Сгуыхтдзинад равдисын æнцон нæу, уый алкæй къухы нæ бафты. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæр куы бахъæуа, уæд хъуамæ æххуысмæ, цыфæнды зындзинæдтыл дæр ма хъуамæ хъуыды кæнай, фæлæ дæ тырнындзинад æмæ хъуыды æрмæстдæр уой тыхст адæймагæн баххуысмæ цæттæ уæвын. Ахæм миниуджытæ цы адæймагмæ уой, уымæн бантысы цыфæнды гуыргъахъ фæндæгтыл дæр ахизын æмæ сæмбæлы йæ нысаныл. Уымæн та йæ фæстиуæг вæййы уый, æмæ циндзинад æмæ хæрзиуæг æрхæссы канд хицæн адæймæгтæн нæ, фæлæ æндæртæн æмæ æхсæнадæн дæр. Уæд уыцы сгуыхтдзинад равдисæг адæймаг æндæрты цæсты вæййы кадджын æмæ арфæйаг. Кæй кой ракæнынмæ хъавын, уыцы ирон чызг Ирыстоны не схъомыл. Йæ ныййарджытæ Цхуырбаты Валери æмæ йе ‘мкъай къорд азы сæ цард арвыстой Азербайджаны горæт Мингечауры. Чысыл Радмилæ дæр ам арвыста йе взонджы бонты иу хай, ам бакаст астæуккаг скъола дæр. Астæуккаг ахуырдзинадæй дарддæр ма ахуыр кодта музыкалон скъолайы дæр æмæ йын дыууæ ахуыры дæр уыд зæрдæрухсгæнæн æнтыстытæ.

Фæлæ уæддæр райгуырæн уæзæг æндæр ад кæны, адæймаджы йæхимæ тынгдæр фелвасы. Цхуырбаты бинонтæ дæр сфæнд кодтой Хуссар Ирыстонмæ æрцæуын, æмæ Знауыры районы Цъорбисы хъæуы ногæй æрцæрын. Уый сын æнтысгæ дæр бакодта, кæд уыцы рæстæджы Ирыстон гуырдзиаг хотыхджынты æрдыгæй æндыгъд уавæры уыд, уæддæр. Цхуырбаты чызг ахуырмæ æвзыгъд уыд, фæндыд æй зонындзинæдтæй йæхи схотыхджын кæнын, æмæ уал фыццаг ахуыр кæнын райдыдта Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны. Фæстæдæр та каст фæци Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты юридикон факультет. Царды фæндæгтæ дардыл  æмæ  алыгъуызæттæ  сты, æмæ Цхуырбаты чызджы йæ амонд ахаста Цæгат Ирыстонмæ – йæ цард баиу кодта Тараты Эльбрусимæ, ис сын чызг æмæ ныртæккæ ахуыр кæны 7-æм къласы. Цхуырбаты чызгæн йæ ахуырдзинадмæ гæсгæ фадат уыд куысты ныллæуын, фæлæ йæ ныр та йæхимæ æлвæста кондукторы куыст æмæ уымæ гæсгæ ацы дæсныйады тыххæй бакаст курсыты.

