«Спутник – Хуссар Ирыстоны» пресс-центры ауагъдæуыд пресс-конференци, цыран Хуссар Ирыстонмæ кусæгон балцы æрцæуæг уæрæсейаг сенатортæ радзырдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æмæ УФ Федералон Советы ‘хсæн æмгуысткæнынады фæдыл къамисы радон рабадты фæстиу-джыты тыххæй. Пресс-конференцийы хайад райстой Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Уæрæсейы Федерацийы  Федералон Æмбырды Федерацийы Советы сæйраг палатæйы комитеты уæнг Республикæ Хъырымæй Сергей Цеков,  Уæрæсейы Федерацийы Социалон политикæйы фæдыл  Федерацийы Советы комитеты уæнг Елена Бибикова, РХИ-йы Парламент æмæ УФ Федералон Советы ‘хсæн æмгуысткæнынады къамисы æмсæрдар, Æддагон политикæйы фæдыл  Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон комитеты сæр-дар  Коцты Игорь.

Æхсæнадæмон хъуыддæгты фæдыл Республикæ Хъырымæй УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы сæйраг палатæйы комитеты уæнг Сергей Цеков куыд радзырдта, афтæмæй кæд Хуссар Ирыстоны цыбыр рæстæг сты, уæддæр къамисы рабадты фæстæ  фембæлдысты Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæваримæ, РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петримæ,  Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикимæ. Уынаффæ кодтой къорд фарстатыл, кæцыты фылдæр хай хауд социалон фадыгмæ.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстон æмæ Республикæ Хъырымæн ис æнгæс проблемæтæ.

«Æз Федерацийы Советы уæнг дæн Республикæ Хъырымы  закъондæттæг хицауиуæгадæй. Хуссарирыстойнаг коллегæтимæ кусгæйæ, æз фæхатыдтæн Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ хъырымæгты проблемæты æмхуызондзинад, сымахау мах дæр æндæр паддзахады сконды уæвгæйæ бирæ зындзинæдтæ бавзæрстам, уымæ нæ кæсгæйæ не ‘хсæн ис иу стыр хицæндзинад, Хъырым у Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын субъект, Республикæ Хуссар Ирыстон та – хæдбар паддзахад».

Уый банысан кодта Хуссар Ирыстон æмæ Хъырымы ‘хсæн æмгуысткæнынады перспективæтæ. Уыимæ иумæ ма фарсхæцынад равдыста Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвал æмæ Республикæ Хъырымы горæттæй искæцыимæ бахæстæг уæвыны инициативæйы тыххæй.

«Раразмæгонд æрцыдысты фæндæттæ Хъырымы денджызбылгæрон горæттæй  искæцыйы равзарын йемæ бахæстæг уæвыны тыххæй. Хъырымы денджызбылгæрон та у стыр æмæ дзы горæттæ дæр ис бирæ – цы равзарай, уый дзы ис», – загъта Сергей Цеков.

Федерацийы Советы комитеты уæнг Елена Бибикова куыд радзырдта, афтæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы  закъондæттæг органты ‘хсæн æмгуысткæнынады фæдыл къамисы рабадты ныхас цыд медицинон фæдзæхсты, пенситæ снысан кæныны, Хуссар Ирыстоны мады капитал райсыны æмæ æндæр актуалон фарстаты фæдыл.

«Социалон фарстатæ цæрджыты фылдæр хаймæ хауынц æмæ сты тынг ахсджиаг. Уыдонæн нæй æвиппайды аскъуыддзаггæнæн, фæлæ мах нæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ æппæт дæр араздзыстæм, кусдзыстæм дарддæр дæр,  цæмæй скъуыддзаг æрцæуой.

Сергей Цеков дæр ныфс бавæрдта, дыууæфарсон куыст æнтыстджын кæй уыдзæн, уый тыххæй. Уый банысан кодта, зæгъгæ, иуæй-иу фарстатæ уæрæсейаг фарс фехъуыста фыццаг хатт, æмæ уый фæстиуæгæн цыбыр рæстæгмæ сæ аскъуыддзаг кæныныл дзурын нырма раджы у.

