. Ныртæккæ ахæм лабораторитæ бирæ ис Кабардæйы æмæ комкоммæдæр уыдоны хъусдарды руаджы исынц хъæздыг æмæ гъæдджын тыллæг. Лабораторитæ бæрæг кæнынц сыджыты гъæд æмæ дзы цы культурæтæ хуыздæр æрзайдзæн, уый.

Дыууæ æфсымæр ма куыд загътой, афтæмæй сæ зæрды ис сæ хъæрмуаты фарсмæ ма цы афтид зæхх ис, уым дæр ноджы иу хъæрмуат саразын, фæлæ нырма финансон æгъдауæй ифтонг не сты.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.