Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджытæ æвдисынц сгуыхтдзинæдтæ æмæ хъайтардзинад Донбасс бахъахъхъæныны фæдыл сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæджы. Уæлдай стырдæр сгуыхтдзинад равдыста  хайады командир – десантон-штурмгæнæн ротæйы наводчик, сержант Цхуырбаты Тимур. Уый тыххæй хъусын кæны телеканал «Звезда». Йæ къухдариуæгады бын  хæстон машинæйы экипаж ифтонг кодта уæрæсейаг дæлхæйтты колоннæйы æдасдзинад иу ранæй иннæ бынатмæ цæуыны рæстæджы.  Колоннæйы разæй цæугæйæ, Цхуырбаты Тимур сбæрæг кодта украинæйаг националистты гарзджын къорды, кæцытæ сæхи цæттæ кодтой колоннæмæ æрбабырсынмæ. Арæхстджынæй бынаты уавæртæй спайда кæнгæйæ, Цхуырбайы фырт йæ дæлбар хæстонтимæ бацыд æнæмсæр тохы, сæхицæй бирæ фылдæр чи уыдысты, уыцы ныхмæлæууæджы тыхтимæ. Сержант æмæ йæ хæстон æмбæлтты раст æмæ арæхстджын архайдтытæ фадат радтой нацистты æхсæн бынæттæ сбæрæг кæнынæн æмæ сæ уырдæм æхсын райдыдтой схъисон-фугасон 30-мм хæцæнгарзы снарядтæй, афтæ ма пулеметæй дæр. Сержант Цхуырбаты Тимуры къухдариугады бын хæстон машинæйы экипажы удуæлдай архæйдтыты æмæ æхстыты фæстиуæгæн куынæг æрцыд  украинæйаг националистты диверсион-развæдсгарæн къорд, уæрæсейаг æфсæддæ адарддæр кодтой се змæлд æмæ сфидаргонд рæстæджы рахызтысты снысангонд район-мæ, æнæ уды зиæнттæй.

 

ДОНБАССЫ ИУУЫЛ ÆВЗОНГДÆР ХÆСТОН

Цалдæр боны размæ ирон интернет-каналты фæзынд видеоролик батальон «Алани»-йы иууыл æвзонгдæр хæстон Остъаты Рустамы (фæсномыг «Хъæбул») тыххæй.

Дзæуджыхъæуы 38-æм астæуккаг скъолайы 11-æм «Б» къласы ахуыргæнинаг Украинæйы сæрмагонд æфсæддон операцийы хæстон архæйдтыты зонæйы уыд дыууæ хатты. Лæппуйы фæндыд йæ фыды фенын, кæцы уым ис сæрмагонд операцийы райдианы бонæй фæстæмæ. Остъаты Руслан (фæсномыг «Скиф») у батальон «Алани»-йы штабы хистæр. Номхуындæй, уый бацæттæ кодта Рустамы хæстон цæттæдзинадæй, лæппуйы схъомыл кæнынмæ стыр хайбавæрд бахаста батальон «Алани»-йы командир Габуты Игорь (Русский). Цалдæр азы размæ «Зилахар»-ы спортивон хъæзтыты уый Рустамæн балæвар кодта кард. Лæппу хайад иста алыгъуызон спортивон ерысты. Æхсæз азы дæргъы та Рустам архайы грекъаг-римаг хъæбысхæстæй. Уый размæ та æртæ азы цыд футболмæ.

«Хæстон цæттæдзинадæй мæ сахуыр кодтой мæ фыд æмæ батальоны командир. Æз Украинæйы арæнмæ куы æрцыдтæн, уæд мæ фыдæн загътон, зæгъын, мæ фæнды нæ лæппутæн баххуыс кæнын æмæ йæм бахатыдтæн цæмæй мын бар радтаид хæстон архайдтыты хайад райсынæн. Уый хъуыды кодта дæргъвæтин рæстæджы æмæ мын сразы мæ фæндыл», – радзырдта Рустам.

Лæппу лæмбынæгдæр радзырдта интервью дзы кæм исынц, уыцы роликы тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы бон командир план кодта хæстонтимæ раззаг хахмæ ацæуын. «Нæ мæ фæндыд, цæмæй мæ ныууагътаиккой. Бахатыдтæн сæм семæ ацæуыны тыххæй», – загъта Рустам.

Уым уыд йæ фыды цур. Сæ хæс уыд знаджы æрбатынд ма бауадзын. Хæслæвæрд æххæст æрцыд æнтыстджынæй. Интернеты хызæджы ролик цалынмæ фæзынд, уæдмæ Рустам æрæздæхт хæдзармæ æмæ цыд скъоламæ.

Мах æй нæ уагътам Украинæмæ ацæуын

«Мах, йе ‘мкъласонтæ тынг тыхстыстæм сæрмагонд æфсæддон операцимæ кæй ацыд, уый тыххæй. Фæлæ нæ æрсабыр кодтой, загътой нын, зæгъгæ, алцыдæр у хорз. Мах сæрыстыр  стæм иу къласы кæй ахуыр кæнæм, уымæй», – банысан кодта йе ‘мкъласон Бекъойты Аминæ.

Скъолайы директор Сланты Мадинæйы ныхæстæм гæсгæ, лæппу алыхатт дæр уарзта æмæ уарзы рæстдзинад. Бирæсывæллонджын бинонтæн Рустам у хистæр хъæбул. Фыд йæ сывæллæтты хъомыладмæ дары стыр хъусдард æмæ активон хайад исы скъолайы царды.

Балæвар ын кодта номылдарæн сахат

Рустамы хъæбатырдзинады тыххæй  РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло  батальоны иууыл æвзонгдæр хæстонæн балæвар кодта йæхи сæрмагонд командирон сахат, кæцыйы йæ къухыл дардта 35 азы. «Уый уыд мæнæн стыр кад æмæ уæлæмхас мотиваци. Сахат дардтон хæстон архайдтыты рæстæджы дæр. Абон æфснайд у сейфы», – загъта Остъаты Рустам.

Дзæуджыхъæуы 38-æм астæуккаг скъола схъомыл кодта бирæнымæц  лæппуты-рауагъдонты, кæцытæ сæхицæн равзæрстой æфсæддон карьерæ. Скъола уæлдай сæрыстыр у йæ рауагъдонтæ Кирилл Андреев æмæ Цуырбаты Роландæй, кæцытæ хъæбатырæй фæмард сты сæ хæстон хæс æххæст кæныны рæстæджы. Дыууæ дæр ныгæд сты Скæсæйнаг уæлмæрды Кады аллеяйы.

Остъаты Рустам нырма не сбæрæг кодта йæ фидæны професси, фæлæ, æвæццæгæн, йæ цард сбæтдзæн æфсæддон зонадимæ. Куыдфæнды ма уа, уæддæр Ирыстон ныридæгæн схъомыл кодта аккаг фырты.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.