30 сентябрь у Абхазы Хæдбардзинады æмæ ма Республикæ Абхазы ссæрибар кæныны бон дæр –  абхазаг адæмы сæйрагдæр бæрæгбон. Ацы бæрæгбон алы аз дæр стыр æхсызгонæй банысан кæнынц  республикæйы цæрджытæ. Уый у цæссыгтимæ бæрæгбон æмæ баст у республикæйы сæйраг горæт Сухумы гуырдзыйы æфсæдтæй ссæрибар кæныны бонимæ.

1992-1993 азты гуырдзиаг-абхазаг хæст абхазæгтæ хонынц Фыдыбæстæйон. Дыууын дыууæ азы размæ Абхазы территоримæ бабырстой Гуырдзыстоны регулярон æфсады дæлхæйттæ æмæ гуырдзиаг æнæформалты хотыхджын тугдзых къордтæ.

1993 азы сентябры мæйы Сухумы сæрыл цыдис стыр тохтæ. Сухумы ссæрибар кæнын æмæ æфсæдты дарддæры размæбырст ахаста 11 боны.

Абхазæгты ‘рдыгæй уым хайад истой 12 мин адæймагæй фылдæр, уыдонæй хæстон архайдтыты рæстæджы фæмард 3,5 мин адæймаджы, цæфтæ фесты 5 мины, æбæрæгæй сæфтыты нымæц у 200 адæймаджы. Гуырдзыйæ та фæмард 10 мин адæймаджы бæрц.

30 сентябры æхсарджын æмæ сæрибаруарзаг абхазаг адæм æппынфæстаг фæуæлахиз сты сæ Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл дæргъвæтин æмæ тугкалæн тохы. Ацы бон ссис Абхазы адæмы хъайтардзинад æмæ фидардзинад æвдисæн, сæрибар демократон паддзахад аразынмæ, рухс æмæ аккаг фидæнмæ тырнындзинады æвдисæн.

Уый уыд æфсымæрон абхазаг адæмы ирд уæлахиз, кæцы æппæт дунейæн равдыста, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ фæндонæн басæттæн кæй нæй хотыхтæй, танктæй.

Абхазы сæрибардзинады бæрæгбон банысан кæнынц уæрæхæй. Уагъд цæуынц концерттæ, спортивон мадзæлттæ. Абхазы хъахъхъæнджыты номарыны цытæн мадзæлтты сæвæрынц дидинтæ, веноктæ сæ мæлæн бынæтты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.