Зарæджы рæнхъыты куыд загъдæуы, зæгъгæ, æрдзмæ нæй æвзæр боныгъæдтæ, афтæ зæгъæн ис афæдзы алы афонæй дæр, уымæн æмæ сæ алкæцы дæр у йæхирдыгонау, рæсугъд æмæ хъæугæ. Фæлæ дзы уæддæр бæркадджын фæззæгæн æмбал нæй. Æнæхъуаджы загъдгонд куынæ сты, мыййаг, ирон зарæджы мæнæ ахæм рæнхъытæ, зæгъгæ, бæркадджын фæззæджы чындзæхсæв скæндзыстæм. Фæззæджы дыргъдæттæ æмæ цæхæрадæттæ йемыдзаг вæййынц алыгъуызон адджын æмæ хæрздæф дыргътæ æмæ халсартæй. Адæм райсынц  хъæздыг тыллæг.

Уыдæттæ æнкъаргæйæ ацы бонты 6-æм астæуккаг скъолайы 2-æм «б» къласы ахуыргæнинæгтæ сæ ахуыргæнæг Кокойты Ирэнæйы сæргълæудæй бацæттæ кодтой равдыст бæркадджын фæззæджы сраппонд æмæ афтæмæй сывæллæттæ уæлдай хуыздæр базонгæ сты афæдзы ацы афоны хицæндзинæдтимæ. Сывæллæтты бацæттæгонд куыстытæ равæрд æрцыдысты скъолайы дыккаг уæладзыджы къæлидоры æмæ рудзгуыты тæрхджытыл. Ирдæй зынд, ахуыргæнинæггтæ хорз кæй равдыстой бæркадджын æмæ фæрнджын фæззæджы алыварсон рæсугъддзинад.

Сывæллæттæ сæ чысыл къухтæй къуызырытæй (шишкæтæй)  сарæзтой  алыгъуызон цæрæгойты фæлгæндзтæ, хус кæрдæгæй та – хæдзæрттæ, къалатитæ æмæ æндæртæ. Тынг аив рауад Къусраты Кристинæ йæ чысыл къухтæй цы «хæдзар» сарæзта, уый. Хæдзары цур та  æрæвæрдта хус кæрдæджытæй арæзт цъына, афтæ ма хæдзармæ æввахс та баст ис адæймаджы хæлар – куыдз. Иудзырдæй чысыл чызг ирдæй равдыста хъæууон цардыуаг. Шнайдер Артур та къалатийы æрбахаста алыгъуызон дыргътæ. Гаглойты Лизæ сарæзта дидинæг хъуырауы. Цымыдисон рауадысты Неведова Алисæ хъæдуры гагатæй цы фигурæтæ сарæзта, уыдон дæр, сбыдта сæ рæхыс дæр. Борисенко Аннæ та къуызыртæй сарæзта алыгъуызон цæрæгойты фæлгæндзтæ, уыцы нымæцы уызыны дæр. Чубанова Ализа та къуызыртæй сарзæта уыг. Гæбæраты Викæ, Минасян Миленæ, Зæгъойты Каринæ къалатиты æрбахастой алыгъуызон дыргътæ, къуызыртæ æмæ хус сыфтæртæ. Сывæллæтты куыстытæй алкæцыдæр йæхирдыгонау уыд цымыдисон, æнкъардæуыд сæ сабиты миддуне. Ахуыргæнинæгтæ ма  къæлидоры къулыл дæр бакодтой фæззæгимæ баст сæхи къухтæй конд нывтæ.

Сæ ахуыргæнæг Кокойты Ирэнæ куыд радзырдта, уымæ гæсгæ ацы равдыст сарæзтой уый тыххæй, цæмæй сывæллæттæ хуыздæр базонгæ уыдаиккой фæззæджы темæимæ.

«Иннæ ахæм та сывæллæттæ иудадзыг архайынц мобилон телефонтимæ, пайда кæнынц алыгъуызон гаджеттæй æмæ сæ цæмæй иу чысыл уæддæр фæиппæрд кæнæм мобилон телефонты æнæдвдадæй, уый тыххæй сывæллæттыл хорзæрдæм æндавынц ахæм мадзæлттæ», загътой уый.

Фæззæджы сæраппонд равдыст бацæтæттæ кæнынæн сывæллæттæн баххуыс кодтой куыд сæ ахуыргæнæг, афтæ сæ ныййарджытæ дæр. Æвзонг ахуыргæнæг Кокойты Ирэнæ куыд загъта, афтæмæй сывæллæттæ равдыст бацæттæ кодтой стыр райзæрдæйæ, зындис сыл сæ архайдæй райгондæй кæй баззадысты, уый. Ахуырдзауты къухтæй арæзт равдысты куыстытæ кæд æндæр æмæ æндæр темæтыл уыдысты, уæддæр сæ алкæцы дæр уыд цымыдисон æмæ æхцондзинад хастой адæймаджы зæрдæйæн. Равдысты чысыл автортæ дæр æзфæраздæронæй дзырдтой сæ куыстыты сæ равдисын цы фæндыд, уый тыххæй.

Ахуырадон уагдоны дыккаг уæладзыджы къæлидормæ схизæгйæ, æнкъардæуыд бæркадджын фæззæджы уддзæф, уымæн æмæ равдысты æмрæнхъ сывæллæттæ къултыл æмæ царыл дæр æрцауыгътой хус сыфтæртæ æмæ фæззыгон дидинджытæ. Адæймагмæ афтæ каст цыма  фæззыгон бон бæлæсты бынты фæцæуы æмæ ныртæккæ йæ уæлæ парахатæй æркæлдзысты фæззыгон бур сыфтæртæ.

ДЖИОТЫ Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.