«Раздæр проблемон уыд кæрæдзийы ахуырады документтæ банымайыны фарст, фæлæ уыцы здæхты арæзт æрцыд къахдзæфтæ. Æрæджы ратификацигонд æрцыд Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн сразыдзинад, кæцымæ гæсгæ ахуырады фæдыл документтæн гæнæн ис натариалонæй сæ сбæлвырд кæнын, æмæ уæд уыдзысты нымад. Фæлæ абон хуссарирыстойнаг фарс дзырдта ног фарстатыл, зæгъæм, уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсыны проблемæйы тыххæй», – загъта Сергей Цеков.

Мадзалы  йæ хъуыдытæ загъта Æддагон политикæйы фæдыл  Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентон комитеты сæрдар  Коцты Игорь дæр.

Райдианы уал уый бузныг загъта йæ уæрæсейаг коллегæтæн, Хуссар Ирыстоны проблемæтæм сæ хъус лæмбынæг кæй дарынц, уый тыххæй.

Уый фæстæ радзырдта, къамисы рабадты ныхас кæй цыд Хъырымы лагерты хуссарирыстойнаг сывæллæтты регулярон улæфты фарстыл дæр.

«Цыппæрæм аз къамисы сæрдарæй кусгæйæ, мæ бон зæгъын у, нырма бакусинаг бирæ кæй ис. Фарстатæ хауынц сæрмагондæй Хуссар Ирыстонмæ, æниу Уæрæсейы дæр ис проблемæтæ. Фæлæ нæ коллегæтæ æдзух тырнынц уынаффæ кæнынмæ æрмæстдæр нæ проблемæты раразмæ кæныныл. Ацы аз Сергей Цеков фæндон бахаста, цæмæй цыбыркъух бинонты сывæллæттæ  æмæ хæдхъахъхъæнынады хæстонты сывæллæттæ æрвылаз дæр улæфой æрмæст  сывæллæтты лагерь «Артекы» нæ, фæлæ Хъырымы æндæр улæфæндæтты дæр», – банысан кодта Коцты Игорь.

Уый ма куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны æмбæстæгты иу хайæн уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсын у проблемон.

«Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй иуæй-иутæн йæ рæстæджы сæ бон нæ бацис уæрæсейаг æмбæстагдзинад райсын æмæ уый абоны онг дæр у проблемон. Ацы фарстыл куыст цæуы, æмæ мæ фæнды, цæмæй Федерацийы Советы нæ коллегæтæ уыцы фарстмæ раздæхой, закъонмæ гæсгæ йæ сбæлвырд кæныны тыххæй», – загъта Коцты Игорь.

Уыцы ныхæсты фæстæ Сергей Цеков банысан кодта, зæгъгæ,  уæрæсейаг æмбæстагдзинад фæхуымæтæгдæр хуызы райсыны проблемæйы фарстмæ æркæсын хъæуы лæмбынæгдæр.

«Мæн нæ фæнды, æмæ  абон мах ныфсытæ бавæрæм, æмæ сæ ма сæххæст кæнæм. Фæлæ мæ фæнды зæгъон уын, лæмбынæг кæй сахуыр кæндзыстæм ацы темæ æмæ бацархайдзыстæм, цæмæй  скъуыддзаг æрцæуа», – загъта Сергей Цеков.

Пресс-конференцийы кæрон уый фехъусын кодта, зæгъгæ, Федерацийы Совет фæнд кæны ацы аз сентябры стажировкæмæ хуссарирыстойнаг коллегæты фæхонын.

«Парламенты аппараты къухдариуæггæнæгæн йæ бон у æрцæуа æмæ бынаты фена, Федерацийы Советы куыст куыд цæуы, уый. Уый тынг пайда уыдзæн дыууæ фарсы куыстæн дæр. Кæнæ та Федерацийы Советы уæнгтæн сæ бон у Хуссар Ирыстонмæ æрцæуой æмæ мастер-къластæ ауадзой сæ коллегæтæн», – банысан кодта Цеков.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.