Хорз у алы професси дæр, уыцы нымæцы уæлдæр æрхæсгæ дæсныйад дæр. Цæуыс дард балцы, поезд дæ авдæны узæгау узы, фæстийæ зайынц тыгъд быдыртæ æмæ æгæрон денджыз, хатт та дæм дардæй разынынц бæрзонд хæхтæ. Хорз у балцы цæуын, кондукторы хæстæ æххæст кæнын. Фæлæ уый иу бакастæй, ис ам дæр дзæвгар фыдæбæттæ, бирæ цæмæйдæрты хъуамæ хæсса бæрндзинад, цы бæлццæттæ йæм ис, уыдон раз. Йæ фæлмæн æмæ аудгæ ахасты тыххæй дзы уыдзысты райгонд, фæлæ ма сын йæ хъус хъуамæ дара се ‘нæниздзинады уавæрмæ, хъахъхъæна сын сæ æдасдзинад дæр. Уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг хæстæ æххæст кæнын сын амыдтой ахуыры рæстæджы. Цхуырбаты Радмилæ йæ куысты рæстæджы кæддæриддæр йæ дзыхы ныхас æмæ узæлдæй иу æмæ дыууæ бæлццоны нæ афæндараст кодта йæ дард балцы, æгас хæдзар куы ссарынц, уæд та æнæмæнг сæ цæстыты раз сысты сæ фæндарастгæнæг æвзонг сылгоймаджы худгæ цæсгом. Цхуырбиан хатт зындзинæдты дæр бахауы йæ куысты рæстæджы, фæлæ нæ фæтыхсы. Уæддæр дыууæ тыхстдæр уавæры йæ бæлццæтты æрдыгæй тынгдæр лæууынц йæ зæрдыл. Цæвиттон, цæуы поезд, æрхæццæ Мæскуымæ æмæ баурæдта Казаны вокзалы, æвиппайд иу сылгоймаг бахауд зын уаæры, æрлæууыд мæлæты къахыл. Цхуырбиан айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ йын æвæстиатæй бакодта фыццаг медицинон æххуыс. Сылгоймаг чысыл фæстæдæр сулæфыд, цард æм ногæй раздæхт. Бынтон зындæр уавæры бахауд æндæр хатт чысыл сы-вæллон. Уайтагъд йæ цырд цæстæнгас ацахста æвзонг адæймаджы хъуырдухæн. Хъуыддаг уый мидæг уыд, æмæ хæргæ-хæрын хæринаг бахауд мæнгхурхмæ æмæ йын нал уыд сулæфæн. Фæлæ та ацы æнæаргъæвгæ цауы дæр фæстæ нæ фæлæууыд Радмилæ, уайтагъд йæ зæрдыл æрбалæууыдысты, ахæм рæстæджы цахæм «хотыхтæй» хъæуы спайда кæнын, уый. Раскъæфта фыссæн ручкæ, спайда кодта цыргъагæй дæр, æмæ хæлц фезмæлыд йæ бы-натæй. Рæзинаг чысыл зæрдæ йе ‘муд æрцыд, уæнгтæ рогæй сулæфыдысты, кæд нырма тарстгъуыз уыд, уæддæр. Уæдмæ фæзынд «Тагъд æххуысы» машинæ æмæ йын дохтыртæ та уый фæстæ кæронмæ бакодтой медицинон æххуыс. Йæ ахæм фердæхтдзинады тыххæй дзы тынг фæбузныг сты адæм æмæ дохтыртæ сæхæдæг дæр. Фæлæ иууыл тынгдæр та æвзонг адæймаджы арфæтæ æмæ бузныджы ныхæстæ уыдаиккой, кæд уыцы рæстæджы йæ ирвæзынгæнæгæн арфæ ракæнын йæ бон не сси, уæддæр. Уыцы хъуыддаг æрцыд ивгъуыд аз.

Казаны вокзалы цауы тыххæй йын арфæйы ныхæстæ æрæрвыста Цæгат Кавказы акционерон æхсæнад «ФБК»-йы хистæр Г. П. Парлюк. Радмилæ йæ ныййарæг фыдмæ куыд фехъусын кодта, афтæмæй йын дыккаг сгуыхтдзинады тыххæй та бузныджы ныхæстæ æрæрвыста УФ-йы Президент В. Путин, радтой йын æхцайы фæрæзтæ дæр.

Мах дæр арфæ кæнæм сæрæн ирон чызгæн йæ ахæм сгуыхтдзинæдты тыххæй, цардамонд æмæ куысты æнтыстытæй дарддæр дæр хайджын уæд.

 Хуыбиаты Н.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.