Уæрæсейы Федерацийы Хъахъхъæнынады министрады дарддæр дæр хъусын кæнынц Украинæйы уагъдцæуæг сæрмагонд хæстон операцийы рæстæджы уæрæсейаг æфсæддон службæгæнджыты сгуыхтдзинæдты тыххæй. Хæстонтæ æвдисынц хъæбатырдзинад. Цæрæн пункттæй сæ иуы ныхмæлæууæг бафæлвæрдта уæрæсейаг дæлхæйтты позицитæ сатакæ кæнын. Уæрæсейаг æфсæддон службæгæджытæ бацыдысты æнæмсæр тохы. Ныхмæлæууæджы размæбырстæн æххуыс кодтой  минометон тыхджын æхстытæ. Знаджы радон æмæхсты фæстæ гаубицæты артиллерион взводы командиры хæдивæг, сержант Асаты Давиды хæцæнгарз хъыгдард баййæфта. Æнæрлæугæ тыхджын æхстытæм нæ кæсгæйæ, Давид расчеты сæрмагонд скондæн æхстытæй сæхи бааууон кæныны тыххæй командæ ратгæйæ, сæрмагондæй йæхæдæг басгæрста хъыгдардбаййафæг хæцæнгарзы, оперативонæй йын сæндидзын кодта йæ куыстхъомдзинад, сарæзта бынаты развæдсгæрст æмæ сбæрæг кодта националистты æхсæн позицитæ. Сержант Асаты Давид сарæзта æнæмæнгхъæуæг расчеттæ æмæ комкоммæ æхстæй скуынæг кодта дыууæ минометон расчеты. Афтæ  ма куынæг æрцыдысты 18 националисты бæрц.

Асаты Давиды профессионалон архайдтыты фæрцы уæрæсейаг дæлхæйттæн сæ бон ссис ныхмæлæууæджы атакæ фæстæмæ аппарын, стыр зиæнттæ йын æрхæсгæйæ æмæ афтæмæй хорз уавæртæ сарæзта знаджы контрцæф ныккæнынæн. Ирон сержант бахъахъхъæдта йе взводы хæстонты цард. Сæрмагонд операцийы йæ хъæбатырдзинад æмæ профессионалондзинады тыххæй хорзæхджын æрцæудзæн паддзахадон бæрзонд хорзæхæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.